Нæ республикæйы цыиунæг бæхты иунæг ипподром ис, уым реабилитаци цыдысты низæфхæрд сывæллæттæ. Йæ саразæг Къæбулты Ренат ныртæккæ хайад исы Сæрмагонд æфсæддон операцийы.

Бæхтæм зилынц йæ бинонтæ, фæлæ уыдонæй уыйбæрц фæлтæрддзинад никæмæ ис. Уымæ гæсгæ, нырма нæ исынц рынчын сабиты ипподроммæ. Æнхъæлмæ кæсынц Ренаты æрцыдмæ канд бинонтæ нæ, фæлæ ма сывæллæттæ æмæ сæ ныййарджытæ дæр.

Къæбулты Ренат ипподром срæвдз кодта 2008 азы фæстæ, Сацхенеты хъæуы Цхинвалы районы. Ацы хъæуы цы гуырдзиæгтæ цардысты, уыдон хæсты рæстæджы иууылдæр фæлыгъдысты æмæ ныр ацы æдзæрæг хъæуы æрбынат кодта Ренаты ипподром.

Нæ фыдæлтæм ахæм æгъдау уыд: йæхицæн цы нæлгоймаг кад кодта, уымæн æнæмæнг хъуамæ уы-даид æмбаргæ бæх æмæ цуанон куыдз. Уыцы дыууæ хæдзарон цæрæгой-иу ссисты цæрæнбонтæм йæ иузæрдион хæлæрттæ. Ренат дæр бæхтимæ фондзаздзыдæй схæлар. Фыццаг хатт æй бæхыл сбадын кодта йæ фыд. Уæдæй фæстæмæ никуыуал сивта йæ зæрдæ бæхтыл. Йæ фыд Къæбулты Хъазбег зынгæ адæймаг уыд Хуссар Ирыстоны. 1991 азы æбæрæгæй фесæфт æд бæх. Фæстæдæр куыд райхъуыст, афтæмæй йын гуырдзиæгтæ йæ бæх  фехстой, йæхи та йын æбæрæг ранмæ амынæтæй акодтой.

Уæдæй фæстæмæ Ренатæн йæ бæллиц уыд йæ фыды номыл сæ комы ипподром бакæнын. Фæстæдæр трагиконæй фæзиан йæ кæстæр æфсымæр Юра, уый дæр тынг уарзта бæхтæ. Йæ фыд æмæ йе ‘фсымæры номыл Хуссар Ирыстоны историйы, фыццаг хатт, Ренат официалонæй ауагъта бæхты дугътæ. Ам, йæ кæстæр æфсымæр Юрайы номыл ныффæлдыста бæх дæр.

Ныртæккæ Ренаты бæхдоны ис 10 дугъоны. Алкæмæндæр дзы ис йæхи ном.  Бæхтæй иууыл æлвæстдæр æмæ хæрзконддæр хуыйны «Бирæгъ». Ацы бæхы фыццаг хатт федта 2018 азы, Республикæйы Хæдбардзинады боны фæдыл цытджын мадзалы. Уæд, бæрæгбон банысан кæнынмæ хуынд æрцыд Цæгат Ирыстон-Аланийы бæхджын театр. Ацы сау æфсургъ дæр уыдон сконды уыд æмæ йæ Ренат фыццаг бакастæй бауарзта. Æввахс æм бацыд æмæ йын йæ хъусы бадзырдта: «Дзырд дын дæдтын, тагъд дæ Хуссар Ирыстоны кæй æрцæрын кæндзынæн. Бæх разыйы нысанæн йæ сæр ныттылдта. Уæдæй фæстæмæ Ренатæн æнцой нал уыд, агуырдта æхца ссарынæн амæлттæ. Ауæй кодта йæ рог автомашинæ æмæ комкоммæ «Бирæгъ»-мæ ацыд æлхæнæг. Артист-бæх хорз мыггагæй рацæугæ у, фыд – фриз, мад – кæсгон æвсургътæй. Йæ фыд аивадон киноныв «Александр»-ы сæйраг хъайтар  ролы ист уыд. «Бирæгъ», æвæццæгæн, æмбары уыдæттæ æмæ йæхи иннæтæй уæлдай сæрбæрзонд æвдисы. Хъыгныхасæй фæтæргай вæййы, лæгъзæй йæм куы дзурай, уæд æххæст кæны командæтæ. Æниу, ацы ипподромы, «Бирæгъ» иунæг уæздан нал у, йæ байраг «Буцефал» дæр йæ фарсмæ ис, уый дæр æмбаргæ бæхыл нымад у.

Бæхтæ дарын зынаргъ лæууы, астæуккаг нымадæй афæдзы мидæг бахæрынц 500 мин сомы аргъ холлаг. Вæййы афтæ дæр æмæ бæхтæй фæззæджы бахъæуы ауæй кæнын, цæмæй иннæты зымæджы рахæссой. Ипподроммæ рынчын иууыл фыццаг æрцыд сывæллæтты омбудсмен Цхуырбаты Татьянæмæ. Ацы хъуыддаджы йæм фæкастысты хицауад дæр. О, фæлæ ипподром йæхи дарын нæма фæразы. Цыбырдзырдæй, абон ацы бизнес пайдаджын нæма у. Æцæг, сывæллæттæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц бæхтæм ацæуынмæ. Ренаты бинонтæ та цæттæ не сты уыцы хъуыддагмæ. Уыдон нæ сахуыр кодтой «бæхты æвзаг».

Бæхтимæ иумæ ипподромы цæрынц алайнаг мыггаджы куыйтæ дæр. Уыдон дæр зондджын сты. Сывæллæттæм фæлмæн ахаст дарынц, нозтджын лæг сæ удхæссæг у. Иууыл карздæр та сты хъæддаг сырдтæм. Æцæг, арæх æрæнкъард вæййынц, цыма йæ зонгæ кæнынц, Ренат хæстмæ кæй ацыд…

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.