Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис сбæлвырд кодта æстæм æрсидты Парламенты фыццаг рабадты бон.
«Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламентмæ депутатты æвзæрстыты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны 5-æм статьяйы 2-аг хаймæ гæсгæ Парламенты æвзæрсты бон нымад цæуы хъæлæс кæныны бон, кæцыйы фæстиуæгæн æвзæрст æрцыд йе сконд.
«РХИ-йы Конституцийы (Сæйраг Закъон) 60-йæм статьямæ гæсгæ, Парламент сæвзарынæй 15 бонмæ мах хъуамæ æрсидæм фыццаг рабадт. Фæндон хæссын рабадт 2024 азы 24 июны ауадзын», – банысан кодта ЦÆК-ы Сæрдар Гæджиты Эмилия.
Къамисы уæнгтæ ацы фæндоныл сразы сты. Парламенты ног æрсидты фыццаг рабадт уагъд æрцæудзæн 2024 азы 24 июны 11:00 сахатыл РХИ-йы Парламенты бæстыхайы.