ЦÆР   ДЫУУÆ   ЦАРДÆЙ

«Фыццаджыдæр мæхæдæг, стæй та – æндæртæ», – ахæм у сæ царды уаг, сæ царды фæтк бирæтæн. Семæ разы чи не сты, уыдон æнæмæнг ахъуыды кæндзысты, эгоисттæ кæй сты. Æмæ, æцæгæйдæр, не ‘хсæн бирæ цæры ахæмтæ, кæцытæ æрмæстдæр сæхи удтыл фæхъуыды кæнынц, цæрынц æрмæстдæр сæ удты хорзæн. Ахæмтæ ма зæгъын бафæразынц, зæгъгæ, æз куынæуал уон, уæд зæххыл кæрдæг дæр мауал æрзайæд æмæ æдзух фæтырнынц, иу адæймаджы фарсмæ дæр нæ балæугæйæ сын цæмæй алчидæр æххуыс кæна. Уый та нæ царды æмбæлон нæу, иуæрдæм куы барай, уæд иннæрдæм дæр хъуамæ абарай. Дæ къух  искæмæ исты райсынæнхъæл куы бадаргъ кæнай, уæд кæддæр та уыцы къухы искæмæн исты радтыны тыххæй хъуамæ бадаргъ кæнай. Фæцæрынц ахæмтæ иунæг сæхи цардæй, адæмы хъæр не мбаргæйæ æмæ сæ рæгъы нæ цæугæйæ.

Нæ дуне ахæмтыл не ‘нцой кæны. Ис не ‘хсæн ахæмтæ, кæцытæ сæхиуыл дæр хъуыды кæнынц æмæ æндæртыл дæр, фыццаджыдæр та бинонтыл, æввахс хиуæттыл. Чи къаддæрбæрцæй, чи та – фылдæрбæрцæй. Ныхасæй æмæ хъуыддагæй дæр æндæрты фарсмæ чи балæууынц, уыдон бинонты, хиуæтты æмæ адæмы ‘хсæн дæр нымаддæр сты æмæ хорзæй цы тауынц, уый сæм фæстæмæ ноджы фылдæрæй раздæхы.  Æгæрыстæмæй ис ахæмтæ дæр, сæ цард хъысмæтæй æфхæрд, фæкæсинаг адæймæгтæн чи снывонд кæны, æрвылбон сыл чи ауды. Разынынц не ‘хсæн ахæмтæ дæр, кæцытæн сæ уды хъарм æххæссы æгас адæмыл дæр æмæ сæ амонды сæрыл цæттæ вæййынц æппæт хъизæмæрттæ æвзарынмæ, бахъуыды рæстæджы сæ сæртæ нывондæн æрхæссынц сæ сæрыл.

Уыдон дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, тыхсынц сæ удтыл, сæхицæн царды амæлттæ кæнынц, разыны дзы æнтыстджынтæ дæр. Фæразой цæрын, æви нæ – уыдон сты нæ царды фидыц, нæ ныфс, кæй фендæй байрайы адæймаджы зæрдæ, ахæмтæ. Ахæмтæн ис дыууæ царды – иу сæхицæн, иннæ та æндæртæн æмæ сæ æнтысгæйæ иу кæнынц.

 

ТЫХ ИС – ХАРДЗ ÆЙ КÆН

Цæмæн нæ  хъæуы нæ  тых? Цæмæй йæ хардз кæнæм. Фæлæ йæ æдзух хардз кæнæм, уый нын æрдзæй лæвæрд нæу. Бирæ кусгæйæ, фæвæййы, раихсыйы æмæ дарддæр нæ бон кусын нал вæййы – бафæллайæм æмæ организм фæдомы æрулæфын. Кæм уæргъулæфт куысты уæлхъус, кæм та фылдæр рæстæг куысты фæстæ. Бон куы фæвæййы, уæд та бацагурæм нæ сынтæг æмæ райсоммæ, фынæй кæнгæйæ, æнцад-æнцойæ фæулæфæм – нæ ног боныл сæмбæлæм ног тыхтимæ.

