11 майы Мæскуыйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон таможнæйон комитеты сæрдар Цхуырбаты Мурат фембæлд Уæрæсейы Федералон таможнæйон службæйы къухдариуæггæнæг Андрей Бельяниновимæ. Фембæлды рæстæджы ныхас цыд, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ’хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырды таможнæйон органтæм цы хай хауы, уый реализацийы механизмтыл. Æмбæлон уæлæмхас сразыдзинадыл дыууæ фарсты сæ къухтæ æрфыстой 2016 азы 25 апрелы.

Цхуырбаты Мурат куыд фехъусын кодта, афтæмæй фембæлд ацыд хæларадон æмæ конструктивон атмосферæйы. Дыууæ фарсы бадзырдтой Бадзырды уæлæмхас сразыдзинады реализацимæ æрæвналыныл æмæ уыцы нысаны сæраппонд иумиаг кусæгон къорд саразын, кæцы координаци кæндзæн сразыдзинады реализацийы фæдыл мадзæлттæ практиконæй æххæст кæнын æмæ оперативонæй скъуыддзаг кæндзæн сæвзæргæ проблемæты.

Уæрæсейаг партнерты фæндонбахастæй кусæгон къорды рабадтытæ уагъд цæудзысты видеоконференциты форматы дæр.

Дыууæ фарсы ма уынаффæ кодтой Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы таможнæйон органты ’хсæн информацион æмархайды фарстатыл, афтæ ма материалон-техникон сферæйы æмкуысткæнынады фæдыл дæр.

Цхуырбаты Мурат куыд банысан кодта, афтæмæй Президент Тыбылты Леониды политикæйы фæрцы таможнæйон сферæйы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æмахастытæ рахызтысты ног æмвæзадмæ.

«Иумиаг кусæгон къорды форматы махæн нæ бон бауыдзæн, къухтæ цы сразыдзинадыл æрфыстæуыд, уый реализацийы рæстæджы цы фарстатæ сæвзæра, æппæт уыцы фарстатæ цыбыр рæстæгмæ скъуыддзаг кæнын. Дыууæфарсон æмкуысткæнынады рæзтимæ Хуссар Ирыстон йæ ныфсытæ бæтты, куыд материалон-техникон базæйы модернизацийы здæхты, афтæ не ’мкусджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæнынмæ ахасты. Мæ бон у райгондæй зæгъон, æппæт фарстаты дæр Андрей Бельяниновы æрдыгæй мах сæмбæлдыстæм æххæст æмбарынад æмæ фарсхæцынадыл, уый тыххæй дзы æз тынг фæбузныг дæн», — банысан кодта Цхуырбаты Мурат.

Хуссарирыстойнаг таможнæйон ведомствойы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, ивгъуыд азы 18 марты президенттæ Тыбылты Леонид æмæ Владимир Путин сæ къухтæ кæуыл æрфыстой, дыууæ бæстæйы ’хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй уыцы бадзырды уæлæмхас сразыдзинады реализацийæн ацы фембæлд уыд ахсджиаг этап.

«Таможнæйон сферæйы мах уæрæсейаг коллегæтимæ иумæ фæдфæдылонæй реализаци кæнæм уыцы курс, кæцы нысан æрцыд, дыууæ бæстæйы президенттæ сæ къухтæ кæуыл æрфыстой, уыцы Бадзырды. Уый здæхт у Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ’хсæн максималонæй æввахс æмахастытæм æмæ æмкуысткæнынадмæ», — банысан кодта Хуссар Ирыстоны Паддзахадон таможнæйон комитеты сæрдар Цхуырбаты Мурат.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.