Раздæры хъæууонхæдзарадон техникумы нæ рæзгæ фæлтæрæн иттæг хорз уавæртæ æмæ фадæттæ уыд хъæуæг дæсныйад райсынæн. Ныр раздæры техникумы статус бæрæг бæрзонддæр у, уымæн æмæ дзы арæзт æрцыд бирæпрофилон колледж. Уый у нæ бæстæйы хицауады уникалон проект, уымæн æмæ ныртæккæ колледжæн ис егъау фадæттæ æмæ ресурстæ, цæмæй цæттæ кæна кусæгон, профессионалон ресурс æмæ астæуккаг цæджы специалистты.

Географион равæрдмæ гæсгæ Хуссар Ирыстон аграрон бæстæ у, æмæ нæ хъæуынц уыцы фадыджы специалисттæ. Уымæн иттæг хорз фадæттæ ис колледжы. Колледжæн ныр цалдæр азы арæхстджын разамынд кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг Цхуырбаты Лирæ.

«Æз æрзылдтæн Хуссар Ирыстоны æгас районтыл, фембæлдтæн районон администрациты сæргълæуджытимæ. Æмæ куыд рабæрæг, афтæмæй районтæ æййафынц хъæууон хæдзарады дипломджын специалистты хъуагдзинад. Фæлæ ацы ахуыры аз дæр æмæ уымæй размæ дæр колледжы уыцы хайадмæ никæй райстам, уымæн æмæ нæм куырдиæттæ нæ уыд, кæд æмæ агрономон хайады дæлбар байгом кодтам тракторыл скъæрын сахуыр кæныны фæдыл хайад, уæддæр.

«Агорономон» хайады дæлбар ма конд æрцыд мыддарды хайад дæр, хъыгагæн, уым сахуыр кæнынмæ дæр ничи равдыста фæндондзинад. Æфсæйнаг æндадзæн аппаратыл амоныны хайады ивгъуыд аз ничи уыд, ацы ахуыры аз нæм æрбацыд фондз адæймаджы. Тынг æхсызгон нын уыд уыцы хъуыддаг, фæлæ кæронмæ нæ сахуыр кодтой. Уыдон куыстой уыцы дæсныйадыл, хъуыд сæ æрмæстдæр дипломтæ, фæлæ сæ ахуырмæ цæуын нæ фæндыд. Колледж та дипломтæ уæйгæнæн пункт нæу, æмæ сæ ахуырæй аиуварс кодтам æмæ сæхгæдтам хайад.

«Хæлцадон кондады технолог-инженер» ахсджиаг дæсныйад у, фæлæ уым дæр нæй ахуыргæнинæгтæ. Уæвынад ма нæм кæны «Кæлмдзалх машинæтыл амоныны» фæдыл хайад. Ацы хайад гом æрцыд бæстæйы фæндæгтæ арæзтады комитеты бацамындмæ гæсгæ, фæлæ уый дæр æййафы ахуыргæнинæгты хъуагдзинад», – банысан кодта директор.

Иуныхасæй, колледжы цы 13 факультет ис конд, уыдонæй архайы æрмæстдæр 9.

Æнтыстджынæй архайынц «Автомеханикты», «Хæри-нагарæзæг – кондитер», «Нымæцон информатикæйы методикæ»,-йыл бакусыны хайад, ис сын дыууæ компьютерон къласы. Иттæг хорз дзы кусы «Хъæдæрмæгæй аивадон æрмæджытæ аразын»,-ы хайад. Ацы хайады кусы не мбæстаг, ацы хъуыддаджы дæсны Бестауты Бала. Уый амоны хъæдæй уникалон предметтæ аразыны ахсджиаг хъуыддаг. Иттæг хорз кусынц «Бухгалерон хыгъд»-ы, æмæ «Хуыйæджы» хайæдтæ дæр.

«Хуыйæджы хайады нæм цы специалист кусы – Бесаты Вадим, уый æрцыд Санкт-Петербургæй. Уый иттæг хорз хуыйы чындзæхсæвтæн, рауагъдонтæн æмæ æндæр бæрæгбонон мадзæлттæм ирон националон уæлæдарæс.

