Афтæ рауад, æмæ ацы рæнхъыты авторæн фыццаг хатт фæци Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл драмон театры репертуарæй фæд-фæдыл цалдæр спектаклмæ бакæсыны фадат. Уымæ гæсгæ йæ бон фидарæй зæгъын у – коллектив æххæссы алы дугзамантыл. Уырыссаг классикæйы уацмыстæй райдай æмæ нырыккон ирон национ ахорæнтæй фæу – сценæйыл иууылдæр æвдыст цæуынц афтæ, æмæ æрцæуæн ис бæлвырд хатдзæгмæ: ТЕАТР АГУРЫ АДÆЙМАДЖЫ. Ахæм Адæймаджы, йæ æмдугонты фæлгонц-символ чи суа, йе ‘вæрццаг æмæ æппæрццаг миниуджытæ, цардмæ цæстæнгас ын чи равдиса. Иугæр афтæ у, уæд уыцы адæймаг хъуамæ уа нæ алкæй хуызæн дæр. Æрмæст нæ алчидæр алыхуызон куыд у бакаст, зонд, æнкъарæнтæй, ахастытæй, уыдæттæ хынцгæйæ.

Куыд ис уыцы иурæстæг иугъæдон æмæ алыхуызон уæвæн? Тынг æнцон æмæ… тынг зынæй! Режиссертæ æмæ актертæй уый тыххæй домдæуы… Цы? Арæхстдзинад, ахуыр, фæлтæрддзинад, æндæр ахæм æмбарынадтæ алчидæр ранымайдзæн, æмæ раст уыдзæн. Фæлæ уыдæттæ æппæт дæсныйадты миниуджытæ дæр сты. Театрæн йæхи фæндаг, йæхи бæрзæндтæ æмæ тырнæнтæ ис, æмæ уый æнкъаргæйæ та, цы «адæймаг агур» цæуы, уый дæр хъуамæ зæххон, фæлæ æнкъарæнты базыртыл тæхæг уа.

Рагон бердзенаг философ Диоген бонæй цырагъы рухсмæ кæй нæ уыдта, уыцы адæймаг, мыййаг, нæ – хъуыдыгæнæг æндæр мидис æвæрдта йæ фæлтæрæнты, йæ алыварс дзыллæйæ, кæй йæ не ‘мбарынц, уый тыххæй разы нæ уыд, æмæ уымæ гæсгæ. Махмæ театрдзаутæ сæ культурæ æмæ аивады галуаны архайджыты уарзынц, æмбарынц, сæ ныхасæн сын аргъ кæнынц. Ныфс нæ ис, кæй сæм  æрыхъусдзысты, семæ бацин æмæ асагъæс кæнынмæ кæй нæ базивæг кæндзысты, уымæй…

Театры ацы аз уыд къорд премьерæйы. Ирыстоны культурæйæн уæзгæ фæзынд схонæн ис Александр Пушкины трагедимæ гæсгæ æвæрд «Борис Годунов». Дунеон литературæйы цырагъдар-фыссæджы юбилеймæ сценæйыл айзæлыд йæ куырыхон ныхас ирон æвзагыл. Историйы Борис Годунов баззад æнахуыр фæлгонцæй. Иуæй йæ æвдыстæуы, паддзахады сæргъы æрлæууынмæ чи нæ тырныдта, ахæм удгоймагæй, иннæмæй – къæлæтджыны æрбадыны монцæн йæ размæйы паддзах Иван Грозныйы фырт Димитрийы чи амарын кодта, уыцы æгъатыр фыдгæнæгæй. Æцæгæй куыд уыд, уый ныридæгæн нал сбæрæг уыдзæн, стæй абон сæйрагдæр æндæр фæзилæн у. Спектаклы мидисы æвæрæг режиссер Дзуццаты Тамерлан йе ‘мхъуыдыгæнæг актертимæ равдыста, адæймаг алы рæстæг дæр æмхиц кæмæ у, ахæм фæзындтытæ. Уыимæ иумæйаг ныв афтæ фæлыст цæуы, æмæ сæйраг хъайтары «цин» сæхимæ радыгай райсынц архайджытæй бирæтæ. Райдайæны уал къниæзтæ Шуйский (Бибылты Сослан) æмæ Воротынский (Харебаты Жан-Жак) дзурынц паддзахады иумæйаг уавæрыл, æмæ уымæй æнкъарæм, хъуамæ цавæрдæр цæхгæр ивддзи-нæдтæ кæй æрцæуа.

Уæдмæ фæзыны мидхъуырдухæнты ахасты бахауæг Борис Годунов (Гаглойты Артур). Цæттæ у йæхимæ бæрнондзинад райсынмæ, фæлæ ма у, цы даутæ йыл кæнынц, уыдоны уæзæй тасæг, бирæ цыдæртæ дызæрдыггаг кæмæн сты, ахæм æнамонд адæймаг дæр (хицауы бынат æмæ хъæздыгдзинæдтæ амонды нысан кæй нæ вæййынц, уымæн æвдисæн). Мæнг Димитри (Уалыты Георги) куы фæзынд, уæд дæр, паддзахы фырт мард нæу, ууыл баууæндæгау кæны, æмæ уымæй фæлгонцы миддунейы трагеди ноджы фæирддæр вæййы.

