Адæймаджы цыфыддæр знæгтæй иу хæст у. Æрмæст йæ кой фехъусгæйæ дæр уæнгтæ баризынц, арф мæты ныххауы, цæстытыл ауайынц, цы бирæ зиæнттæ æрхаста, уыдон. О, хæст æгъатыр у, ноджы æгъатырдæр та сты, чи йæ расидынц, уыдон. 

Августы хæсты азарæй басыгъд мæ уарзон Къостайыхъæу дæр. Фыдгул æм æрбалæбурдта æмæ йыл æрлæууыд йæ тугæйдзаг дзæмбытæй. Сыгъди хъæу, тыхджын рæмудзæн æхстыты фæстиуæгæн йæ амæттаг систы сабыр æмæ бонзонгæ цæрджытæ, цæрæнбонты цæуыл фæфыдæбон кодтой, уыцы цæрæн хæдзæрттæ пиллон арты сыгъдысты. Æрмæст уыцы бонты нывтæ абон дæр цæстытыл куы ауайынц, уæддæр зæрдæ йæхи риуы къултыл бахойы. О, æнусон у уыцы маст æмæ æрхæндæгдзинад хъæуæн. Æмæ куыннæ, хъæу фесæфта йæ уæздан æмæ куыстуарзаг, æнæхин адæймæгты. Ахæмтæй сæ иу уыд Мамиты Тамарæ дæр. Уый дзæвгар азты фæкуыста ахуыргæнæгæй Карелы районы, йæ бирæ зонындзинæдтæ хæлар кодта кæстæртæн, æфтыдта сæ царды раст фæндагыл. Пенсийы ацæуыны фæстæ æрбаздæхт йæ райгуырæн хъæумæ, уыд æм ноджыдæр бирæ фæндтæ, фæлæ йын æваст фескъуыдысты знаджы судзгæ нæмыгæй. Фыдгул йæ тыхтæ кæуыл бавзæрста, уый уыд йæ сыхаг æмæ æрвадæл Мамиты Петр дæр. Рæстагон, куыстуарзаг æмæ хъæлдзæг зæрдæйы хицау уыд. Уыцы бон дæр быдырон куыстæй æрбаздæхт йæ хæдзармæ. Чысыл мæ фæллад суадзон, зæгъгæ, загъта йæхицæн æмæ кæрты бандоныл æрбадт. Фæлæ йæ   фыдгул улæфын нæ бауагъта, уадид ыл судзгæ нæмыджы схъис йæ тых бавзæрста. Афтæ уæйыджы хуызæн лæг ахицæн йæ цардæй.

Йæ ныййарджытæ Томайты Феликс æмæ Хуриты Женийæн сæ ныфсы мæсыг уыд Æхсар. Æгъдауджын æмæ сабыртæ лæппу райгуырæн Ирыстоны хъахъхъæнджыты рæнхъыты слæууыд æмæ йæ хæстæ æххæст кодта горæты. Уыцы бон рараст хъæумæ, йæ зæрдæ æхсайдта йæ ныййарджытæм, фæлæ сæ нал федта – знаджы нæмыг ын фескъуыдта йæ рæзгæ цард. Йæ рухс дуне баталынг ацы хъæуккаг Мæлдзыгаты Джемалæн дæр. Йе взонджы бонтæй фæстæмæ цард Цæгат Ирыстоны, уым нывæзта йæ рæсугъд фæндтæ йæ уарзон бинонтимæ. Куы фехъуыста, знаг йæ райгуырæн хъæумæ æрбабырста, уæд ратагъд кодта йæ хъахъхъæнынмæ. Хъыгагæн, нал ын бантыст æххæст хъæумæ æрбацæуын дæр, афтæ бацарæфтыд фыдгулы нæмыгæй. Куыстуарзаг адæймаг уыд Джиоты Аслан. Цъунары колхозы активон фæскомцæдисон кусæг уыд, æппæт быдырон куыстыты дæр цыд раззагдæрты рæнхъыты. Йе ‘мкъаимæ иумæ хъомыл кодтой сæ иунæг бындар Джонийы æмæ йæ цинæй радысты. Фæлæ куыстдзагъд лæг  Асланыл дæр нæ бацауæрстой гуырдзиаг лæгхортæ. Къостайыхъæуы райгуырд æмæ схъомыл Хуыбиаты Вадик, фæлæ фæстæдæр йæ бинонтимæ æрцард горæтмæ æввахс Ногхъæуы. Æвзыгъд æмæ арæхстджын механизатор йæ фæллойадон æнтыстытæй  цæвиттойнаг уыд æндæртæн. Знаджы судзгæ нæмгуытæ ихуарæгау куы калдысты, уæддæр баззад хъæуы, рахызт æддæмæ æмæ ауыдта сцæйцæугæ гуырдзиаг техникæ æд æфсад. Уæрæсейы æфсад сæ фенхъæлдта æмæ сæм цинæвдылдæй йæ къухтæ тилы. Фæлæ æваст бамыр йæ хъæлæс. Бинонтæн, хъæубæстæн уарзон сылгоймаг уыд Джиоты Настъи. Æдзухдæр мидбылхудт хъазыд йæ рæсугъд цæсгомыл, æрдз æй фæхайджын кодта узæлгæ æмæ рæвдыд дзыхыныхасæй дæр æмæ уыдон хайджын кодта æндæрты дæр. Стæй куыд куыстуарзаг æмæ фæллойыл хæст адæймаг уыд, фæлæ йын уыцы æвæрццаг миниуджытæ знаг кæронмæ сæххæст кæнын нал бауагъта.

Гуырдзиаг лæгмарты къухтæй фæцæфтæ сты ацы хъæуæй Хуыбиаты Георги, Къудухты Шамил æмæ йе мкъай Мамиты Зарæ, зæронд лæг Мæлдзыгаты Майор, фæцæф Мамиты Виткъæ, уæззау цæфты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудтой Гоцъиты Эльдар æмæ Лохты Алим, фыдгулы къухтæм бахаудтой æфсымæртæ Мамиты Сослан æмæ Гри, Джиоты Вадик, Сабанты Гурам, Мамиты Къоте, Мæлдзыгаты Юри, сæ амондæн, фæстагмæ сæрæгасæй сæмбæлдысты сæ хæдзæрттыл.

Гуырдзиаг хотыхджынтæ цæрæн хæдзæрттыл дæр сæ тых бавзæрстой æмæ лæууыдысты æрдæгпырхытæй, уыцы нымæцы Хаситы Матъронæйы, Мамиты Æхсар, Гæджиты Суликъо, Бигъуылаты Славик, Магкоты Шалва, Джусойты Ахмæт, Бигъуылаты Мурик, Лохты Вова, Бекъойты Ефим, Тегкаты Лева, Мамиты Дуду, Бигъуылаты Ефим, Нателæ, Джиоты Аслан, Лохты Джамбулат, Вилен, Джиоты Аллæ, Мурат, Хуыбиаты Альберт, Мамиты Валикъо, Петр, Тыджыты Гия, Джусойты Мурат, Тегкаты Олег, Мамиты-Арсенидзе Этери, Тедеты Владимиры хæдзæрттæ, афтæ ма астæуккаг скъола, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвæг хæстонты номыл цырт  Хъæууон администраци æмæ æндæр бæстыхæйттæ. Уыдон иууылдæр ногæй сæндидзыдтой Стыр Уæрæсейы æххуыс æмæ аудындзинады фæрцы.

                 ХУЫБИАТЫ Никъала 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.