Диссаг у организмы сконд. Буары мидæг цыдæриддæр ис – иууылдæр æдзух змæлынц, кусынц, архайынц. Цæмæй змæлæм кусæм, архайæм нæхæдæг дæр. Фæлæ организмæй хъауджыдæр махæн нæ бон æдзух кусын нæу, уымæн æмæ махæн нæ куыстытæ организмæй хъауджыдæр алыгъуызæттæ сты. Ис, бирæ тых чи домынц, ахæм куыстытæ, ис бадгæ куыст кæм кæнынц, уæдæ æрмæст зондгуыст чи кæнынц, ахæмтæ дæр бирæ куыннæ сты.

Уыцы куыстытæ организмыл æндæр æмæ æндæр-гъуызон æндавынц. Бадгæ куысты рæстæджы мах къуындæг кæнæм нæ уæнгты змæлд, организмы тынг чи хъæуы, уыцы змæлд. Æмæ зæрдæ йæ куыст æрсабырдæр кæны, тугдадзинты йæ цыд æрсындæгдæр кæны, афтæ иннæ органтæ дæр. Адæймаг фынæйæ тынгдæр цæмæн уазал кæны? Уымæн æмæ не змæлы æмæ организм дæр мидæгæй йе змæлд æрсабыр кæны. Æмæ æнæзмæлгæ куыст, æнæзмæлгæ цард кæнгæйæ, организм сабыр, лæмæгъ кæны. Ахæм куыстытæ бынтон сарæх сты фæстаг рæстæджыты æмæ лæмæгъ оргнизм-мæ та низтæ  æмхиц вæййынц. Афтæмæй алыгъуызон низтæ парахат кæнынц не ‘хсæн.

Æндæр хъуыддаг у, тых хардз кæнын кæм хъæуы, ахæм куыстытæ кæнын. Цас тагъддæр æмæ уæззаудæр куыст кæнæм, уыйас организм æппæтæй дæр тагъддæр æмæ тынгдæр райдайы змæлын мидæгæй. Цæвиттон, лидзæг адæймаг тагъд змæлы æмæ йæ куыст фæтагъддæр кæны зæрдæ, туг тагъддæр змæлын райдайы уæнгты, тагъддæр уæлдæф райдайæм улæфын, цæмæй организм фылдæр туаггуыр иса. Афтæ иннæ органтæ дæр. Æмæ уый та нысан кæны бирæ тых хардз кæнын. Фæлæ ахæм уавæры уыдонæн сæ бон бирæ кусын нæ вæййы æмæ бафæллайынц, фæдомынц нæ æрулæфын.

Организмæн куыд æгæр сабыр куыст кæнын, афтæ уæлдай куыст кæнын дæр не ‘мбæлы. Ис ын æмбæлон ритм æмæ йæ адæймаг йе ‘мбарынадæй хъуамæ æнкъара. Æгæр кусгæйæ тагъддæр ихсыйы æмæ зæронддæр кæны, уыимæ ма гæнæн ис йæ кæцыдæр орган ахæм уæз ма сфæраза, фæрисса æмæ æнцондæрæй йæхимæ райса цавæрдæр низ, уыимæ ма æвзæрæрдæм бандава иннæты куыстыл дæр. Уымæн фæзæгъынц, фыргуыст фыдрын у, зæгъгæ.

Уæдæ бынтон æнæкусгæйæ дæр кæм ис фæцæрæн. Уый та, æвæццæгæн, цæйау акæнынц, лæдзæгæн йæ иннæ кæрон у. Не змæлын, ницы архайын удæгас уæвæгойтæй æрдзон никæмæн у. Уымæн райгуырдыстæм, цæмæй цæрæм æмæ цæмæй цæрæм, уый тыххæй та хъуамæ змæлгæ, кусгæ, архайгæ  кæнæм. Уый нæ домы, æдзух йæхæдæг змæлды чи ис, уыцы организм. Уымæн нын дæтты тых, цæмæй йæ хардз кæнæм. Уый у æдзухкусæг машинæйы хуызæн – зæгъгæ иуран лæугæйæ кусы, уæд йæ тых йæхимид судзы æмæ хæлгæ цы кæны, уымæй дарддæр ницы пайда хæссы. Адæймаг дæр, зæгъгæ, йæ тыхæй ницы пайда кæны, уæд уыцы тых организмы халгæ кæны, йæ куыст ын æндзыг кæны.

