Ӕрвыл аз дӕр 8 августы нӕ ӕдзард хъайтарты мысынæн Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад азилынц ӕмӕ цы бынӕтты фӕмард сты, уым сӕвӕрынц веноктӕ ӕмӕ дидинджытӕ. Гуырдзыстоны агрессивон архайдтыты фӕстиуӕгӕн нӕ республикӕйы территорийыл нæ хъæбатыр хъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ сабыр цӕрджытӕй чи фæмард, уыдон ном ӕнусон кӕныны тыххӕй сырӕзт бирӕ мысӕн бынӕттӕ.

Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад Президент Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй, бӕстӕйы раздӕры къухдариуӕггӕнæг Тыбылты Леонид, Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы Федерацийы Ӕххӕстбарджын минӕвар Марат Кулахметов, Парламенты депутаттӕ, тыхон структурӕты минӕвӕрттӕ, республикӕйы уазджытӕ ӕмӕ ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ.

Дидинджытӕ ӕмӕ веноктӕ ӕвӕрд ӕрцыд 2008 азы знаджы фыццаг уæззау цæф сæхимæ чи райстой, уыцы уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхты казармæйы раз.

Дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой Галуанты Олегы цырты раз дæр. Ирыстоны хъайтар фæмард йæ хæстон хæс æххæстгæнгæйæ.

Азтæ азты ивынц, фæлæ махæй рох не сты, уыцы уæззау бонты нæм æххуысмæ цы уæрæсейаг ирвæзынгæнæг ӕфсӕддонтӕ фæзындысты, æмæ, хъыгагæн, Хуссар Ирыстонмæ фæндаг мæлæтмæ фæндаг кæмæн ссис, уыдоны нæмттæ. Уыдонæй сæ иу – уæрæсейаг афицер, хъайтар Денис Ветчинов. Уымæн нæ горæты Шанхайы микрорайонмæ фӕндаггæрон æвæрд æрцыд цырт. Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Гаглойты Алан ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Ӕххӕстбарджын минӕвар Марат Кулахметов ӕмӕ мадзалы иннӕ хайадисджытӕ дидинджытӕ сӕвӕрдтой хъайтары цырты раз. 2008 азы августы хæстон архайдтыты рæстæджы уый, гуырдзиаг агрессортæн аккаг ныхкъуырд дæттгæйæ, хъæбатырæй фæмард знаджы нæмыгæй.

Нæ республикæйы къухдариуæгад, афтæ ма сӕ хӕстон æмбæлттæ веноктæ æмæ дидинджытæ сæвæрдтой, Тъбеты хъæуы августы хæстон архайдтыты рæстæджы Гуырдзыстоны агрессорты къухæй Мидхъуыддæгты министрады милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къордæй чи фæмард, уыцы лæппуты иумиаг цырты раз. Уыдон – Къӕбысты Алан, Дзӕххойты Валери, Мӕлдзыгаты Сослан, Плиты Тамаз, Санахъоты Алан ӕмӕ Быценты Гайоз хъӕбатырӕй фӕмард сты ӕнӕмсӕр тохы.

2008 азы августы уæззау бонты нæ горæты бирæ сабыр цæрæг æмбæстæгтæ Зары фæндагыл лыгъдысты знаджы нæмыгæй, фæлæ бирæтæ æвыдæй нæ аирвæзтысты. Уыдон номыл Тъбеты хъæуы цы «Сыгъд удты музей» арæзт æрцыд, уый экспонаттæ систы, гуырдзиаг бронетехникæйæ пырх æмæ сыгъд цы хæдтулгæтæ æрцыдысты, уыдон.

Ацы музейы «Хъынцъымгæнæг бæлас»-ы раз дӕр ӕвӕрд ӕрцыд мысынӕн дидинджытӕ.

Ирыстоны истори бирæ хъайтарты нæмттæ ныффыста йæ сыфтыл сыгъзӕрин дамгъӕтӕй. Уыцы æнæмæлгæ хъайтарты ‘хсæн сты Хъахъхъӕнынады министрады службӕгӕнджытӕ Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæт. Уыдоны иумиаг цыртыл дæр нæ горæты Харебаты Исахъы уынгыл республикæйы къухдариуæгад ӕмӕ сӕ хӕлӕрттӕ сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ. Ацы дыууӕ хъайтар лӕппуйы сӕ къордимӕ ӕрурӕдтой горӕтмӕ ӕрбахизӕны гуырдзиаг хотыхджын колоннæ, æвдыстой æхсардзинад æмæ хъæбатырдзинад.

Мадзалы хайадисджытæ ма дидинджытæ сæвæрдтой, 8 августы чи фæмард сты, уыдоны – Цыбырты Вилен, Тадтаты Виктор æмæ Гæззаты Владиславы иумиаг цырты раз. Уыдон хæстон архайдтыты рæстæджы хъæбатырæй фæмард сты гуырдзиаг æфсæддонтæм амынæты чи уыд, уыдон ирвæзынгæнгæйæ 12-æм астæуккаг скъолайы цур.

Террористон актты амӕттӕгты ассоциаци «Беслӕны Мӕдтӕ»-йы минӕвӕрттӕ дӕр хайад райстой фыдохы мадзӕлтты. Номарынӕн дидинджытӕ сӕвӕрдтой «Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты» мемориалы æмæ милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къордæй цы лæппутæ фæмард, уыдоны иумиаг цырты раз.

Уыцы бон ма Ирыстоны чырыстон аргъуанты уагъд æрцыд Хуыцаумæ бакуывдтытæ сæрæгæсты цардамонд æмæ фæмардуæвджыты удæнцойады тыххæй.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.