Банысан кæнын ма мæ фæнды уый, æмæ электромонтажгæнæн хайадмæ дæр зæрдиагæй цæуынц æвзонг фæсивæд», – дзуры Лирæ.

Ивгъуыд азмæ абаргæйæ ацы ахуыры азмæ фылдæр студенттæ райста колледж – 158. Уыдонæй бирæ ахуыргæнинæгтæ сты, æнæххæст астæуккаг скъола каст чи фæцис, ахæмтæ. Уыдон сарæзтой зондджын æмæ раст къахдзæф, уымæн æмæ колледжы ахуыры азты уыдон астæуккаг ахуырад дæр райсдзысты æмæ уый æмрæнхъ сæ равзаргæ профессийы астæуккаг цæджы специалисты диплом дæр. Иуныхасæй – колледжы ахуыры фæстæ йæ рауагъдонтæ райсынц цымыдисон кусæгон професси. Уыдоны хсæн сты, иттæг хорз чи ахуыр кæны, ахæмтæ дæр. Ахуыргæнинæгтæ æрмæст нæ горæты скъолатæй не сты, фæлæ районтæй дæр. Уыдон цæрынц колледжы æмдзæрæндоны.

Æмдзæрæндоны тыххæй

Колледжы æмдзæрæндон, куыд зонæм, афтæмæй дзы 1992-æм азтæй фæстæмæ æрцардысты республикæйы алы районтæй лигъдæттæ. Уыдонæй бирæ бинонтæ, кæд сæхи хæдзæртты хицæуттæ баисты, уæддæр дзы æрцæрын кодтой сæ хиуæтты æмæ хæстæджыты. Афтæмæй райдианы æмдзæрæндоны кæд цард 17 бинонтæ уæд ныр та сты сæдæйы бæрц.

Директоры ныхæстæм гæсгæ, æмдзæрæндоны исæгау бакодтой егъау хатæн æмæ йæ адих кодтой йæ æмбисыл – йæ иу хай чызджытæн, иннæ хай та лæппутæн.

Сæ куыстыл сты æнувыд

Цхуырбаты чызджы ныхæстæм гæсгæ ахсджиаг у кол-леджы педколлективы куыст. Ахуыргæнæндоны сæйраг корпусы уыдон сæ хъомылгæнинæгты цалх кæнынц теорийыл, йæ фарсмæ бæстыхайы та практикон хайыл, уыцы бæстыхай та у колледжы астæумагъз.

«Колледжы кусы иттæг хорз, сæ профессийыл æнувыд мастертæ, автомеханиктæ, аразджытæ, хъæдæрмæгæй æрмдæснытæ, нывгæнджытæ, хæринагаразджытæ æмæ æндæр специалисттæ.

Педагогон егъау стажимæ ахуыргæнджытæ та ахуыргæнинæгтæн амонынц астæуккаг ахуырад райсыны фæдыл предметтæ.

Иттæг хорз нысæнттыл цы ахуыргæнинæгтæ ахуыр кæны, ахæмтæ-иу нæм куы æрбацыд ахуыр кæнынмæ, уæд-иу мах бакатай кодтам, уæдта сын колледжы ахуыр кæнын цымыдисон нæу, фæлæ уый афтæ нæу. Нæ цæттæ ахуыргæнджыты руаджы уыдон дарддæр ахуыр кæнынц иттæг хорз нысæнттыл», – дзырдта директор.

Карантин æмæ дистанцион ахуыр

Дунейы алы къуымты цы пандеми рапарахат, уый йæ дæрзæг арм колледжыл дæр æруагъта. Ивгъуыд аз 10 октябрæй фæстæмæ колледжы дæр конд уыд карантин. Нæ республикæйы территорийыл ахуыргæнæндæттæ конд æрцыдысты дистанцион ахуыры процессмæ, фæлæ уыцы ахуыры хъуыддагмæ рахизын фæзын колледжæн. Йæ сæйраг аххосаг уый уыд, æмæ колледжы ахуыргæнинæгты фылдæр хай у цыбыркъух, æвæрæз бинонтæй. Дистанцион ахуырады нырыккон технологитæй ифтонг не сты алы бинонтæ æмæ уыцы аххосæй не спайда кодтой ацы хуызы ахуырадæй.