Тых ис – хардз кæнын æй хъæуы. Куыд хардз кæнгæйæ у, уый та æмбæлы зонын.

 

НÆ   СÆЙРАГ   ДАРИНАГ

Дзырд «дарын»-æй цалдæр хуызы пайда кæнæм, æндæр æмæ йын æндæр нысаниуæгтæ ис. Зæгъæм, мæ фæндаг дарын хæдзармæ, мæ зæрдæ дарын дæуыл, мæ хъус дарын кæмæдæр… Фæлæ йæ сæйраг нысаниуæг уæддæр æндæр у – дæхи кæнæ æндæр искæмæн цæрыны уавæртæ аразын.

Адæймагæн царды тынг зын у, йæхи, ома, йæ буары, йæ организмы дарынхъом куынæ вæййы, уæд. Æмæ дæхи дарынхъом куынæ уай, уæд æндæры куыд хъуамæ фæдарай? Даринæгтæ та, æнæмæнгдæр, разыны. Уыдон сты æнахъом сывæллæттæ, сæ бон кусын кæмæн нал вæййы, уыцы ныййарджытæ. Хъыгагæн, разынынц уатон рынчынтæ дæр æмæ сæм хъæуы зилын, хъæуы сæ дарын. Æмæ цæмæй дæхи, стæй æндæры, æндæрты дарынхъом уай, уый тыххæй хъуамæ кæсай дæхимæ æмæ уай куыстхъом. Зæгъгæ, уый æфты къухты – ифтонг уыдзынæ царды, уыдзынæ искæмæн лæггадхъом.

Уый хорз, фæлæ ма нын ис ноджы иу даринаг, нæ царды сæйраг даринаг, кæцыйы хатт кæнæ фылдæр хатт айрох кæнæм. Уый та у нæ уд, æнæ кæцыйæ нæдæр хи дарыныл дзурæн ис, нæдæр – искæйы. Йæ дарын æхцайы фæрæзтæ, физикон тыхтæ хардз кæнын нæ домы, афтæмæй та фылдæр хатт нæ фæцарæхсæм ууыл аудынмæ, ууыл афоныл батыхсынмæ æмæ йын нæхæдæг разиан кæнæм, бафхæрæм æй. Нæ фыдæлтæ раджы бафиппайдтой йæ дарыны ахсджиагдзинад æмæ нæм æрхæццæ æмбисонды хуызы, дæ уд фæрнæй фæдар, зæгъгæ. Куыннæ уыд зæгъæн, хорзæй кæнæ йæ дзæбæхæй фæдар, фæлæ равзæрстой не взаджы иууыл табуйагдæр, уаздæр ныхас «фарн» æмæ йæ дзурæм уыимæ. Ацы дыууæ ныхасы куы баиу кæнæм, уæд та сæ рауайы диссаджы æндæр ныхас, «удварн», зæгъгæ, ома, адæймаг, наци, æгас адæм цы бæрзонд идеалтæм, миниуджытæм тырнынц, уыдонæй хайджын уд.

Мах адæймагæн, сæйраджыдæр аргъ кæнæм йæ удыхъæдмæ, йæ удыскондмæ гæсгæ, куыстыл ифтыгъд цасфæнды ма уа, уæддæр. Хорз адæймаджы ном ыл, фыццаджыдæр сбады йæ уды хорз миниуджыты руаджы, уыдон æм куы уой, уæд царды дæр размæ тырндзæн æмæ йын йæ уды ноджы бæрзонддæр сисдзæн.

