Хынцæгты Хетæг ссис Паралимпийаг хъæзтыты уæлахиздзау. Ирон спортсмен сыгъзæрин майдан рамбылдта дæргъмæ гæпп кæнынæй (Т38 класс). Уый равдыста 6,52 метры бæрæггæнæн. Дыккаг бынатыл чи ацыд, уыцы спортсмен агæпп кодта 2 см къаддæр. Хетæг фыццаг хатт ссис Парлампийаг хъæзтыты чемпион. Раздæр ма уый ацы сезоны дыккаг бынат бацахста Японы уагъдцæуæг дунейы чемпионаты.

Ацы стыр æнтысты тыххæй Хынцæгты Хетæгмæ арфæйы тел æрæрвыста УФ-йы президент Владимир Путин. «Рог атлетикæйæ ерысты ды равдыстай фæндондзинады æгæрон тых æмæ фæразондзинад. Ныфс мæ ис, ацы сыгъзæрин майдан дæуæн кæй суыдзæн тынг хорз стимул ног спортивон æнтыстытæ къухты бафтын кæнынæн», – дзырдæуы телы.

Хетæгыл цæуы 27 азы. 2021 азы Токиойы уагъдцæуæг Паралимпиадæйы бацахста 4-æм бынат. 2019 азы дунейы чемпионаты та рамбылдта æвзист майдан.

 

***

Рамбылдта сыгъзæрин майдан

Ирон спортсментæй ма ацы бонты Паралимпиаг хъæзтыты расгуыхт Кокойты Алан. Уый æвзист майдан рамбылдта ядро æппарынæй (F36 класс). Йæ майданæй ссардта Беслæны трагедийы фæмардуæвæг сывæллæтты нæмттæ. «Фæндыд мæ 2020 азы Токиойы уагъдцæуæг Паралимпиаг хъæзтыты майдан рамбулын æмæ дзы Беслæны сывæллæтты ном ссарын. Фæлæ уæд мæ къухты нæ бафтыд майдан райсын. Беслæны фæмард ме ‘ввахс хион 12-аздзыд чызг», – загъта Кокойты Алан.

Уый размæ та бронзæйон хорзæхтæ бафтыдысты Мæргъиты Георги æмæ Сланты Викторияйы къухты.

 

ГРЕКЪАГ-РОМАГ ХЪÆБЫСХÆСТ

Испаны уагъд æрцыд 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн дунейы чемпионат грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй. Ерысты 72 кг уæзы категорийы фыццаг бынат бацахста Беслехъоты Зауыр. Уый финалы 6:5 хыгъдæй фæуæлахиз Сомихстоны минæвар Ашот Хачатаряныл.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.