Арв цы бæрзæндтыл æнцой кæны, уыдонæй сты Ирыстоны хæхтæ дæр.
Сæ бæрзæндтыл бæлас нæ, кæрдæг дæр нæ зайы, кæд сæм кæцыдæр рæувад сырд сирвæзы, кæнæ дзы искæцы тигъыл тæхгæ маргъ æрбады, æндæр сæм хæстæг ницы цæуы. Куыд дæлæмæ  хæхты  фæрстыл фæзыны кæрдæг, стæй  бæлæстæ, сырдтæ. Зайæгой кæнæ цæрæгойæн, цæрыны фадæттæ кæм фæзыны, уым йæхицæн цæрæнбынат ацагуры адæймаг дæр. Афтæ фæзындысты бæрзонд хæхты хъæбысы хæххон ирон хъæутæ. Уыцы хъæутæм хауы Дзауы районы Згъуыбиры хъæу дæр. Ацы хъæу куыд равзæрд, кæд дзы фæзындис фыццаг цæрæг, уыдæтты тыххæй фыст æрмæг ницы баззадис. Дзыхæй дзыхмæ дзургæйæ дæр уый фæдыл ницы ахсджиаг æрмæджытæ æрхæццæ хъæуы абоны цæрджытæм. Бæлвырд у иу хъуыддаг – ам æнусты дæргъы кæй цардысты адæм, карз æрдзон уавæрты зындзинæдтимæ тох кæнгæйæ, фæлтæр фæлтæры ивгæйæ кæй æрвыстой сæ царды бонтæ. Уымæн ма æвдисæн у, ам цы аргъуан ис, уый дæр. Хъæуы цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ма сæ фыдæлтæй кæй æрыййæфтой, уыдон дæр нæ хъуыды кодтой, кæд æй сарæзтой, уый.

 

ХЪÆУЫ ИВГЪУЫД ЦАРДÆЙ

Згъуыбир дих кæны æртæ хъæуыл: Мидæггаг, Астæуккаг æмæ Дæлаг Згъуыбир. Дæллаг Згъуыбиры ма хуыдтой Цæгаты хъæу кæнæ Бицъоты хъæу дæр (фыссæг Бицъоты Гришы фыдæлтæ дæр ардыгæй алыгъдысты цæрынмæ Цæгат Ирыстонмæ). Бицъоты æддейæ ма ам цардысты Хъуылатæ æмæ Хæныкъатæ. Ацы мыггæгтæй ныртæккæ ам ничиуал цæры, æрмæст ма фæстæдæр ам цæрæн бынатæн равзæрста Саулохты Павлик æмæ йæ ацы иунæг хæдзар хъæугъуыз дардта. Астæуккаг Згъуыбиры цардысты Хæныкъатæ æмæ  Битартæ, Мидæггаг Згъуыбиры та Хæныкъатæ, Саулохтæ, Битартæ æмæ Бы-центæ. Уыдон æдде ма кæддæр ам цардысты Гайтæ, Кучитæ æмæ Хетæгкатæ. Æмæ ма абон дæр сæ цæрæнуæттæ, сæ зæххытæ мысынæн баззадысты сæ номыл. Ныр дæр сæ хонынц ”Гайты хуым”, “Кучиты хуым”, – зæгъгæ.

Йæ æрдзон равæрдмæ гæсгæ Згъуыбир раппæлинаг уавæры нæй, кæд рæсугъд æрдзы хъæбысы, цъæх-цъæхид,  бæрзонд хæхтæн сæ дæлвæдджи æрбынат кодта æмæ дзы Згъуыбиры дон кæмтты йе `нусон зарæг нывæнды, уæддæр. Æнусон хæхтæ æмæ æнусон цæугæдон æнусты дæргъы æвдисæн сты згъуыбирæгты цардæн.