Уд цахæм у, уый рабæрæг вæййы алкæмæн йæ хъуыддæгты, йæ архайды, йæ уагахасты, йæ ныхасы гъæды, æндæр адæймагмæ йæ ахасты… Æмæ цæмæй рæсугъд уа, уый та бирæ цæмæйдæрты кæнгæ у, фыццаджыдæр, бинонтæ æмæ скъолайы райсгæ хъомыладæй, паддзахад ын йæ æппæтварсон рæзтæн цахæм уавæртæ аразы,  цы дуджы цæры…

Мах, астæуккаг æмæ хистæр фæлтæр, хорз хъуыды кæнæм, ивгъуыд æнусы нæуæдзæм азты цы фыддуг, цы фыдæвзарæнтыл рацыдыстæм, уыдæттæ. Бирæтæн уыцы дуг сæ удтæм бавнæлдта æмæ сын сæ бавдæрзта, сдæрзæг сын сæ  кодта, царды раст фæндагæй сæ фæиппæрд кодта.

Уыцы уæззау дуг, уыимæ советон хицауады ныпырх, æнæдызæрдыгæй, æнæбандавгæ нæ фесты нæ удты дарыны уавæртæ æмæ фадæттыл. Советон дуджы чи рацардысты, уыдон хъуыды кæнынц, сабийы бонтæй райдайгæйæ, адæймаг æдзух кæй архайдта коллективы хсæн – ахуыры, бирæ кусджытæ кæм куыстой, ахæм куыстуæтты… Стæй сыл хорзæрдæм æндæвтой октябронты, ногдзауты, фæскомцæдисон, партион, профцæдисон организацитæ. Фадат сын уыдис лагерты, алыгъуызон улæфæндæтты улæфынæн, æхцондзинад кæм истой, рæсугъд хъуыдытыл сæ чи æфтыдтой, ахæм кинотæм, концерттæм, спектаклтæм цæуынæн. Фæллойадон коллективты архайдтой æмбаладон тæрхондæттæ æмæ алчидæр йæхи хызта мæгуырау ракæндæй, цæмæй йæ йе мбæлтты, йæ коллективы раз дзуапп дæттын ма хъуыдаид. Уæдæ нозтмæ æмхиц чи уыдысты, уыдон дæр сæхи куыннæ хызтой æхсæнадон бынæтты ахæм хуызы фæзынынæй – милицийы кусæджы цæст иу нозтджын адæймагыл куы схæцыд, уæд-иу æй бакодтой медицинон æрвонггæнæндонмæ æмæ-иу уыдысты медицинон кусджыты хъусдарды бын. Уырдæм бахауын та худинаг уыд.

Æппæт уыдæттæ ахъаз кодтой уды рæсугъддзинад хъахъхъæнынæн, йæ фарн ын бæрзонддæр кæнынæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæд дæр алцы нывыл нæ уыдис, фæлæ кæд уыдис æмæ ис нывыл паддзахад дунейы?

О, нæ удтыл æхсæнад, паддзахад æндавы, фæлæ нын цахæм æмвæзадыл уыдзæн, уый уæддæр, сæйраджыдæр нæхицæй кæнгæ уыдзæн. Иутæ сæ удварны рæзтыл æдзух кусынц, æндæртæ къаддæр рæстæг рахицæн кæнынц уымæн, уæдæ куыннæ ис ахæмтæ дæр, кæцытæ йын ницы нысаниуæг дæттынц.

Бирæ фæрæзтæ ис удварн бæрзонддæр, рæсугъддæр кæнынæн. Уыдон сты уарзон куыстыл ифтонг уæвын, æнæниз цардуаг аразын,  кадджын, номдзыд адæймæгтæй цæвиттон исын, бæрзондидейон спектаклтæм, концерттæм кæсын, музейтæм, нæ алфæмблай æрдзы хъæбысмæ экскурситы цæуын, æцæг аивадон лиературæ кæсын æмæ бирæ æндæр ахæмтæ.

