Æлборты Несторы фырт Хадзы-Умар райгуырд 1939 азы 15 июлы Цхинвалы районы Сарабукъы хъæуы. Каст фæци Уанаты астæуккаг скъола, уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Сталинры педагогон ахуыргæнæндоны, стæй институты. Каст фæци Тбилисы университеты аспирантурæ æмæ 1986 азы та бахъахъхъæдта филологон зонæдты кандидаты диссертаци ахæм темæйыл: «Ирон литертурон критикæ 30-æм азты».

Йæ фæллойадон фæндаг уыди хъæздыг æмæ алыгъуызон: куыста «Мыхуырцæдис»-ы Хуссар Ирыстоны хайады инструкторæй, газет «Советон Ирыстон»-ы уацхæсссæгæй, Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы литературон консультантæй, журнал «Фидиуæг»-ы хайады гæсæй, стæй та сæйраг редакторæй, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологийы хайады лекторæй, Хуссар Ирыстоны зонадон иртасæн институты ирон литеартурæйы хайады гæсæй.

Хадзы-Умары сфæлдыстадон архайд райдыдта, 17 азы йыл куы цыд, уæд. Йæ фыццаг æмдзæвгæты æмбырдгонд «Фæдис» рухс федта 1964 азы. Уый фæстæ кæрæдзи фæдыл рацыдысты йæ иннæ æмдзæвгæты æмбырдгондтæ: «Мæ зæрдæйы хуызтæ», «Хуры хъæбултæ», «Уидæгты зарæг», «Æз уыцы `хсæв чысыл саби уыдтæн», «Бæрзонд къæвда», «Ныфсы уидаг».

Куыд зонæм, афтæмæй Æлборы фырт кодта æнтыстджын публицистон куыст дæр. Йæ публицистон уацмыстæ литературæ иртасыны фæдыл сты: «Уидæгтæ æмæ къабæзтау», «Æлборты Барысби» æмæ Чиныг – «Царды айдæн». Фæлæ йæ иртасæн куыстытæй æппæты ахагæдæр уыдысты 30-æм азтæй фæстæмæйы ирон литературон критикæйы темæйыл цы иртасæн куыстытæ ныффыста, уыдон.

Мæнæ цы фыссы Пухаты Элинæ, ХИЗИИ-йы ирон литературæйы историйы хайады зонадон кусæг:

«Æлборты Хадзы-Умар стыр зонадон куыст бакодта Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты ирон литературæйы хайады. 1983 азы йæ зонадон куыст уыдис Советон заманы ирон литературон критикæ. Куысты райдианы автор æрдзырдта æртæ хъуыддагыл, кæцытæ стыр фæд ныууагътой ирон литературæйыл, æмткæй, æмæ хицæнæй та ирон литературон критикæйыл. Авторы хъуыдымæ гæсгæ, æнæ уыцы æртæ аххосагæй»… зын бамбарæн уыдзæн историон-литературон уавæр, куыд иумæйагæй, афтæ йæ хицæн фæзындты дæр. Уыдон бæрæг рæстæджы сæ дамгъæ нывæрдтой не ‘ппæт культурон-историон цардвæндагыл.

Уыцы аххосæгтæй фыццаг уыд, 1937-38 азты ирон адæмы литературон æмæ куль-турон архайджытæн сæ хуыздæртæ æнæ-азымæй знагиуæггæнæг армæй кæй бабын сты, куыд «адæмы знæгтæ»…

Уыдон æхсæн чысыл литературæйы архайджытæй уыдис 23 фыссæджы.

Дыккаг аххосаг та уый уыд, æмæ æртынæм азты кæрон ирон æвзаджы дыууæ алфавиты конд кæй æрцыд латинаг графикæйæ: Цæгат Ирыстон рахызтысты кириллицæмæ, Хуссар Ирыстон та – гуырдзиаг графикæмæ.

Æртыккаг аххосаг та автор нымайы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты зиæнттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы æртæ аххосаджы бандæвтой æвзæрырдæм нæ культурæйы рæзтыл.

Уæлдай лыстæггай æвзæрст æрцыдысты 40-æм азты кæрон æмæ 50-æм азты райдианы Ирыстоны литературон процес-стæ.

Уыцы рæстæджы ирон литературæйы тынг сцырын вульгарон социологизм. Хадзы-Умар куыд зæгъы, афтæмæй ацы æппæрццаг фæзынд тынг бахъыгдардта ирон ли-тературæйы рæзт хицæн периодты, уыцы нымæцы, дзырд кæуыл цæуы, уыцы заманы дæр.

Йæ зонадон куыстытæн сæ иу хай та баст у 50-æм азты ирон литературон критикæимæ. Хадзы-Умар йæ куысты равдыста, ирон литературон критикæ цы фæндæгтыл рацыд, чи уыдысты йæ зиууæттæ, цахæм зондахаст æмæ дунембарынадыл хæст уыдысты, цы сын бантыст саразын æмæ цы хъуаг уыдысты, уыдæттæ.