Цы хъæуы хæххон лæджы цæрынæн? Угæрдæнтæ, сæрвæттæ, цæмæй  дара фос. Хуымзæххытæ, цæмæй продуктты бирæ хуызтæй йæхи ифтонг кæна. Æмæ фæндаг. Зæгъгæ уыдон сты, уæд æй фæллой кæнынæй цы бафсаддзæн. Раст уыдонæй та хъуаг æййæфтой цæрæнбонты згъуыбирæгтæ. Зæххы алы гæппæл дæр сæм нымад уыд. Къахæй  дзы æрлæууæн уæд, байтауæн дзы исты уæд, уый йеддæмæ хуымзæххы къулæй нæ фаудтой.

 

ЦАРДИВÆНТЫ

Уæлдæр цы аргъуаны кой скодтам, уымæн йæ нысан уыд, бынæттон цæрджыты æхсæн чырыстон дин парахат кæнын. Уыимæ ма ахъаз кодта ахуырдзинад парахат кæнынæн дæр. Ам куыста сауджын æмæ амыдта кæсын-фыссын, хæххон талынг адæмы æввахс кодта чиныгмæ. Советон хицауады фæуæлахизы фæстæ, æртынæм азты ацы аргъуаны байгом райдиан скъола æмæ Згъуыбиры æртæ хъæуы рæзгæ фæсивæдæн уæд æцæгæйдæр фадат фæцис ахуыры уæрæх фæндагмæ рахизынæн. Фæс-тæдæр ам сырæзт авдазон скъола, фæлæ уый æхгæд æрцыдис 1938 азы. Йæ аххосаг – цæрджытæ кæй къаддæр кодтой. Уыимæ та къаддæр кодтой ахуырдзау фæсивæд дæр. Чи ма дзы баззад, уыдон та уыдысты, Ручъы цы интернат арæзт æрцыдис, уым, æмæ ахуыр кæнынмæ цыдысты Ручъы астæуккаг скъоламæ.

Згъуыбирæгтæ абон дæр сæ зæрдыл дарынц, сæхи æмæ сын сæ кæстæрты ахуыры фæндагыл сæ арæхстдзинад æмæ зонындзинæдтæ чи нæ хæлæг кодтой, уыдоны. Ахæм ахуыргæнджытæ уыдысты Хъуылаты Габрел, Плиты Сергей, Дзадтиаты Раичкæ, Хæныкъаты Хазби, Абайты Оля æмæ бирæ æндæртæ.

Ивгъуыд æнусы 30-æм азтæ уыдысты стыр ивындзинæдты азтæ канд ахуыры хъуыддаджы нæ, фæлæ царды æппæт къабæзты дæр. Фидар цыдысты социалистон цардæвæрды бындуртæ. Æгас Советон Цæдисы дæр райтынг ис колхозон арæзтад æмæ дзы иуварс нæ баззадысты згъуыбирæгтæ дæр. Мидæггаг æмæ Астæуккаг Згъуыбиры сарæзтой иу колхоз. Дæллаг Згъуыбиры та – хицæн колхоз. Сæйраджыдæр кодтой фосдарды куыст, тыдтой картоф æмæ хъæбæрхор. Кæд Згъуыбир йæхæдæг бæрзонд ран ис, уæддæр-иу сæ фосы сæрдыгон хизæнуæттæм скъæрдтой ноджы бæрзонддæр ранмæ. Уымæн æмæ бынаты фаг сæрвæттæ нæ уыдис. Уым, сæрдыгон хизæнуæтты, æхсырæй ахстой цыхт æмæ йæ афтæмæй хъæумæ ластой. Йæ иу хай йын паддзахадмæ лæвæрдтой, иннæ хайы та куыстбонтæм гæсгæ колхозонтыл уæрстой.

Бирæ цæрджытæ уыдис уæд згъуыбиргомы, кусæгдых дзы фаг кодта æмæ кæрæдзийы ныфсæй æппæт зындзинæдтæ дæр састой.

