29-æм августы зынгæ ирон поэт, прозаик, тæлмацгæнæг Асаты Никъалайы фырт Реуазæн цытджын æгъдауæй байгом кодтой мемориалон фæйнæг, Тæболы фырты уынджы фыссæг цы фондзуæладзыгон корпусы цард, уый къулыл.

Цытджын мадзалмæ æрбацыдысты экс-президенттæ Цыбырты Людвиг æмæ Тыбылты Леонид, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон, фысджытæ Гæбæраты Юри, Наниты Асиат, Годжыцаты Нелли, Туаты Ленæ,  Национ музейы директор Зассеты Мераб, Абайты Васойы хæдзар-музейы æмæ ХИПУ-йы музейы директортæ Остъаты Мадинæ æмæ Хъотайты Ленæ, Адæмон нывгæнæг Багаты Феликс, Культурæйы министрады, горæт Цхинвалы администрацийы æмæ интеллигенцийы æндæр минæвæрттæ.

Зынгæ фыссæгæн – мемориалон фæйнæг

Мадзал байгом кодта Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ. Уый загъта, зæгъгæ, абон ардæм æрбамбырд стæм, цæмæй ацы мемориалон фæйнæгæй сæнусон кæнæм курдиатджын фыссæг Асаты Реуаз Никъалайы фырты ном.

Ныхасы рацыд Хъазиты Мелитон æмæ банысан кодта, зæгъгæ, мæнæ цы хæдзары раз лæууæм, уый, курдиатджын адæмæй цух нæ уыдис. Ам дыккаг уæладзыджы цард æцæг стыр фыссæг Гаглойты Федыр (Гафез), курдиатджын артисткæ æмæ поэт Глауанты Людæ. «Уыцы курдиатджын адæймæгтæй иу та уыдис поэт Асаты Реуаз.  Асайы фырты тыххæй тынг бирæ дзурæн ис, фæлæ фаг у зæгъын æрмæст уый дæр, æмæ Асаты Реуаз кæй уыдис поэт, публицист æмæ адæймаг. Реуаз скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кодта педагогон техникумы. Уый фæстæ уæлдæр ахуырад дæр райста. Фæлæ сæйраг уыдис, фыссын дæр раджы кæй райдыдта, уый. Йе взонджы бонты, ома, 30-æм азты райдыдта фыссын æмæ мыхуыр кæнын  Ирыстоны газетты, журналты. Уайтагъд ыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой, уымæн æмæ стыр дæсны уыд рифмæтæ уайтагъд æрхъуыды кæнынмæ, æгæрыстæмæй-иу зæрыбонты дæр ахæм рифмæтæ æрбаймысыдаид æмæ-иу æм адæм хъусынтыл фесты. Бирæ  йæ уарзтой адæм.

Цхинвалы уыдис хæдтæхæг скъæрджытæ кæм ахуыр кодтой, ахæм скъола æмæ уым дæр ахуыр кодта. Стæй уырдыгæй ацыд Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ. Æцæг æгæр раджы фæцæф ис æмæ йæ рарвыстой фæсчъылдыммæ. Гафез дæр  фæцæф ис 1943 азы æмæ уый дæр рарвыстой. Æмæ дыууæ дæр сæхи снывонд кодтой поэзийæн. Æвæццæгæн, сын хъысмæтæй афтæ фыст уыд, цæмæй сæ радтæг адæмæн сæ курдиатæй фылдæр балæггад кодтаиккой. Реуаз стыр лæггæдтæ бакодта ирон поэзийæн, уæлдайдæр та ирон рифмæ райтынг кæныны хъуыддаджы. Ирыстонæн æцæг лæггад чи бакодта, уыдонæй иу уыдис Асаты Реуаз. Чи зоны цардæй бирæ хорздзинæдтæ нæ федта, кæд стыр бынæтты фæкуыста, уæддæр. Уæлдæр ахуырад куы райста, уæд куыста обкомы инструкторæй, алы æмæ алы азты куыста директорæй дæр, уыдис зонадон разамонæг дæр, стæй та – журнал «Фидиуæджы» редактор, Фысджыты цæдисы Хуссар Ирыстоны хайады – бæрнон нымæрдар. Куыста газеты редакторы хæдивæгæй, фæстагмæ та уыдис газет «Хурзæрин»-ы культурæйы хайады сæргълæууæг. Иумæ куыстам иу рæс-тæджы. Бравæндæй никæй бахъыгдардтаит, адæймаджы нæ фæхъыг кодтаид. Фæлæ цардæй йæхæдæг хъыггонд баййæфта, стыр маст ын уыдис йæ хъæбул Радик трагиконæй кæй фæмард, уый.   Тынг æй асаста уыцы хабар, фæлæ уæддæр йе сфæлдыстадон куыст дарддæр кодта», – загъта Хъазиты Мелитон.

Йæ раныхасы профессор Плиты Гацыр банысан кодта, зæгъгæ, мах нæхицæн куынæ кад кæнæм, уæд, зæгъ, искæйы мах мæт нæй.

«Реуаз æцæг ирон лæг уыдис йæ куыстæй дæр æмæ йæ алы хъуыддагæй дæр. Йæ сæйраг сгуыхтдзинæдтæ уыдысты поэзийы жанры. Стыр бынтæ, 40 чиныгæй фылдæр ныууагъта йæ фæстæ. Уыдоны æмдзæвгæтæ дæр ис, балладæтæ æмæ поэмæтæ дæр. Алыгъуызон у сæ тематикæ. Реуазы сфæлдыстад скъолаты æмæ университеты дæр ахуыр кæнынц. Хъæуы нæ бакусын, цæмæй йæ хъæздыг сфæлдыстад иумæ мыхуыры рацæуа. Æнæрынцой зæрдæйы хицау уыд. Йæ чингуытæй иуы дæр афтæ схуыдта «Æнæрынцой зæрдæ», зæгъгæ. Йæ ном цæрдзæн æнустæм», – загъта Плиты Гацыр æмæ байгом кæнын кодта мемориалон фæйнæг.