Æлборты Хадзы-Умар лæмбынæг равзæрста иуæй-иу æдзæстуарзон критикты фыстытæ, равдыста уыдоны ахаст ирон дзырдаивады хæзнатæм, раргом кодта, куыд цыдысты Мамсыраты Темырболаты, Хъаныхъуаты Иналы, Хетæгкаты Къостайы, Гæдиаты Секъайы, Брытъиаты Елбыздыхъойы, Токаты Алиханы, Кочысаты Розæйы æмæ иннæты сфæлдыстадон бынты ныхмæ…».

Кæй зæгъын æй хъæуы, ныртæккæйы дуджы тынг нæ фаг кæны Æлборты Хадзы-Умары хуызæн литературæ иртасджытæ. Аргъ скæнын æмбæлы нæ адæмæн канд сæ историон цардвæндагæн нæ, фæлæ уый фæдыл цаутæ цы ног литературон уацмыстæ рантысын кодтой, уыдонæн дæр. Уый фæдыл Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист Харебаты Батрадз афтæ зæгъы, бæргæ, Хадзы-Умары маст куынæ бадомдтаид, уæд ын абон иумæ нысан кæниккам йæ юбилей, зæгъгæ. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Хадзы-Умар ныртæккæ, æгас уæвгæйæ, æнæмæнг бакуыстаид æппæт ацы фарстытыл, уымæйдæр ныртæккæ ирон литературон критикæйы кадавар уавæрты. (Чи нын ис ацы къабазы, уыдон фæрнæй цæрæд, фæлæ мах æнхъæлмæ кæсæм сиунаг фæлтæры ныфсджын къахдзæфтæм).

Уæддæр æмæ уæддæр цал æмæ цал æнтыстыстджын къахдзæф акæнын  бантысти Хадзы‑Умарæн йæ фæллойадон архайды къабазы! Йæ бирæ фæлгъуызджын цардвæндаджы æппæты æркæсинагдæр та у йæ поэтикон сфæлдыстад. Абон бæлвырд у, верлибры бæрц ирон литературæйы цæмæй æрфидар уыдаид, рафидыдтаид, уый тыххæй нæ поэты фæллойæн куыд стыр нысаниуæг ис. Нæ номдзыд академик Джусойты Нафи афтæ кæм дзуры, ома, иуæй-иу поэттæн нæхæдæг фæамонæм, цæмæй сæ темæтæ, сæ авналæнтæ уæрæхдæр кæной, æмæ, зæгъгæ, Хаджийæн та уый æнтысы йæхицæн. Уый фæдыл мæнмæ афтæ кæсы, цыма авторæн уæлдай ахъаз фæцис, верлибр, ома урс æмдзæвгæйæ афтæ арæхстджынæй кæй пайда кодта, йæ авналæнтæ, цыма, уый фæрцы рауæрæхдæр сты. Ацы хъуыды канд мæнмæ нæ сæвзæрд, фæлæ ма дзырдаивады къабазы кусджытæй чидæртæ сты ууыл хæст. Зæгъæм уырыссаг поэт Александр Захватин зæгъы: «…Верлибр, таким образом, расширяет эстетические возможности общения автора с его читателями, выходя за рамки традиционных литературных возможностей прозы и поэзии в отдельности…». Йæ уацмысты темæты уæрхыл куы дзурæм, уæд йæ сисы бынæй цынæ темæтæ рацыдис, ирон адæмы историйæ райдай æмæ йæхи царды дугæй фæу. Æмæ Æлборы фырты сфæлдыстады афтæ биноныг цæмæн у урс æмдзæвгæ, уый та баст у, йæ хъус лæмбынæг кæй дардта дунеон литературæмæ дæр. Йе, уый фæрцы Испайнаг поэт æмæ музыкант Гарсия Лорка Хадзы-Умары сфæлдыстадыл йе ʻрмдзæф кæй ныууагъта, уый дæр бафиппаинаг у:

 

«…Рацæуынц хъæлдзæг сабитæ

Хъæлæбагæнгæ скъолайæ,

Сæ хъæлдзæг худт сыздыхсы

Апрелы уддзæфыл.

Йæ улæфт куыд сатæг у

Хæрздæф æнцойадæн!

Уынг æрфынæй, æрыхъуыста

Æвзистзæл худынмæ.»

Г. Лорка.

Кæй зæгъын æй хъæуы, дыууæ авторы æхсæн ис темæтæ æмæ æнкъарæнтæ, дуне уынынад æмæ цардæмбарынады хицæндзинæдтæ, æмæ уымæн æндæр гæнæн нæ уыд. Лоркайæ хъауджыдæр, Æлборы фыртæн йæ цард æгæр раджы кæй аскъуыд, уый баст уыди, йæ поэзи æмæ йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ æгæр арф кæй уыдысты, уыимæ. Хадзы-Умар йæ адæмы ивгъуыды хъæздыгдзинад – йæ уарзт рахаста йæ уды хæзнайау, æмæ уый зыны гуырдзыимæ хæсты агъоммæ йæ уацмысты:

 

«…Ир æмæ денджыз,

Ир æмæ денджыз!