Фæлæ Цхуырбаты чызджы ныхæстæм гæсгæ, цæмæй ахуыргæнинæгтæ ахуыры практикæйæ фæстейæ ма баззайой, уый тыххæй 15 январæй фæстæмæ боны фыццаг æмбис ахуыр кæнынц теори, æмæ дыккаг хай та практикон курс. 1 мартмæ ахуыр кæндзысты фыццаг семестры æрмæг. Уырдыгæй фæстæмæ та баххæст кæндзысты ацы азы практикон курс.

Æмгуыстад

Бирæпрофилон колледж æнгом æмгуыстад кæны Цæгат Ирыстоны æнгæс ахуыргæнæндæттимæ. Ахуыргæнинæгтæ арæх хайад райсынц алыгъуызон чемпионатты, ерысты, конкурсты. Æндæраз дунеон конкурсы нæ колледж фыццаг бынат бацахста ирон хæбизджынтæ кæнынæй. Лæвар сын æрцыд нырыккон дзаумæттæ æхсæн ифтонггарз.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ма колледж активон æмгуыстад кæнынц Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университетимæ. Колледжы автомеханикон хайады рауагъдонтæй æрвылаз дæр дыууæйæн фадат ис, цæмæй æнæаргъæй шофыры курсыты сахуыр кæна æмæ машинæйыл скъæрыны бары гæххæт райса. Стæй ма колледжы рауагъдонтæ университетмæ ист цæуынц æнæ конкурсы бындурыл, уæлдайдæр информатикæйæ программæ кæнын, физикæ æмæ математикæйы   факультеттæм.

Хъæуæг ифтонггæрзтæй – ифтонг

Колледж ифтонггæрзтæй ифтонг уыд, фæлæ уæддæр, кæй зæгъын æй хъæуы, æййæфта хъуагдзинад. Цхуырбаты Лирæ нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ацы фадыджы куыст цæмæй лæмбынæг базыдтаид, уый тыххæй ацыд æмæ бабæрæг кодта Цæгат Ирыстоны колледжтæ æмæ техникумты куыст æмæ архайд.

Колледжæн ис егъау фадæттæ æмæ ресурстæ

2019 азы колледжы къухдариуæгад ахуыргæнинæгты практикон фадæттæ æмæ профессионалон æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны нысанæн бахатыд бæстæйы къухдариуæггæнæг Бибылты Анатолимæ, цæмæй ноджы фæхъæздыгдæр уой ахуыргæнæндоны æрмадзтæ. Ацы ахсджиаг хъуыддагмæ куыдфæндыйы цæстæй нæ ракаст Президент æмæ сын рахицæн æрцыд егъау æхцайы фæрæзтæ – фондз æмæ æрдæг милуан сомы.

«Самал кодтам автомеханикон хайадæн æнæмæнгхъæуæг ифтонггæрзтæ, фæлæ иууыл сæйраг та у компьютерон диагностикæ аразæн ифтонггарз. Ныртæккæ нæ республикæйы цæрджыты фылдæр хай амал кæнынц фæсарæйнаг бæстæты уагъд хæдтулгæтæ. Уыдонæн хатт фæхъæуы ацы диагностикæ аразын, уый тыххæй хъуыд Цæгат Ирыстонмæ цæуын. Æмæ ныр уыцы компьютерон диагностикæ аразыны фадат махæн дæр ис æмæ ма уый æмрæнхъ специалист ахуыр кæны колледжы ахуыргæнинæгты диагностикæ аразын дæр.

Ацы ифтонггарз кæй самал кодтам колледжæн, уымæй æз тынг райгонд дæн», – райгондæй дзуры колледжы директор.

Хъæдæрмæгæй алыгъуызон предметтæ аразыны хайадæн та амал æрцыд уникалон хъомысджын тæрх æмæ æндæр инструменттæ.  Иннæ хайадтæн дæр кæд егъау хъомысджын ифтонггæрзтæ не рцыд æлхæд, уæддæр уыдон дæр ифтонг æрцыдысты, рагæй сæ къухты цы æнæмæнгхъæуæг фæрæзтæ нæ уыд, уыдонæй. Иуныхасæй, колледжы къухдариуæгад, ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæни-нæгтæ сты тынг райгонд, ныр ма нæ, зæгъгæ, хъæуы ахуыр æмæ ахуыр.

