Цхинвалы районы Дменисы хъæуы фæсивæд сæхи хъæппæрисæй ауагътой зиу. Ныссыгъдæг кодтой хъæумæ ссæуæн фæндаджы былгæрæттæ алыгъуызон бырæттæй. Уыдонæн иу бонмæ бантыстис цалдæр уæзласæн машинæйы бырæттæ æрæмбырд кæнын æмæ аласын.

«Фæндаджы былтыл цы пыхсытæ уыд, стæй пластикон мигæнæнтæ, уыдон æрæмбырд кодтой. Махмæ, хистæртæм, æрбахатыдысты, цæмæй сæ фарсмæ балæууæм. Сывæллæттæ иууылдæр архайдтой зæрдиагæй, раст, цыма, ерыс кодтой, уыйау. Ацы акци кæд фыццаг хатт уыдис, уæддæр фæнд кæнæм йæ адарддæр кæнын», – загъта ацы хъæуы цæрæг Икъаты Ибрагим.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй зиуы рæстæджы хистæртæ архайдтой, цæмæй сывæллæттæ ма бафæллайой. Нырма æфснаинаг бирæ ис æмæ уыцы куыст кæндзыстæм æрвылсабаты дæр, цалынмæ бынтондæр ныссыгъдæг кæной хъæу.

Хъæу стыр у, арæх сæм цæуы уазджытæ горæтæй.  Уыдон арæх фæбадынц, доныбылтыл цы улæфæн зонæтæ ис, уым. Иугæр хъæу йæхимæ æлвасы йæ рæсугъддзинадæй æцæгæлдæтты дæр, уæд хъуамæ уа хæрзæфснайд. Ис ма дзы цалдæр кувæндоны, уырдæм адæм цæуынц канд кувæнбонты нæ, фæлæ æндæр бонты дæр. Уыдоны алыварс территоритæ дæр фæсивæд фæнд кæнынц хæрзæфснайд бакæнын, цæмæй сæхимæ адæмы тынгдæр æлвасой.

«Уадз, æндæр хъæуты фæсивæд дæр махæй райсой цæвиттон, уымæн æмæ уый хорз хъæппæрис у. Хъæубæстæ æмæ уазджытæ та куы уыной, чидæртæ сæ фæстæ æфснайынц, уæд сæхæдæг дæр архайдзысты, цæмæй æрдз къаддæр чъизи кæной», – ахæм у сæ хъуыды Дменисы фæсивæдæн.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.