Хуссарирыстойнаг спортсмен Дзæгъиаты Сослан уæгъдибар хъæбысхæстæй бронзæйон призер ссис, 24 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты. Тренер Коцты Тамерланы хъомылгæнинагæн ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд 97 кг уæзы категорийы архайгæйæ. Квалификацийы Сослан 5:0 хыгъдæй рамбылдта Кцойты Алиханы. Дарддæр фæуæлахиз иннæ хуссарирыстойнаг спортсмен Дзеранты Эрикыл – 2:0. Финалы 1/4 хайы Дзæгъиайы фырт 7:2 хыгъдæй тыхджындæр уыд Мæскуыйы областы минæвар Осман Османовæй. Æрдæгфиналы йын уæззау тох уыд Ирыстоны ноджы иу минæвар Таугазты Ирбегимæ. Ам хыгъд фæцис 1:1, фæлæ фæстаг балл Ирбег кæй систа, уымæ гæсгæ нымад æрцыд уæлахиздзауыл. Фæстæдæр Дзæгъиаты Сослан æртыккаг бынат бацахсыны тохы фæуæлахиз иннæ ирон богал Плиты Аланыл – 6:0.

Ерысты Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæй фыццаг бынæттæ бацахстой Багаты Арслан (86 кг) æмæ Джиоты Георги (125 кг), кæцы иу балл дæр никæмæн радта. Дыккаг бынат бацахста Таугазты Ирбег (97 кг), æртыккæгтæ та систы Хъотайты Тимур (92 кг) æмæ Козырты Сергей (97 кг).

 

ФУТБОЛ

Футболæй Уæрæсейы Фыццаг дивизионы 6-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» уазæгуаты хъазыд чемпионаты лидер Тулайы «Арсенал»-имæ. Фембæлд фæцис æмдыхæй – 0:0. Уый фæрцы «Алани» æрæмбырд кодта 8 очкойы æмæ турнирон таблицæйы цæуы 10-æм бынатыл.

Ирыстоны сæйраг футболон командæ радон хъазт акæндзæн 24-æм августы Ярославлы «Шинник»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.