Хуссар Ирыстоны 8-æм августы 2008 азы тугкалæн цаутæ æнустæм баззайдзысты мысинæгты. Хъыгагæн, бирæтæ сæ нал федтой сабырад фæлæ сын мах сæ нæмттæ ма хъуамæ рох кæнæм.
Гуырдзиаг агрессорты къухтæй чи фæмард августы райдианы, уыдонæй иу уыд Бестауты Гарик.

2-æм августы дæр нæмгуыты æхситт æмæ срæмыгътыты хъæрæн кæрон нал уыд. Уыцы зындонæн адæм нал быхстой æмæ кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ лыгъд ракетæты срæмыгъдтытæй. «Ацы бон мæ цард дыууæ дихы фæцис. Мæ цардæмбал куыста Цхинвалы районы мидхъуыддæгты хайады. Фæстаг бонты æппынæдзух уыд æнкъард, æппынæдзух йæ зæрдæ уынгæг кодта. Афсон-ма иу кодта, зæгъгæ, нæ чызг Лаурæйы мысын… Уый уыцы рæстæджы Камчаткæйы ахуыр кодта. Уыцы бон, 2-æм августы, Присы хъæуы цы пост уыд, уырдæм ацыд. Мæнæн дæр ныфсытæ æвæрдта, фидар, дам, лæууынц лæппутæ, æхстытæ, дам, дардæй хъуысынц. Фæлæ фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй горæты æрбацæуæнтæм цадæггай цыдысты Гуырдзыстоны фашисттæ. Суанг ма Украинæ æмæ Ныгуылæн Европæйæ дæр æркодтой æххуырст салдаттæ. Сæ нысан уыд нæ горæтæй «сыгъдæг быдыр» саразын. Кæд æргом лæбурд 7-8-æм август æрбакодтой, уæддæр августы райдианы дæр бæрæг уыд, уавæр алы уысм дæр карзæй-карздæр кæй кодта. Горæт æмæ районты цæрджытæн æнцойад нал уыд, кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ йæхи Цæгат Ирыстонмæ æппæрста. Хицауад хорз куыст бакодта уыцы бонты. Уæды президент Кокойты Эдуарды амындмæ гæсгæ æхсæвæй-бонæй эвакуаци цыдысты сабитæ æмæ ацæргæ адæм. Фæлæ уыд ахæмтæ дæр, кæронмæ чи не ‘мбæрстай уавæр бынтон карз кæй у. Чидæртæ та сæ сæрмæ нæ хастой бинонтæй йæ къухмæ æхсæнгарз чи райста, уыдон ныууадзын», – мысы Бестауты Гарикы идæдз.

Ангелинæ ма куыд зæгъы, афтæмæй Гарик арæх дзырдта «Кæд мæлон, уæд кадимæ, райгуырæн къуым хъахъхъæнгæйæ». Фæстæдæр куыд базыдтам, афтæмæй уыцы бон Гуырдзыстоны спецтыхтæн сæрмагонд хæслæвæрд æрцыд. Хъуамæ уавæр фæкарз кодтаиккой, цæмæй сын уый фæстæ горæтмæ бацæуынæн æфсон фæуа. 2-æм августы уыцы иурæстæджы Гуырдзыстоны снайпертæн лæвæрд æрцыд бадзырд, цæмæй горæт Цхинвал æмæ йæ алфамбылай хъæуты хицæн æмæ хицæн постыты цы лæппутæ лæууынц, уыдон фехсой æмæ цалдæры амарой. Ацы бардзырды амæттаг фесты æхсæз лæппуйы. Се ‘хсæн уыд Бестауты Гарик дæр. Гарик куы фæцæф, уæд ма йæ йе ‘мбæлттæ рынчындонмæ бæргæ баскъæфтой, фæлæ æхсæз лæппуйæн дæр снайпертæ бахъавыдысты сæ сæртæм. Рынчындоны дохтыртæ куыд загътой, афтæмæй уыдонæй иуæн дæр удæгасæй баззайæн нæ уыд, уымæн æмæ куыстой профессионалтæ.

Абон дæр дзы нæ рох кæны, августы райдианы та сног вæййы йæ маст Ангелинæйæн. «Гарикы æнæнхъæлæджы мард мын уый нæ ракодта йæ баныгæнынæн нын уавæр кæй нæ дæдтой не знæгтæ, уый мын цас маст æрхаста. Суанг 5-æм августмæ уæлæуыл фæцис мард. Стæй йæ тыхамæлттæй баныгæдтой лæппутæ», – цæссыгзгъалгæйæ дзуры Уалыты Ангелинæ.

Уазæгты Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.