Дзыллæйы фæлгонц æвдыстæуы æнахуыр Николкæйы (Къозонты Давид) хуызы. Ацы хъайтар йæ фырсыгъдæгзæрдæйæ зæгъы паддзахæн, адæм цы хъуыды кæнынц, уый, символы хуызы бацæуы паддзахад змæнтæг сау тыхтимæ тохы. Уый архайд свæййы, йæ райгуырæн бæстæмæ бирæ фыдæвзарæнтæ кæй æнхъæлмæ кæсы, уымæн æвдисæн.

Уырыссаг классикæйы иннæ налхъуыт-налмас – Николай Гоголы «Ревизор». Æвæрæг режиссер Роман Габриа йæ архайджыты театрдзаутæм фæхæстæгдæр кодта æнæнхъæлæджы хуызы – ис сын сценæйыл бадын æмæ уавæртæ афтæмæй æнкъарыны фадат. Бибылты Сослан, Бестауты Мирослав, Гæджиты Ингæ, Елбачиты Рамаз, Куымæридтаты Батрадз æмæ иннæ актертæ сфæлыстой рагон, фæлæ нырыккон фæлгонцтæ. Дыууæ æнусы чысыл хъуаг раздæр цы хъайтартæ цардысты, уыдон тыхсынц, сæ интернет цауд куыст кæй кæны, уымæй, æндæр, ныртæккæ хорз зындгонд чи у, ахæм лыстæг хабæрттæй. Фæлæ адæймаджы сæйраг хъæндзинæдтæ нæ аивтой, æмæ уымæй комедийы мидис рахизы æнкъард хъуыдытæм дæр. Гæртам исын, хорз бынатмæ æрмæст хи пайдайы охыл бахауыны тыххæй бырсын, искæй зындзинад мацæмæ дарын ныр дæр ницы фесты! Кæм сты зæххыл аккаг фæд ныууадзыны, хорздзинад кæныныл ма ауæрдыны тырнæнтæ? Ууыл хъуыдытæм нæ здахы сценæйыл архайд, уымæй сиды æхсæнадмæ йæхиуыл æрхудынмæ…

Уыцы хъуыдытæ бавæрдæуы Нартыхты Григолы пьесæмæ гæсгæ æвæрд комеди «Файнустытæ»-йы дæр. Æрмæст национ ахорæнтæй фæлыстæй разынынц хуымæтæг адæмы ‘хсæн ахастытæ. Дыууæ файнусты бафидауынæн ницы хос ис, æмæ уымæй дæлдзиныг кæнынц сæ мойты дæр. Ам конфликт гиперболæмæ рахизы, æмæ та худæджы хосы хъуыддæгтæ актертæ Хаситы Эммæ, Хуыгаты Альбинæ, Хуыгаты Дзамболат, Хаситы Сосланы фæрцы зонды фæрæзтæм рахизынц…

Адæймаджы миддуне кæронмæ иртæст нæу æмæ никæд уыдзæн. Уымæн æвдисæн – Ирон театры иннæ спектакль «Саухъус æлдар». Æвæрæг режиссер Челæхсаты Эдуард, Гаглойты Владимиры роман «Нæ фехъуыстон ма зæгъ»-ы («Пробуждение») бындурыл фыст пьесæйы ссардта йæхи бацæуæн. Спектакль сценæйыл уый размæ дæр æвæрд уыд, фæлæ ацы хатт сæйраг æргом здæхтæуы бинонты ‘хсæн ахастытæм. Къниаз Елойты Дзанхоты (Гаглойты Артур), кæд æмæ йæхи хъарутæй схæдзар, размæ рацыд, уæддæр уæздæттæ сæхиуыл нæ нымайынц, «саухъусæй», ома, кусæг хæрæгæй йæ тонынц. Фæлæ уыцы хъуыддаг æппындæр ницы давы адæймагæй баззайыны хорзæхæн. Йæхæдæг схъомыл кодта йæ чызг Роксанæйы (Мæргъиты Ингæ), æмæ йæ фæнды, йæ амонд цæмæй йæхæдæг равзара. Иннæ хъайтар – къниазы фырт Уахтанг (Туаты Алан) – æрмæст кæм ахæрон-ануазоны зондыл лæуд быдзæу. Уарзондзинад сæ алчидæр йæхирдыгонау æмбары. Фыдæлты дарæсты фæлысты та «æмбæхсынц» абоны дуджы удгоймæгтæ, абоны риссæгтæ æвдисæг авналæнтæ. Нал аргъ кæнæм кæрæдзийæн, нозтмæ æмхиц фестæм, уарзон ахастыты аккаг уæлмонц æнкъарæнтæ нын нал фæфаг кæны…

Æппæт уыдæттæ хæссы нæ размæ Ирон театр. Æмæ ма тыхсы нæ мадæлон ирон æвзаджы уавæрыл дæр. Цæмæн ыл уæлæхох кæнæм, уынгты нæм зæрдæйы фæндиаг цæуылнæуал хъуысы? Ууыл дæр у нæ бон ахъуыды кæнын, сценæйыл архайдмæ кæсгæйæ…

ТЪЕХТЫ Тамерлан

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.