Кæронмæ бахæццæ Албанийы столицæ Тиранийы 24 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй дунейы чемпионат. Ерысты Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæ рамбылдтой æртæ бронзæ майданы. 86 кг уæзы категорийы æртыккаг ссис Уæрæсейы командæйы сконды архайæг Багаты Арслан. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ финалы 1/4 хайы уый тыхджындæр кæй разынд Азербайджаны спортивон кад хъахъхъæнæг Джиоты Арсенийæ. 97 кг уæзы категорийы та пьедесталы æртыккаг къæпхæнмæ схызт Козырты Сергей.

Ноджы ма иу бронзæ майдан ирон богалтæй рамбылдта Хосонты Азæмæт. Æвзонг спортсмен хæцыд 125 кг. уæзы категорийы. Уый та архайдта Грецийы æмбырдгонд командæйы сконды.

ДЗЮДО

Иугонд Арабаг Эмириатты столицæ Абу-Дабийы уагъд æрцыд дзюдойæ турнир «Большой шлем», зæгъгæ. Турниры дыууæ сыгъзæрин майданы рамбылдтой ирон спортсментæ. +100 кг уæзы категорийы аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд дунейы чемпион Тасойты Иналæн. Уый финалы фæуæлахиз Германы минæвар Эрик Абрамовы.

Ноджы ма иу сыгъзæрин майданы хицау та ссис Таймæзты Мадинæ. Ирон чызг финалы рамбылдта Швецийы спортсменкæ Ида Эрикссоны.

«Тынг асхджиаг мын уыд финалы рамбулын. 2024 азы Олимпион хъæзтытæм мæ хъæуы квалификацийы тыххæй фылдæр очкотæ æрæмбырд кæнын. Рагæй нал хæцыдтæн, рагæй нал рамбылдтон æмæ та ныр банкъардтон уæлахизы ад», – загъта Таймæзты Мадинæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ацы турниры хайад кæй райстой дунейы 80 бæстæйæ фылдæрæй 475 спортсмены.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.