Республикæ Ирыстон æмæ Донецкы Адæмон Республикæ Донецкы сæ къухтæ æрфыстой Хæлардзинад, æмгуысткæнынад æмæ кæрæдзийæн æххуыссы тыххæй бадзырдыл. Документыл сæ къухтæ æрфыстой Республикæ Ирыстоны æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæуджытæ Бибылты Анатоли æмæ Александр Захарченко.

Документы дзырдæуы, зæгъгæ, Бадзырд арæзт æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы ‘хсæн ахастытæ фæбæрзонддæр кæнын, гъæдджындæр æмвæзадмæ сæ скæнынмæ тырнындзинады тыххæй æмæ дыууæ бæстæйы бынæттон адæмты интерестæ бахынцгæйæ».

Бадзырды дыууын æртæ уацы нысан æрцыд æмкуысткæнынад æддагон политикæйы, экономикæйы, базарады, фыдгæнджыты ныхмæ тох кæныны, культурæ æмæ ахуырады фадгуыты. Бадзырд арæзт æрцыд 10 азмæ æмгъуыдæн пролонгацийы æууæлимæ. Фæнд цæуы, зæгъгæ, стыр базæйон Бадзырд баххæст æрцæудзæн хицæн сразыдзинæдтæй.

Хуссар Ирыстоны делегаци ис Донецкы, Донецкы Адæмон Республикæ расидыныл æртæ азы кæй æххæст кæны, уый цытæн бæрæгбоны.

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы ‘хсæн Хæлардзинад, æмкуысткæнынад æмæ кæрæдзийæн æххуысы тыххæй бадзырд ног импульс ратдзæн дыууæ республикæйы ‘хсæн ахастытæ рæзын кæнынæн, банысан кодта Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли документыл къухтæ æрфыссыны фæстæ брифингы.

«Бадзырд ратдзæн ног импульс,  Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы ‘хсæн ахастытæ рæздзысты ногæй. Практикон  бакуыстытæ махæн ис бирæ. Мах фæнд кæнæм иумиаг куыстуæттæ бакæнын, экономикæйы, бангы фадгуыты æмкуысткæнынады фадæттæй спайда кæнын. Уыдæтты тыххæй та бадзырд сараздзæн æмбæлон юридикон  бындур», – загъта Бибылты Анатоли.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.