Бирæ хъарм ныхæстæ загъта поэты адресыл РХИ-йы фыццаг президент, профессор Цыбырты Людвиг дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Реуаз æмæ йæ хистæр æфсымæр Иван æфсымæрты цард кодтой, æнæ кæрæдзи нæ фæрæзтой. «Педтехникумы дæр иумæ ахуыр кодтой. Аэроклубы дæр иумæ тахтысты. Музыкалон оркестры дæр цагътой иумæ. Хæстмæ дæр сæ иумæ акодтой, фæлæ ме ‘фсымæр Кубаны фæмард. Реуаз тынг фæмæт кодта йæ хæлары амæлæтыл. Йæ фыццаг поэтикон чиныг «Хæстоны сис» мыхуыры рацыд 1947 азы. Балæвар нын æй кодта зæрдæмæхъаргæ арфæтимæ.

1996 азы мæ президентæй куы сæвзæрстой, уæд мыл ныффыста балладæ. Уыцы балладæйæн дæр йе ‘мбис фыст уыдис ме ‘фсымæры тыххæй. Реуазы хуызæн курдиатджын адæм Ирыстоны фылдæр цы уа, ахæм амонд нæ уæт», – банысан кодта уый.

Сæрмагондæй  мадзалмæ Цæгат Ирыстонæй æрцыд Дзæуджыхъæуы 4-æм гимназы ахуыргæнæг Халиты Азæ. Уый тынг æввахс у Реуазы бинонтимæ.

«Хъомыл кæнæм фæсивæд, фæллой кæнын 4-æм гимназы. Уыцы фæсивæд хъуамæ уой размæдзыд, сæ зæрдæтæ хъуамæ уадзой пиллон арт сæ Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинадæй. Уый тыххæй сын æххуыс сты нæ куырыхон фысджыты, уыцы нымæцы Асаты Реуазы уацмыстæ. Иу рæстæджы куыстон газет «Стыр Ныхас»-ы редакторæй æмæ-иу нæ арæх абæрæг кодта. Йæ алы æрбацыд дæр мæ зæрдыл лæууы. Йе сныхас уæздан, хиуылхæцгæ. Асаты Реуаз хæсты куы уыд, уæд иу бон хæстон газеты бакаст Дур-Дуры хъæуккаг Дзотты Лазар цы сгуыхтдзинад равдыста, уый тыххæй. Æмæ йыл ныффыста балладæ «Фæскомцæдисон билет», зæгъгæ. Ис дзы ахæм рæнхъытæ диссаджы рифмæтимæ.

 

Мæ цæстытыл уайыс Дур-Дуры

Мæ бæстаг ирон лæджы фырт

Знагæй нæ уагътай, ды дур-дурыл

Домбайау уыд размæ дæ бырст

Фæтых дæ ды, Дзоты фырт, дзотыл…

 

Алкæйы дæр дисы æфтауынц йæ рифмæтæ. Æрвылаз дæр Дзотты мыггаджы хуыздæр æмæ кадджындæр минæвæрттæ акæнынц сæ рæзгæ фæсивæды Воронежы горæты рæбынмæ, сæ хуыздæр лæппуйæн  йæ туг  кæм ныккалд, уырдæм. Дзотты Лазары номыл бакæсынц Асаты Реуазы фыст æмдзæвгæтæ – «Баллада о комсомольском билете». Ацы цаутæ сты зæрдылдаринаг. Стыр бузныг зæгъын йæ ном ын абон кæй ссардтат, уый тыххæй».

Ныхасы рацыд æмæ æрбамбырдуæвджытæн бузныджы ныхæстæ загъта Реуазы чызг Аллæ. «Ацы мадзал чи сорганизаци кодтой, уыдоны цæрæнбон бирæ уæнт. Махæн тынг æхсызгон у нæ фыды ном нын кæй ссардтат, уый. Тынг рæсугъд ныхæстæ загътат, бæргæ йын æхсызгон уыдаиккой уæ хъарм ныхæстæ, фæлæ… Йæхæдæг дæр уарзта адæмимæ дзурын, æхсызгон хъуыддæгты архайын, рæсугъд ныхæстæ та уын загътаид. Мæ фыдæн чи балæггад кодта, уый махæн балæггад кодта 100 хатты фылдæр. Ацы фæйнæг саразын кодта Остъаты Мадинæ 2016 азы. Уæд хъуамæ æвæрд æрцыдаит, фæлæ цыдæр аххосæгтæм гæсгæ баззад. Æмæ йын стыр бузныг зæгъын. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын Хъотайты Ленæйæн дæр. Тынг баххуыс кодта ацы хъуыддагæн. Бузныг зæгъын ма мæ фæнды Багаты Феликсæн. Плиты Гацыр ма рауадзинаг у чиныг. Ацы корпус хæсты рæстæджы куы басыгъдис, уæд мæ фыдæн йæ архив иууылдæр басыгъдис. Бирæ æрмæг дзы уыдис. Ныр Плиты Гацыр сфæнд кодта мæ фыды æрмæджытæй чиныг рауадзын æмæ хуыцау зæгъæд йæ къухты цы бафта, уый. Бузныг уе ‘ппæтæн дæр», – загъта Асаты Аллæ.

Асаты Реуаз цардæй ахицæн 2007 азы, фæлæ йæ ном цæры æмæ цæрдзæн. Йæхицæн хуыздæр цыртæн ныууагъта йæ хъæздыг сфæлдыстад.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.