Æппæт уыдæттæ ахазгæнæг сты  куыд æнæниз удæн, афтæ æнæниз буарæн дæр æмæ йæ удыл чи ауды, уый, æнæмæнг, ауддзæнис йе нæниздзинадыл дæр.

Æнæниздзинадæн та алкæйы царды дæр цы нысаниуæг ис, уый алчидæр æмбары. Ууыл дзурæг у кæрæдзийæн нæ иууыл хуыздæр арфæ, хуыцауæй, сæйраджыдæр цы курæм, уый, æнæниз, æнæмаст у, зæгъгæ, уый. Алчидæр нæ уый æмбары, фæлæ, хъыгагæн, алчи нæ ауды йе нæниздзинадыл дæр. Цæмæндæр бирæтæ афтæ фæхъуыды кæнынц се взонджы бонты, зæгъгæ, абон æнæниз дæн, уæд сом дæр, афæдзы фæстæ дæр æмæ цæрæнбонты дæр æнæниз уыдзынæн. Кæмдæр рынчындонмæ йæ хион, уадз, æцæгæлон дæр уæт, бахаудис – цыма уый уымæ ничердыгæй хауы. Йæхæдæг бахауа уырдæм, уымæн, зæгъгæ, гæнæн нæй. Æмæ йæм æмбæлон хъусдард не здахынц, нæ йыл аудынц, уый нæ, фæлæ ма йыл фыдаудæн дæр фæкæнынц. Æмæ иу кæнæ иннæ низæн фадат радтынц сæ организммæ йæ баивæрзын кæнынæн. Куы баивæрзы, уæд та бахъæуы рынчындоны сæр, дохтырты æххуыс, кæцытæн дæр сæ бон не свæййы бирæ низты ныхмæ фæлæууын. Уæд æрæджиауы фæсмон æрцæуы, фæлæ байрæджы вæййы.

Бирæ ис уымæн цæвиттонтæ æрхæссæн. Цæвиттон, нæ дуг ахæм у æмæ бирæ нал змæлæм, нæ буар, нæ организм та нæ домынц, цæмæй змæлæм. Ахæм у нæ æрдзысконд. Æмæ æрмæст махæн, адæймæгтæн, нæ – акæсут ма нæ алыварс удæгас дунемæ – иууылдæр сты змæлды, кæд улæфын зонынц, æнцойад арынц, уæддæр. Æмæ махæй дæр æдзух змæлын чи домы? Мах дæр улæфæм, фæлæ улæфт æмæ змæлдæн дæр сæхи бæрцтæ ис æмæ сæ мах нал хъахъхъæнæм, улæфт, æнæзмæлгæ цард хуыздæрæн æвзарæм. Æмæ ма уый дæр, гъа, фæлæ бирæтæн, уæлдайдæр та æрыгон адæймæгтæн, сæ цардмæ бахизынц нозт, тамако, наркомани, æндæр мæгуырау цайдагъдзинæдтæ æмæ зонгæ-зонын се нæниздзинадыл фыдаудæн кæнынц. Фæзынынц ма ахæм æндæр уавæртæ дæр æмæ нæ куы айрох вæййы, нæ буары, нæ организмы нæ æмбæлон уагыл дарын кæй хъæуы, зилын, кæсын, аудын сыл кæй хъæуы.

Æнæ буар, кæй зæгъын æй хъæуы, удæн уæвæн нæй. Адæймаг куы амæлы, уæд уымæн фæдзурæм, йæ уд, дам, уæлæрвтæм атахт, зæгъгæ. Цæргæйæ, буарыл нæ бар цæуы, цы нæ фæнды, уый йын аразæм хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр. Кæм сты йæ хæтæнтæ, адæймаджы буарæн цы уд ис, уымæн та? Буарæй цæмæн афтæ бæрзонддæр æвæрд у æмæ йын афтæ цæмæн табу кæнæм?

Куыдфæнды ма уа, буар æмæ уд кæрæдзиимæ хъуамæ гармонийы уой. Æмæ цæмæй уой, уый тыххæй та сын сæ дарын хъуамæ зонæм.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.