Никъоришвили Светланæ Владимиры чызгæн «Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр скъолайы сгуыхт кусæг»-ы ном раттыны тыххæй

Ахуырады фадыджы йе ‘нтыстытæ æмæ бирæ азты дæргъы йæ фæстиуæгджын фæллойадон архайды тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр скъолайы сгуыхт кусæг»-ы кадджын ном лæвæрд æрцæуæд Никъоришвили Светланæ Владимиры чызгæн – Хуссар Ирыстоны Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты экономикæйы хайады экономистæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент ТЫБЫЛТЫ Леонид

Цхинвал,

2016 азы 6 октябрь

 

Сатхъоты Марфæ Сардионы чызгæн «Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр скъолайы сгуыхт кусæг»-ы ном раттыны тыххæй

Ахуырады фадыджы йе ‘нтыстытæ æмæ бирæ азты дæр-гъы йæ фæстиуæгджын фæллойадон архайды тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр скъолайы сгуыхт  кусæг»-ы кадджын ном лæвæрд æрцæуæд Сатхъоты Марфæ Сардионы чызгæн – Хуссар Ирыстоны Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты уырыссаг æвзаджы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент ТЫБЫЛТЫ Леонид

Цхинвал,

2016 азы 6 октябрь

 

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты  Барамынд

«Республикæ Хуссар Ирыстоны Адæмон ахуыргæнæг»-ы кадджын ном раттыны тыххæй

Педагогон архайды, рæзгæ фæлтæры хъомыл æмæ ахуыр кæныны хъуыддаджы се ‘стыр æнтыстыты тыххæй

«Республикæ Хуссар Ирыстоны Адæмон ахуыргæнæг»-ы кадджын ном лæвæрд æрцæуæд:

Уалыты Розæ Сергейы чызгæн – Республикæ Хуссар Ирыстоны г. Цхинвалы №5 астæуккаг ахуырадон скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæн;

Пухаты Аллæ Петры чызгæн – Республикæ Хуссар Ирыстоны г. Цхинвалы №3 астæуккаг ахуырадон скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæн;

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент ТЫБЫЛТЫ Леонид

Цхинвал,

2016 азы 5 октябрь

 

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты  Барамынд

Джиоты Руфин Бурдымы фырты Хæлардзинады орденæй схорзæхджын кæныны тыххæй

Хуссар Ирыстоны спорты рæзтмæ йе стыр хисæрмагонд хайбавæрд æмæ йыл 65 азы кæй сæххæст, уый цытæн Хæлардзинады орденæй хорзæхджын æрцæуæд Джиоты Руфин Бурдымы фырт – Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент ТЫБЫЛТЫ Леонид

Цхинвал,

2016 азы 6 октябрь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.