Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид Кады грамотæтæй схорзæхджын кодта Хуссар Ирыстоны дзулфыцæн куыстуаты къорд кусæджы.

«Уæ намысджын коллектив сæхи равдыстой иттæг хорз куыд хæсты дуджы, афтæ уый размæ дæр æмæ фæсхæст дæр, – загъта Президент. – Æз ма йæ хъуыды кæнын, 2008 азы уæззау бонты комбинат куыд куыста, адæм нæ баййæфтой дзулæй хъуагдзинад, æмæ уый уыди тынг æхсызгон хъуыддаг.

Фæнды мæ раарфæ кæнон сымахæн æмæ уæ къухдариуæггæнæгæн уе ‘вæллайгæ куысты æмæ не ‘ппæт адæммæ цы хъарм ахаст равдыстат, уый тыххæй»

Хуссар Ирыстоны дзулфыцæн куыстуатæн ма лæвæрд æрцыд Кады орден дæр.

«Уыцы хорзæхы аккаг у уæ куыстуат, æмæ уе ‘ппæт коллектив дæр», – банысан кодта Президент.

Куыстуаты директор Цхуырбаты Вадим дæр ын йæ рады загъта бузныджы ныхæстæ уыцы стыр хорзæхы тыххæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый хаст æрцæудзæн алы кусæджы фæллойадон чиныгмæ дæр йе ‘ппæт  бартимæ.

«Уый у уæлдæр паддзахадон хорзæх, æмæ махæн тынг æхсызгон у, мах уый аккаг кæй баистæм, – банысан кодта Цхуырбайы фырт. – Фæнды мæ дæуæн зæгъын, стыр аргъ дын кæй кæнæм, нæ бузныджы ныхæстæ æмæ хорз фæн-диæгтæ не ‘ппæт коллективы номæй».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.