 

СТЫР ФЫДЫБÆСТÆЙОН ХÆСТ ÆМÆ ЗГЪУЫБИРÆГТÆ

Азтæ куыд цыдысты, афтæ кæй, зæгъын æй хъæуы, сæ цард дæр цадæггай хуыздæр кодта æмæ дарддæр дæр хуыздæр кодтаид, хæст, Стыр Фыдыбæстæйон хæст куынæ райдыдтаид, уæд. Æмæ сæ равзаргæ куыстхъом, куыстæхсыст фæсивæд кæрæдзийы фæдыл фæцыдысты немыцаг тыххæйисджыты ныхмæ мæлæтдзаг тохмæ. Уыдонæй 41 лæппуйæн фæстæмæ фæндаг ссарын нал бантыст. Дзукъаты Тъатъейы хæдзарæй кæрæдзийы фæдыл цыппар æфсымæры араст тохы быдырмæ – Герас, Алыксандр, Дзиба æмæ Никъала. Раст сæ, цыма, сæ ныййарджытæ уæззау дуджы ацы хæстæн фæхъомыл кодтой, уыйау сæ иу дæр йæ хæдзарыл нал сæмбæлд. Хæныкъаты Гиго та æртæ фырты афæндараст кодта хæстмæ – Леуан, Серги æмæ Уасилы. Леуан æмæ Серги нал æрыздæхтысты. Нал бахызтысты сæ хæдзæртты къæсæрæй хæсты тугвæндæгтыл фæцæуыны фæстæ Саулохты Пъауле,  Зауырбег æмæ Антъоны дыгай фырттæ. Уæлахизмæ цыдысты 41 згъуыбираг лæппуйы. Уæлахиз æрхастой, фæлæ йæ боныл нал сæмбæлдысты.

Хæстæй чи нал æрыздæхт, уыдоны ном сæнусон кæныныл бирæ бакуыста ацы хъæуккаг Саулохты Хъырым. Канд ацы хъæуæй нæ, фæлæ рукъгомæй, сыбагомæй, Урстуалтæй чи нал æрыздæхт, уыцы зынгхуыст хæстонты нæмттæ сæнусон кæныныл дæр. Астæуккаг Згъуыбиры хьæуы ракæсæны сæвæрдта æртæ обелискы. Сæ иу ис хъæуы дæллаг кæрон уæлмæрды фарсмæ. Уый згъуыбираг æдзард хæстонты номыл арæзт у. Хъæуæн Сыбагомы `рдыгæй фарс æвæрд обелиск та, Сыбагомæй чи нал æрыздæхтысты, уыдонæн æвæрд у. Æмæ Урстуалты, Ерманы `рдæм та йе `ргом здæхт у, уыцы кæмттæй тохы быдыры чи фæмард сты, уыцы хæстонты номарæн обелиск. Ахæм обелиск сæвæрдтой Ручъы хъæуы дæр. Йæ фарсмæ та Ручъы фæндаг саразыны тыххæй Ленинградæй цы инженертæ æрцыдысты æмæ ам трагикон æгъдауæй чи фæмард сты, уыдонæн. Æппæт ацы цыртдзæвæнты Хъырым арæзта йæхи хардзæй.

Ныр Хъырым йæхæдæг дæр æнцойад кæны йæ хъæуы уæлмæрды…

 

ДУГИВÆНТÆ

Фæсхæсты æмæ уый фæстæ азты цард ногæй  размæ цæуын райдыдта. Æмæ згъуыбирæгтæн дæр сæ цард кæй хуыздæр кодта, уый уыдис сæйраджыдæр, сæхи тых, сæхи хъаруйы руаджы. Згъуыбиры колхозæн стыр фæллойадон æнтыстытæ кæй уыдис, уый тыххæй йын дыууæ хатты лæвæрд æпцыдис облæххæсткомы Цæугæ Сырх тырыса. Фæстæдæр, 70-æм азты хъæууон фæллойгæнджытыл алыгъуызон фæлварæнтæ аразын райдыдтой. Кæм колхозтæ баззадысты, кæм колхоз колхозимæ баиу æмæ дзы стыр колхоз рауад, кæм та сæ иу кодтой æмæ сæ совхозтæ арæзтой. Афтæ Згъуыбиры колхоз февзæрдис, Уанелæй мидæмæ хъæуты колхозтæй цы иу совхоз сарæзтой, уый сконды. Совхозты сырæзты тыххæй згъуыбирæгтæм, куыд æндæр хъæуты цæрджытæм, афтæ иугъуызон хъуыды нæ уыдис. Чи йæ хорзыл нымадта, чи та æвзæрыл.

