Номдзыд актрисæ, æхсæнадон архайæг, бæрзонд æмбæстагон позицийы поэт Галуанты Людмилæ банысан кодта йæ 80 азы юбилей.

Сгуыхт артисткæйы уазæгуарзон хæдзары дуæрттæ гом уыдысты фæсахсæвæртæм дæр. Людмилæ Графы чызгæн арфæ ракæнынмæ æрбацыдысты канд йæ хæлæрттæ нæ, фæлæ йæ алыварсон курдиатæн бирæнымæц табугæнджытæ æмæ республикæйы политикон архайджытæ.

Адæмы уарзон актрисæйæн раарфæ кодта Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти. Уый Галуанты Людмилæйæн стыр райгондæй  загъта бузныджы ныхæстæ бирæ азты дæргъы йе сфæлдыстадон куысты æмæ сценæйыл йе ‘нувыд архайды тыххæй.

«Ды канд курдиатджын адæймаг æмæ актфрисæ нæ дæ. Ды дæ нæ республикæйы исбон, – банысан кодта Хъуылымбегты Доменти юбиляримæ ныхас кæнгæйæ. – Дæ бирæвæрсыг курдиат æххæстæй разынд драматургийы, поэзийы, фыдыбæстæйон аивады историмæ бафтыдтай бирæ ахадгæ фæрстæ. Дæ алы роль дæр æмæ адæмы раз дæ алы раныхас дæр бахъары адæмы зæрдæтæм, дæ зæрдæйы æргомдзинад æмæ арфдзинадæй стыр фæд баззайы уыдоны зæрдæты…».

Хъуылымбегты Доменти загъта ахæм ныфс, Галуанты Людмилæ дарддæр дæр сценæмæкæсæг æмæ чиныгкæсæджы зæрдæтæн циндзинад кæй хæсдзæн йæ ног сфæлдыстадон æнтыстытæй, æмæ йын загъта фидар æнæниз-дзинады фæндиæгтæ. Афтæ ма йын балæвар кодта фыссæнты æмбырдгонд ретро-стилы.

«Ацы чысыл зæрдылдарæн лæвар баст у дæ архайды хуызтæй иу – фыссæджы куыстимæ, – загъта уый. – Уадз æмæ ацы сис дарддæр дæр дæу разæнгард кæнæд сфæлдыстадон куыстмæ… Æнхъæлмæ дын кæсдзыстæм дæ ног рольтæ æмæ чингуытæм!…»

РХИ-йы Хицауады

официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.