Керчы горæты политехникон колледжы æрцæугæ æнамонд цау базмæлын кодта æппæт дунейы адæмты зæрдæтæ дæр. Æвзонг лæппу Владислав Росляков, развæлгъау йæхи бацæттæгæнгæйæ, колледжы массон æгъдауæй æхста ахуырдзауты, ахуыргæнджыты æмæ уый фæстæ та бомбæтæ рæмыгъта, кæй æййæфта, уыдоныл. Уый фæстæ йæхи фехста колледжы библиотекæйы. Фæмард 21 адæймаджы, 50- йæ фылдæр та фесты цæфтæ.

Керчы æрцæугæ трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ арынæн Уæрæсейы бирæ горæтты уагъд цæуынц фыдохы мадзæлттæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан æмæ Президенты администрацийы æндæр кусджытæ дæр трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ арынæн, се ‘ввахс хиуæттæн мæсæллæй кæнынæн дидинджытæ сæвæрдтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæварады бæстыхайы раз.

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов бузныг загъта бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли æмæ æппæт ирон адæмæн, уæззау рæстæджы се ‘рхъуыды æмæ хъусдарды тыххæй.

«Трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ арынмæ цæуынц горæты астæуккаг скъолаты коллективтæ æмæ ахуыргæнинæгтæ, паддзахадон университет, газетты редакцитæ, Ветеранты советы уæнгтæ æмæ æндæр коллективтæ, кæцытæ хъыг кæнынц æрцæугæ æнамонд цауы фæдыл. Хуссар Ирыстоны адæм абон ацы уæззау хъуыддагæй сæхимæ хай кæй айстой, уый тыххæй сын стыр бузныг»,- загъта минæвар.

Нæ уацх.  

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.