Цхинвалы сывæллæтты 17-æм рæвдауæндон (йæ сæргълæууæг – Зангаладзе Тамарæ) арæзт æрцыдис 2019 азы. Цыбыр æмгъуыдмæ амал æрцыдысты æнæмæнгхъæуæг дзаумæттæ, мигæнæнтæ æмæ  ахуыргæнæн æрмæджытæ. Æндæр рæвдауæндæттæй хъауджыдæр ма ам ис компьютерон кълас  дæр. Ис дзы фараст компьютеры æмæ сыл бон цалдæр сахат цайдагъ кæнынц хистæр къорды сывæллæтты.

Рæвдауæндоны разамынд æмæ ма йæ хъомылгæнджытæ хорз бакусынц нысаниуæгджын бонтæ æмæ æмбæстæгты нæмттæ æрымысыныл, кæцы ахъаз у сывæллæтты зонындзинæдтæ, хъуыдыкæнынад æмæ æппæтмæ дæр сæ ахастæн. Ахæм мадзæлттæ азы райдианæй фæстæмæ ауагъд æрцыдис цалдæр. Се ‘хсæн «Мæ райгуырæн горæт», «Ногазон улæфтытæ», «Юри Гагарин – дунейы зындгонд адæймаг» æмæ æн-дæртæ. Уымæй дарддæр ма сывæллæттæн уагъд æрцæуы алыгъуызон конкурстæ. Уыцы нымæцы «Мама, папа – спортивная семья», «Нывты равдыст» æмæ æн-дæртæ.

Рæвдауæндонæн йæ кæрт дæр у зæрдæмæдзæугæ, хæрзæфснайд æмæ рæсугъд. Кæд дзы нырма аууон бынæттæ фаг нæй, уæддæр цы талатæ ныссагътой, уыдонмæ ис хорз зылд, иууылдæр схæцыдысты æмæ фæстæдæр рæвдауæндонмæ цы сывæллæттæ цæуа, уыдонæн хорз фадæттæ уыдзæнис сæ рæстæг сыгъдæг уæлдæфы, аууоны æрвитынæн.

Рæвдауæндоны разамынд æмæ хъомылгæнджытæ æрмæст сабиты æнæниздзинад æмæ зонындзинæдтыл нæ хъуыды кæнынц, фæлæ ма хорз архайынц, цæмæй сабийæн рæза куыстмæ йæ уарзондзинад. Уый сæраппонд рæвдауæндоны алыварс арæзт æрцыдис чысыл хуымтæ. Тыд сæ ис картоф, хъæдындз, нуры, джитъри, пъæмидор æмæ æндæр халсæрттæ. Цы тыллæг æркæнынц, уыдонæй та рæвдауæндоны хæринагаразджытæ пайда кæнынц сабитæн хæринæгтæ æрцæттæ кæныны.

Рæвдауæндоны алцы дæр нывыл кæй у, горæты хуыздæр рæвдауæндæтты æмрæнхъ кæй ис, уый ма фæбæрæг ардæм кæй сабитæ цæуынц, уыдон ныййарджытæ райгонд кæй сты, уымæй дæр. Сæ иу – Хъæрджиаты Аланæ афтæ зæгъы, зæгъгæ, «æз та ардæм кæнын дыууæ сывæллоны. Уый мæнæн у стыр æххуыс. Уымæн æмæ куысты, стæй ма мæ хæдзарон куыстытæ дæр бакæнын афоныл, уыимæ ма мын вæййы аулæфыны рæстæг дæр».

Рæвдауæндоны кусджытæн ныййарджытимæ хорз ахастытæ кæй ис, уый дæр у зæрдæмæдзæугæ. Арæх æрбадзурынц куы иу, куы та æндæр фарсты тыххæй æмæ ахæм ахасты фæрцы цыфæнды хъуыддаг дæр  скъуыддзаг цæуы æнцондæрæй.

Æхсызгон ма мын у уый дæр, æмæ мæ сабитæ æнæ-зивæгæй кæй цæуынц рæвдауæндонмæ. Уый та дзурæг у ууыл æмæ сæм ам кæй ис æмбæлон хъусдард, хорз ахаст», – зæгъы Аланæ.

Рæвдауæндоны сывæллæттæн хæрзгъæд хæринæгтæ цæттæ кæнынц хæрæндоны кусджытæ æмæ уый дæр хорзæрдæм æндавы се ‘нæниздзинадыл.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.