Президент Бибылты Анатоли хайад райста цытджын химæрайсты, кæцыйы сорганизаци кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны  Уæрæсейы Федерацийы минæварад Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон адæмы Уæлахизыл 76 азы  сæххæсты бæрæгбоны цытæн.

Уæлахизы бæрæгбоны цытæн уазджытæн раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов.

«Хæст иу бинонты фæрсты дæр нæ ахызт. Хуссар Ирыстонæй фронтмæ ацыд 22000 адæймагæй фылдæр. Салдаттæ, афицертæ æмæ фæсчъылдымы фæллойгæнджыты руаджы мах астæусаст фæкодтам фашизмы æмæ фæуæлахиз стæм. Æмæ нын уыцы стыр æнтыст нæ къухæй ничи байсдзæн. Нæ уаз хæс у макæй рох кæнын, æмæ афтæ бакæнын, цæмæй ро-хуаты мачи баззайа. Уæлахизы хорзæх уæ уæнт, хæлæрттæ!» – загъта уый.

Дарддæр ныхасы бар лæвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны сæргълæууæгæн.

«Уæлахизы бон у хъайтардзинады, патриотизм æмæ Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады символ. Æнæдызæрдыгæй, уый у цæссыгтимæ бæрæгбон, фæлæ уыцы иурæстæджы махæй алчи дæр сæрыстыр у ветерантæй æмæ хъуамæ æппæт дæр аразæм, цæмæй нæ фыдæлты хъайтардзинад ма фæхудинаг кæнæм», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый зæрдыл æрлæууын кодта, Хуссар Ирыстонæй хæстмæ чи ацыд æмæ тохы быдырæй чи нал æрыздæхт, уыдоны, чысылнымæц ирон адæмæн уый стыр трагеди кæй у, уый банысан кæнгæйæ.

«Мах тынг хорз зонæм, 1943 азы къух кæй æрфыстæуыд декретыл, кæцымæ гæсгæ ирæтты нал кодтой хæстмæ, уымæн æмæ уыцы рæстæджы скуынæджы къæсæрыл лæуд уыдысты. Фæлæ уый фæстæ дæр бирæ æвзонг адæймæгтæ бархионæй цыдысты фронтмæ. Уый уыд знаджы ныхмæ тохмæ Советон Цæдисы адæмы иумиаг патриотон растад.

Мах, Хуссар Ирыстоны адæм, сæрыстыр стæм нæ хъайтартæй – Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæй, сæрыстыр стæм, нæ фыдтæ æмæ нæ дадатæ фашизмыл фæуæлахизы хъуыддаджы  активон хайад кæй райстой, уымæй. Уе ‘ппæтæн дæр арфæ кæнын Стыр Уæлахизы бæрæгбоны цытæн!» – загъта Президент Бибылты Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.