Ирон богал Уалыты Чермен ссис Парижы Олимпион хъæзтыты бронзæйон призер. Чермен хæцыд Албанийы тырысайы бын 74 кг уæзы категорийы. Уый нырма фыццаг тохы 4:3 хыгъдæй фæуæлахиз Азербайджаны минæвар Байрамовыл. Дарддæр финалы 1/4 хайы Чермен фембæлд Узбекистаны спортивон кад хъахъхъæнæг Разамбек Жамаловимæ. Ацы тох ирон богал акодта тынг хорз. Рамбылдта 5:5 хыгъдæй, ирон спортуарзджытæ цин дæр кодтой, фæлæ æнæнхъæлæджы тæрхонгæнджытæ ноджы иу балл балæвар кодтой Жамаловæн, ома, зæгъ Чермен тохæй йæхи хызта. Фæлæ хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ тæрхонгæнджытæ иу ахæм балл Жамаловæн балæвар кодтой, фембæлды кæронмæ ма 5 секунды куыд хъуыд, афтæ. Фæстæдæр Жамалов ахызт финалмæ æмæ уыцы хъуыддаг Черменæн фадат ратта бронзæйы майданы тыххæй стох кæнынæн æмæ дзы хорз спайда кодта.

Нырма æмгъуыдæй раздæр фæуæлахиз хъæзтыты фавориттæй сæ иу, 2020 азы Олимпион хъæзтыты æвзист призер Магомедхабиб Кадимагомедовыл. Чермен æй рамбылдта æмгъуыдæй раздæр – 12:2. Дарддæр бронзæйон майдан рамбулыны фембæлды рамбылдта иннæ уæрæсейаг спортсмен Виктор Рассадины, кæцы хæцыд Таджикистаны тырысайы бын.

Бронзæ майдан рамбулынæн хорз фадат уыд Цæболты Хетæгæн (74 кг) дæр. Фæлæ уый фембылд америкæйаг хъæбысæйхæцæг Кайл Дейкæн.

Бокс

Хуссарирыстойнаг боксер Гæбæраты Алим æвзист майдан рамбылдта 13-14-аздзыд боксерты ‘хсæн Европæйы чемпионаты. Ерыстæ уагъд цыдысты Босни æмæ Герцеговинайы. Тренер Коцты Вадимы хъомылгæнинагæн ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд 90 кг уæзы категорийы.

Ирон спортсментæй ерысты 40 кг уæзы категорийы уæлахиздзау та ссис Цебойты Аврам.

Мини-футбол

Физкультуроны боны цытæн Дзауы поселочы уагъд æрцыдысты ерыстæ мини-футболæй. Кæд-иу раздæр уым хайад райстой районы командæтæ æмæ уæрæсейаг æфсæддонтæ, уæд ныр ивд æрцыд турниры уагæвæрд æмæ дзы хайад райстой республикæйы алы районы æмбырдгонд командæтæ. Уыцы хъуыддаг ноджы фæцымыдисондæр кодта ерысты.

«Бадзырдтам районты администрациты спорты хайадты сæргълæуджытимæ, цæмæй æркæной сæ районы æмбырдгонд командæты. Æмæ уый фæрцы фæбæрзонддæр хайадисджыты æмвæзад æмæ ерысты цымыдисондзинад дæр», – банысан кодта Дзауы районы администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Джиоты Алик.

Турниры финалы фембæлдысты Цхинвал æмæ Знауыры районты командæтæ. Хъазт рауад цымыдисон. Фембæлды фыццаг хай дыууæ командæ дæр сæйраджыдæр хъуыды кодтой сæ кулдуæрттæ бахъахъхъæныныл, уымæ гæсгæ спортуарзджытæ бирæ бакъуырд пуртитæ нæ федтой. Фæлæ хъазты дыккаг æмбисы командæтæ активондæрæй цыдысты атакæйы. Ацы хъуыддаджы æнтыстджындæр разындысты Цхинвалы районы футболисттæ æмæ сын бантыст турниры уæлахиздзаутæ суæвын.

Турниры æртыккаг бынат та бацахста Дзауы районы командæ.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты кубоктæ æмæ Кады грамотæтæй. Бæрæг ма æрцыдысты ерысты хуыздæр хъазджытæ дæр. Кулдуаргæс – Быценты Сæрмæт (Цхинвалы район), хъахъхъæнæг – Гæджиты Ацæмæз (Цхинвалы район), æрдæгхъахъхъæнæг – Уалыты Сослан (Знауыры район), размæбырсæг – Джиоты Сослан (Дзауы район), хуыздæр хъазæг – Годжыцаты Артур (Цхинвалы район).

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.