Згъуыбирæгтæ канд хæххон куысты не ‘вдыстой сæ лæджыхъæд, фæлæ дзы бирæтæ царды æндæр æмæ æндæр къабæзты архайгæйæ, сæ хъæубæстæн, сæ комбæстæн æмæ æгас Ирыстонæн дæр кодтой кад. Абон дæр амы цæрæг адæм хорзæн мысынц æфсымæртæ Саулохты Гæбæдз æмæ Леуаны, кæд раджы цардысты, уæддæр. Сæ нæмттæ хорз зындгонд уыдысты адæмон хосгæнæг Хæныкъаты Гис æмæ далафæндырылдзæгъдæг Саулохты Георгийæн.

Ирон чиныгкæсæг хорз зоны фысджытæ Хъуылаты Созырыхъо æмæ Саулохты Мухтары, журналист Хъуылаты Чермен, зынгæ рухстауæг Хæныкъаты Оля, нывгæнæг Саулохты Мурат, Гуырдзыстоны республикæйы сгуыхт артист, балетмейстер Саулохты Мельсы.

 

ТАБУ КОДТОЙ СÆ ДЗУÆРТТÆН

Куыд Ирыстоны алы хæххон хъæуты цæрджытæ, афтæ Згъуыбиры хъæуы цæрджытæ дæр кувæг адæм уыдысты. Нысан кæнынц бæрæгбонтæ. Фæкувынц Реком, Атынæг, Дауджытæ, Цæхæры дзуар, Уæлхъæуы дзуар, Уацилла, Чъырыны дзуар, Рыны бардуаг æмæ æндæртæм.

 

ХЪÆУ АБОН

Сæрибар сты абон згъуыбирæгтæ. Сæ арвы бын сæ хъыгдарæг нал ис. Куыд дæ фæнды, афтæ цæр. Иумæйаг куыстмæ рацу зæгъæг сын нал ис – нал колхоз, нал совхоз. Цæрджытæ сæхæдæг сты хицæуттæ сæ зæххытæн. Цас дæ бон у, уый бæрц кус, цас дæ бон у, уыйбæрц дар фос, кæрд кæм дæ фæнды, уым. Фæлæ ахæм сæрибардзинад нал хъæуы ныр йæ цæрджыты. Абон хъæу сихсыдис йæ бирæ фæсивæдæй, йæ фæллойгæнæг кусæгдыхæй. Æвдайæм азты ма канд Згъуыбиры хъæуы нæ, фæлæ æгас Ручъы хъæусоветы дæр нымадæуыд æрмæстдæр 93 цæрæг хæдзары. Ныр ма Згъуыбиры хъæуы цы цæрджытæ ис, уыдоны дæ къухы æнгуылдзтыл банымайдзынæ. Абон ма дзы чи цæры,  уыдон архайынц сæ къонайы фарн цæстыгагуыйу бахъахъхъæныныл, нæ уадзынц сæ къонайы зынг ахуыссын кæнын. Уыдон сты райгуырæн хъæумæ зæрдæйы тæгтæй баст чи сты, уыцы иугай адæймæгтæ. Æмæ Хуыцау зæгъæд, чи дзы фæлыгъд, уыдон сæ куыд бафæзмой æмæ фæстæмæ сæ хъæумæ фæндаг цы ссарой.

Бестауты Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.