Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр йæхимæ райста æфсымæрон Луганскы Республикæйы делегацийы уæнгтæй сæ иу, Адæмон Советы Сæрдар Денис Мирошниченкойы. Бæстæты парламентаритæ æруынаффæ кодтой дыууæ республикæйы парламентты æмгуыстады перспективæтыл.

Гасситы Петр куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ, Луганскæн уæззау рæстæджы, Ирыстоны Хуссар æмæ Цæгат хайы адæм æмзæрдæдзинад равдыстой æмæ хайад райстой сабыр цæрджыты бахъахъхъæныны хъуыддаджы. Уæдæй, зæгъгæ, уыцы бынтон хъыгаг цаутæй райгуырд нæ бæстæты ‘хсæн хæлардзинад æмæ уыцы æфсымæрон ахастытæн фехалæн нал ис.

Парламенты Сæрдар ма æрымысыд, зæгъгæ, Луганскы Адæмон Республикæйы хæдбардзинад банымайыны хъуыддаджы сæйраг бынат ис Хуссар Ирыстоны ныры Президент Бибылты Анатолийæн. Уый уæд уыд РХИ-йы Парламенты Сæрдар.

«Бибылты Анатолийы уæды архайд æмæ хъарутæ æркодтой уымæ, æмæ Хуссар Ирыстон банымадта Луганскы Адæмон Республикæйы паддзахадон хæдбардзинад. Уæды рæстæджы уый сарæзта æппæтдæр, цæмæй нымад æрцыдаид Луганск æмæ Донецкы бæстæты хæдбардзинад, уый фæстæ та РХИ-йы æмæ Луганскы Парламентты ‘хсæн райст æрцыд Фæндæтты фæдыл меморандум.

Ныртæккæ нæ разы байгом уыдзысты ног фадæттæ. Æмæ мах, куыд къухдариуæгады закъондæттынадон къабазы сæргълæуджытæ, афтæ æппæт амæлттæй дæр сæ фарсмæ хъуамæ балæууæм нæ бæстæты къухдариуæггæнджытæн», – банысан кодта Парламенты Сæрдар.

Гасситы Петр фæндондзинад равдыста, цæмæй РХИ-йы Парламент æмæ Луганскы Адæмон Æмбырды ‘хсæн къух фыст æрцæуа бадзырдыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы бадзырды развæлгъау проект цæттæ у, æмæ æввахс рæстæджы уыцы фæндондзинад æрвыст æрцæудзæн дипломатон каналы руаджы.

«Абон стыр политикон цау æрцыд – Хуссар Ирыстон æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы ‘хсæн Хæлардзинад, æмгуыстад  æмæ кæрæдзийæн æххуысы фæдыл бадзырдыл къухтæ фыст æрцыд. Къухтæ фыст нæ республикæйы кæй æрцыдысты, уый фæдыл æз фæндон хæссын, цæмæй нæ Парламентты ‘хсæн Бадзырд та фыст æрцæуа Луганскы Республикæйы территорийыл», – банысан кодта Парламенты спикер.

Гасситы Петр ма куыд дзырдта, уымæ гæсгæ ацы бадзырды бындурыл фидæны РХИ æмæ Луганскы бæстæйы Парламентты ‘хсæн къухтæ цы бадзырдыл æрцæудзæн фыст, уый байгом кæндзæн хæлардзинад æмæ æмгуыстады ног бæрзæндтæ.

Луганскы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы Сæрдар Денис Мирошниченко йæ рады банысан кодта, Меморандумыл къухтæ æрфыссын, æцæгæйдæр, кæй уыдзæн ахсджиаг цау. Раст у, зæгъгæ, нæ бæстæйæн уæззау рæстæджы нæ фарсмæ фыццаг рæнхъыты чи æрбалæууыд, уыдонæй иу уыд Хуссар Ирыстон. Æнæхъуаджы нæ фæзæгъынц, хæлардзинады бахъуыды рæстæджы рабæрæг вæййы.

«Нæ фæнд у, цæмæй Хуссар Ирыстонимæ рахизæм æмгуыстады ног æмвæзадмæ. Сымахмæ ныридæгæн стыр фæлтæрддзинад ис, кæцыйæ мах дæр спайда кæниккам. Аннæрдыгæй та, махмæ дæр ис зонындзинæдты бæрæг бæрц, кæцы фæахъаз уаид сымахæн дæр», – дзырдта Денис Мирошниченко.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, дыууæ æфсымæрон республикæйы закъондæттынадон къабæзтæ дæр хъуамæ æрбангом уой, Луганск æмæ Хуссар Ирыстоны лидертæ цы куысты здæхты сты, уымæ.

«Закъондæттынадон къабазы куыст къаддæр ахсджиаг нæу, уымæ гæсгæ мах хъæуы уæхскуæзæй бакусын. Нæ бæстæты ‘хсæн цы Бадзырд райстæуыд, уый стыр ахсджиаг цау у. Æмæ мæ хъуыдымæ гæсгæ ахæм архайды руаджы нæ Парламенттæ рахиздзысты ног æмвæзадмæ. Ацы уынаффæтæ хъуамæ бандавой нæ бæстæты адæмы цардыл, кæцытæ тугæй балхæдтой сæ паддзахадты хæдбардзинад»,- дзырдта Денис Мирошниченко.

Уый ма банысан кодта, цæттæ кæй сты Луганскы территорийыл фембæлд сорганизаци кæнын æмæ Парламентты ‘хсæн бæрæг æмархайдмæ æрæвналынмæ.

Символикон уаид, зæгъгæ, ахæм æнгæс сразыдзинæдтыл къухтæ фыст куы ‘рцæуид Луганскы Адæмон Республикæйы. Ныхасгæнæджы хъуыдымæ гæсгæ, уыцы къахдзæф суаид Парламентты ‘хсæн дарддæры æнтыстджын куысты фыццаг этап.

Фембæлды кæрон Гасситы Петр уазæгæн бакодта зæрдылдарæн лæвар.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.