Дарддæр ахуырмæ ацæуынц

Ивгъуыд аз республикæйы Ахуырады министрады хаххыл Цæгат Ирыстоны Хæххон – металлургион институты сæ ахуыр адарддæр кодтой колледжы цалдæр рауагъдоны. Дунеон ассоциаци «Вордскилсс» уадзы профессионалон дæсныйæдты æргом регионалон чемпионаттæ. Ассоциаци у æнæкоммерцион æмæ йæ нысан у дунеон масштабы кусджыты квалификаци æмæ профессионалон цæттæдзинады статус æмæ стандарттæ фæбæрзонддæр кæнын. Хуссар Ирыстон ацы ассоциацийы хайадисæг нæу, фæлæ алыгъуызон номинациты хайад исынц ацы организацийы чемпионатты. Хайадисджытæ се ппæт дæр райсынц грамотæтæ. Призон бынæттæ нæ райсынц йæ хайадисджытæ, организацийы хайадисæг кæй нæу нæ бæстæ, уыцы аххосагмæ гæсгæ. Ацы аз дæр, 23-28 февралмæ уагъдцæуæг мадзæлттæм колледжы ахуыргæнинæгтæ хуынд сты æртæ номинацийы – хуыйæг-моделтæ аразын, автомеханик æмæ ирон хæбизджынтæ кæныны дæсныйадыл хæст ахуыргæнинæгтæ.

Ацы конкурсты хайадисджыты цæттæ кæнынц активонæй. Уымæн æмæ уыдон Хуссар Ирыстоны номæй архайдзысты. Колледжы ном æмбæлон æмвæзадыл цæмæй хъуыса æмæ зындгонд уа, ууыл кусынц æмæ архайынц йæ къухдариуæгад æмæ сæ куыст æмæ дæсныйадыл æнувыд ахуыргæнджытæ.

Хæлцæй ифтонгад

Куыд зонæм, афтæмæй нæ республикæйы ахуыргæнæн уагдæттæ ифтонг сты хæлцадæй. Ацы хъуыддаджы колледжы та уавæр куыд у, уый тыххæй нын Цхуырбаты чызг радзырдта, зæгъгæ, ахуырады иннæ объекттæм абаргæйæ, колледжæн нæ фæфылдæр сты хæлцадæй ифтонгады фæдыл фæрæзтæ. Фæлæ уæддæр архайынц, цæмæй ахуыргæнинæгтæ æмбæлон сихор кæной.

Колледжы фадæттæ æмæ авналæнтæ

Колледжы фадæттыл дзургæйæ, банысан кæнын хъæуы уый, æмæ 400 бæрц ахуыргæнинæгтæ райсын кæй ис йæ тыхы. Колледжы къухдариуæгад арæх ауадзы къуырийы дæргъы гом дуæртты бон, цæмæй алы цымыдисгæнæг æмбæстагæн дæр фадат уа, æрбацæуа æмæ фена бæрæг дæсныйад райсынæн ахуыргæнæндоны цахæм фадæттæ ис. Фæлæ ныртæккæ æвзонг фæсивæд сæхи æппарынц фылдæр юридикон кæнæ æндæр, ома, æнтыстджындæр, факультеттæм. Республикæйы та ахæм дæсныйадыл специалисттæ уыйбæрц нæ хъæуы, хъæуæг дæсныйадыл сахуыр кæнын цыма сæ сæрмæ нæ дарынц, афтæ у хъуыддаг.

Нæ зæрдæ зæгъы колледжы педагогон сконд æмæ ахуыргæнинæгтæн ноджы фылдæр æнтыстытæ. Хъæуæг дæсныйад райсын, дарддæр дзы пайда кæнын æмæ бæстæйæн пайда хæссыныл архайынц æмæ кусынц коллектив. Уадз, кæддæры нæргæ æмæ ахуыргæнинæгтæй æххæст ныры колледж йæ раздæры фадæттæй хайджын уæт нæ рæзгæ бæстæйы хæрзæбонæн.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.