Дыккаг дунеон хӕстӕй фӕстӕмӕ Уӕрӕсе ӕмӕ АИШ-ӕн хъарм ахастытӕ никуы уыд. Бирӕтӕ фӕзӕгъынц, ома 90-ӕм азты бангом стӕм, кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй нал кастыстӕм. Фӕлӕ фӕстӕдӕр рабӕрӕг, америкаг политиктӕ 90-ӕм азты дӕр Уӕрӕсемӕ кӕй кастысты пайдайы цӕстӕй, ӕппынӕдзух кӕй архайдтой мидӕггагон хӕст расидыныл паддзахад ныппырх кӕныны нысанӕн. Кӕд ӕмӕ абоны бон бынтон ӕвзӕр сты дыууӕ бӕстӕйы ахастытӕ – лидертӕн фембӕлдтытӕ нал вӕййы, министрадтӕ ӕмгуыстады фӕдыл ницӕуыл дзурынц, уӕддӕр ис сусӕг каналтӕ, кӕцытӕ ахъаз сты бирӕ хъӕугӕ мадзӕлттӕ саразынӕн. Зӕгъӕм, мӕнӕ ныр цы бирӕнымӕц ахӕстӕттӕ баивтой, уый.

 

Кӕй кӕуыл баивтой?

Ахӕстты нымӕц ӕдӕппӕт у 26, уыдоны ‘хсӕн дыууӕ ӕнӕххӕст кары сывӕллоны. Се ‘хсӕн ис шпионтӕ, журналисттӕ, политологтӕ, бизнесментӕ, оппозиционертӕ ӕмӕ ма хицауады бӕрнон кусджытӕ. 10 адӕймаджы ӕрыздӕхтысты Уӕрӕсемӕ ӕмӕ 16 та ацыдысты ныгуылӕн бӕстӕтӕм. Бадтысты авд ахӕстоны – Уӕрӕсейы, Белорусы, Словенийы, АИШ-ы, Германы, Польшӕйы ӕмӕ Норвегийы. Ныгуылӕны номӕй бадзырдтыты хайад истой ӕрмӕстдӕр АИШ-ы спецслужбӕты минӕвӕрттӕ, – иннӕтӕн ныхасы бар чи дӕтты.

Владимир Путин сӕрмагондӕй ацыд аэропортмӕ ссӕрибаргонд ӕмбӕстӕгтыл фембӕлынмӕ. Йемӕ ма уыдысты ФСБ-йы директор Александр Бортников, СВР-йы сӕргълӕууӕг Сергей Нарышкин ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министр Андрей Белоусов. Ахæсттæ сты Вадим Красиков, Роман Селезнев, Артем и Анна Дульцевтæ сӕ сывӕллӕттимӕ, Павел Рубцов, Михаил Микушин, Вадим Конощенко, Владислав Клюшин. Хӕдтӕхӕгӕй рахизгӕйӕ сыл кадджын уавӕры сӕмбӕлдысты Президентон полчъы ӕфсӕддонтӕ, айтыгътой сын сырх гауыз.

«Ӕгас цӕут уӕ Фыдыбӕстӕмӕ! Арфӕуын кӕнын, уӕ бакӕнгӕ куыстӕй цы егъау хайбавӕрд бахастат уӕ райгуырӕн бӕстӕйы хъомысадмӕ, уый тыххӕй. Сымах цӕсгомджынӕй сӕххӕст кодтат уӕ хӕс, уӕ райгуырӕн бӕстӕйӕн ӕнувыдӕй лӕггад кӕнут. Мах уӕ иу уысм дӕр нӕ рох кодтам. Мӕ фӕнды ис, цӕмӕй хорзӕхджын ӕрцӕуат паддзахадон хорзӕхтӕй», – загъта Путин.

АИШ ӕмӕ Германмӕ та ацыдысты Эван Гершкович, Пол Уилан, Владимир Кара-Мурза, Алсу Курмашева, Илья Яшин, Кевин Лик, Демури Воронин, Лилия Чанышева, Вадим Останин, Ксения Фадеева, Александр Скочиленко, Андрей Пивоваров, Олег Ор-лов, Рико Кригер, Герман Мойджес. Ацы гоймӕгтӕн сӕ фылдӕр сты уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгтӕ, фӕлӕ разындысты уӕйгӕнджытӕ.

Ахӕм баивд экспертты хъуыдымӕ гӕсгӕ пайда уыд дыууӕ фарсӕн дӕр. Уӕрӕсе ныгуылӕнӕн-иу фылдӕр ахӕстӕттӕ радта ӕмӕ ныр кæмæдæртæм афтæ кæсы, фӕсайдтой та нæ, зæгъгæ. Фӕлӕ ам банысан кӕнын хъӕуы уый, ӕмӕ Уӕрӕсемӕ цы 8 адӕймаджы ӕрыздӕхтысты, уыдон кӕй уыдысты сӕ Фыдыбӕстӕйӕн аккаг ӕмбӕстӕгтӕ, ӕнувыд лӕггадгӕнджытӕ. Ныгуылӕнмӕ кӕй арвыстой, уыцы æмбæстæгты хайы та схонӕн ис уӕйгӕнджытӕ. Уымӕ гӕсгӕ, нымӕцмӕ кӕсын нæ хъӕуы, фӕлӕ «гъӕдмӕ».

 

Цӕй тыххӕй сӕ ӕрцахстой?

