14 февралы Гæззаты Вадимы номыл Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд банысан кодта йæ сырæзты 30 азы юбилей. Ацы спецкъорды кусджытæ, егъау хайбавæрд бахастой Ирыстоны цæрджыты сабырадмæ, 1992 азæй фæстæмæ æппынæдзух сты се мзæххонты уæлхъус æмæ сæ хизынц фыдбылызтæй.

Къорды территорийыл уагъд æрцыд кадджын мадзал – рæнхъон сконды цытджын церемони. Ардæм ма æрбацыдысты ОМОН-ы ветерантæ дæр æмæ сын къорды командир загъта зæрдиаг арфæйы ныхæстæ.

«ОМОН йæ сырæзтæй фæстæмæ кæддæриддæр уыд йæ адæмы фарсмæ, зындзинæдты сæ хъахъхъæдта æддагон знæгтæй æмæ ма æндæр знагиуæггæнæг элементтæй. Сæ арæхстдзинад æмæ сæ Райгуырæн бæстæйæн иузæрдион лæггады, сæ хæстæ æмбæлон æмвæзадыл æххæст кæныны тыххæй бирæтæ хорзæхджын æрцыдысты паддзахадон æмæ ведомствойон хорзæхтæй, хъыгагæн дзы цалдæрæй уыцы хорзæхтæ райстой сæ амæлæты фæстæ. Уæлдай тынгдæр мæ фæнды зæгъын бузныг нæ ветерантæн, кæцытæ сæ фæлтæрддзинад æмæ сæ зонындзинæдтæ лæвæрдтой кæстæр фæлтæрмæ, бафтыдтой сæ раст фæндагыл, сахуыр сæ кодтой ОМОН-ы традицитыл. Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, удæнцой æмæ æнтыстджын службæ!», – банысан кодта къорды командир.

Рæнхъон ралæуды ма бакастысты арфæйы телтæ æндæр министрадтæй æмæ тыхон структурæтæй. Уый фæстæ схорзæхджын кодтой ерысты уæлахиздзауты алыгъуызон спортты хуызтæй, кæцытæ уагъд фæцæуынц азы дæргъы.

Кадджын церемони фæуыны фæстæ Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад æмæ Къорды кусджытæ веноктæ æмæ дидинджытæ сæвæрдтой ОМОН-ы фæмардуæвæг кус-джыты цыртыты раз Тъбеты хъæуы æмæ ТЭК-ы.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.