Вадим Красиков – 2021 азы йын стӕрхон кодтой цӕрӕнбонтӕм ахӕстоны фӕбадын. Аххосджын ӕй кӕнынц Гуырдзыстоны ӕмбӕстаг Зелимхан Хангошвилийы амарыны, кӕцы хайад иста гуырдзиаг-ирон хӕстон архайдтыты, уыд Мӕскуыйы метройы теракт саразыны организатор, ны-майынц ӕй фашистыл. Йӕ террористон архайд райдыдта 2000 азты Цӕцӕны. 2004 азы хайад райста террористон акты – цӕцӕйнаг лӕгмартӕ ныббырстой Назранмӕ æмæ амардтой тыхон структурӕты минӕвӕртты. Слестгӕнджытӕ сбӕлвырд кодтой 98 уӕрӕсейаг ӕмбӕстаджы амарыны факт. 2019 азы Берлины Красиков æртæ хатты Хангошвилийы фехста дамбацайӕ æмæ тугдзых сырды дзыхъмард фæцис.

Артем ӕмӕ Анна Дульцевты ӕрцахстой Словенийы. Фӕаххосджын сӕ кодтой шпионажы ӕмӕ сӕ ахӕстонмӕ арвыстой, кӕд ӕмӕ сын ӕнахъом сывӕллӕттӕ уыд, уӕддӕр. Сæ сабитæ сын радтой словакаг бинонтæм хъомыл кæнынмæ.

Роман Селезневы ӕрцахстой Мальдиваты 2014 азы америкӕйаг спецслужбӕтӕ. Фӕаххосджын ӕй кодтой шпионажы ӕмӕ кибератакӕты. Ома, АИШ-ӕн разиан кодта 170 милуан доллары бӕрц. Рахастой йын тӕрхон 27 азы ахӕстоны фӕбадын.

Павел Рубцов ӕмӕ Вадим Конощенокы ӕрцахстой америкӕйаг технологиты ӕмӕ хӕстӕрмӕджы контрабандӕйы фӕдыл.

Владислав Клюшин – бизнесмен, фӕаххосджын ӕй кодтой кибератакӕты ӕмӕ фӕлывд миты.

Михаил Микушин – ӕрцахстой йӕ Норвегийы ӕмӕ йӕ фӕаххосджын кодтой шпионажы.

Иудзырдæй, Уæрæсемæ æрыздæхтысты хъæбатыр патриоттæ æмæ компьютерон генитæ.

Ныгуылӕнӕн кӕй радтой, уыдонӕн сӕ фылдӕр хай сты Фыдыбӕстӕйыл гадзрахатӕй цӕуджытӕ. Ӕниу, уыдонæн фыдыбӕстӕ нæй, раджы йæ баивтой зæлланггæнæг æхцайыл… Иннæтæ сты америкæйаг æмæ гермайнаг æмбæстæгтæ:

Эван Гершкович – америкӕйаг шпион. Уӕрӕсемӕ ӕрбацыд журналисты ӕфсон ӕмӕ йӕ 2023 азы Екатеринбургы ӕрцахстой. Стӕрхон ын кодтой 16 азы ахӕстоны фӕбадын.

Пол Уилан – америкӕйаг шпион. Ӕрцахстой йӕ 2018 азы Мӕскуыйы ӕмӕ йын стӕрхон кодтой 16 азы ахӕстоны фӕбадын.

Рико Кригер – Германы ӕмбӕстаг. Ӕрцахстой йӕ террористон архайды фӕстиуӕгӕн ӕмӕ йын рахастой мӕлӕты тӕрхон.

Хуымæтæг ранымады аккаг дæр не сты Уæрæсейы уæйгæнджытæ, фæлæ сæ уæддæр ранымайдзыстæм: Владимир Кара-Мурза, Лилия Чернышова, Ксения Фадеева, Вадим Останин, Александра Скочиленко, Илья Яшин, Олег Орлов, Алсу Курмашева.

Герман Мойджесæн ис уӕрӕсейаг ӕмӕ немыцаг ӕмбӕстагдзинадтæ æмæ ма Де-мури Воронин, Иван Сафронов, Кевин Лик.

Америкӕйы паддзахадон департамент куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй ацы баивды хъуыддаг Уӕрӕсе ӕмӕ АИШ-ы ӕмахастытыл хорзӕрдӕм нӕ бандавдзӕн. Ныры онг дӕр кӕддӕрты ивтой ахӕстты, фӕлӕ-иу иугай эпизодтӕ уыдысты. Зӕгъӕм, 2022 азы уӕрӕсейаг летчик Константин Ярошенкойы баивтой америкӕйаг ӕмбӕстаг Тревор Ридыл. Уыцы аз ма баивтой Виктор Буты америкӕйаг баскетболисткӕ Бриттни Грайнерыл.

Ис афтӕ хъуыдыгӕнджытӕ, ома америкӕйӕгтӕн ахӕм къахдзӕф æххуыс кæны сæ нырыккон администрацитæн президентон ӕвзӕрстыты æвзарджыты зӕрдӕтӕ балхӕнынæн. Трамп та не сразы ис ацы баивдыл, зӕгъгӕ, АИШ-ӕн ницы пайда уыд, ома сӕ фылдӕр сты уӕрӕсейаг уӕйгӕнджытӕ ӕмӕ мах кӕм бахъуыдысты. Ӕмӕ раст хъуыды кӕны. Уыцы 16 адӕймагӕй ӕрмӕстдӕр цыппарӕй уыдысты ӕцӕг АИШ-ы ӕмбӕстӕгтӕ, иннӕты кой кӕнгӕ дӕр ничи ракодта. Уӕрӕсемӕ та ӕрыздӕхтысты йӕ зæрдиаг фырттæ æмæ чызджытæ. Уæдæ дыууæ суинаг сабийы сæ ныййарджытимæ кæй баиу сты, уый йæхæдæг кæуылты хорз хъуыддаг у!

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.