…Мæ иунæджы сагъæс, мæ зæрдæ,

Стæхид, цæргæсау, мæ риуæй

Æмæ фестид æнæсысгæ зарæг

Æнæмæлгæ дунейы сæрмæ…»

Кæд ацы рæнхъыты Райгуырæн бæстæм уарзондзинады тыххæй иу æргом дзырд дæр нæй, уæддæр дзы алкæцы рæнхъ дæр йемыдзаг у уарзты цин æмæ райгуырæн зæххыл  æнувыды æнкъарæнтæй. Уарзты æнцойад ис поэты зæрдæйы, уымæн æмæ уый нырма нæ зоны, рæхджы йæ зарæг хъарæгмæ кæй рахиздзæн:

 

«…Нæ рагон фæндæгтæй,

Нæ ирон фæндæгтæй

Хъус ахсы цъæхснаг,

Ивазгæ

Хъыррыст,

-ррыст,

-ррыст…»

Ныр ралæууыд æндæр дуг¸ поэт раздæрау ис æнкъарæнты цырены, фæлæ ныр фæивта йæ зæрдæйы равг¸ ныр йæ рæнхъытæ дзаг сты æбæрæг фидæны сагъæсæй.

Æлборты Хадзы-Умар йе ʻмдзæвгæты æвдыста йæ философон хъуыды дæр. Иттæг æй æндæвта, мах ацы зæххыл чи стæм, цæмæн цæрæм, цы у нæ хæс. Йæ уыцы сагъæс æмбæхст ис йе ʻмдзæвгæйы «Чидæр махмæ дæр æнхъæлмæ каст»:

 

«Чидæр махмæ дæр

æнхъæлмæ каст,

чидæр махæй дæр

зæрдæ æвæрдта.

Дард кæмдæр

стъалы скаст,

хойы, хойы

дзæнгæрæг зæрдæ…

Уа нæ фæндаг

хæрзцыбыр, дард –

батонæд нæ

алчи йæ зынтæ.

Цæй, ныууадзæм

нæ фæдыл цард –

немæ ахæссæм

Зæххæн йæ рынтæ…»

Ацы фæстаг рæнхъы хъуыды алы æмæ алыгъуызы æвдыстой ирон поэзийы фæдисонтæ, сæ фыццаг, дзырд дæр ыл нæй, Хетæгкаты Къоста:

«…Я смерти не боюсь, холодный мрак могилы

Давно меня манит безвестностью своей,

Но жизнью дорожу, пока хоть капля силы

Останется во мне для родины моей».

 

Кæнæ:

Зæгъгæ мыл абон æрмæйдар –

Мисхал дæр не ʻркæнин мæт.

Исты кæнин æз куырмæй дæр –

Мæ Ирыстон цардæфсæст уæд…

Козаты Исидор

Æнæмæнгдæр, рагон æмæ нырыккон ирон поэттæн сæ фылдæры сфæлдыстады ис бынат фатализмы æндæвдадæн. Хорз у æви æвзæр, уæддæр уыдон арæх фæхъуыды кæнынц сæ мæлæты боныл. Сæ уацмысты æвдисынц, сæ уарзон фыдыбæстæ сын цардæй зынаргъдæр кæй у. Уыдон нымæцы ис Хадзы-Умар дæр. Уый Ганс Андрюсы æмдзæвгæ ратæлмацгæнгæйæ, фыссы:

«Æз куы амæлон,

Радзур-иу бæлæстæн,

Куыд уарзтон дæу…»

Æмæ кæд уый нæ зæрдæскъуыд поэтæн йæ фæдзæхст уыди, уæд йе ʻмдугонтæ, йæ хъæбултæ, йæ бинонтæ æмхуызонæй дзурынц, уый уарзæгой адæймаг кæй уыд, искæйы хъыг райсын æй кæй никуы бафæндыди. Йæ хъæбултæ Æхсæртæг, Агуындæ æмæ Ацырухс сæргуыбырæй мысынц сæ уарзон бабайы аудгæ ахаст. «Цыфæнды зын уавæрты дæр-иу нæ бахъæлдзæг кодтаид йæ хъазæн ынхæстæй», – дзуры йæ чызг Ацырухс. Йе ʻмкъай Челахсаты Галинæ йæ мысинæгты, стыр аргъ ын кæнгæйæ, дзуры, куыд стыр уарзт уыдис Хадзы-Умары зæрдæйы йæ райгуырæн бæстæм. Гуырдзыимæ хæст цалынмæ нæ райдыдта, уæдмæ дæр фыдæх хастой нæ адæммæ. Сомбоны дыууæ æмкъайы алы  æмæ алы рæстæджыты ахуыр кодтой Тбилисы, фæлæ сæ сæртæ никуы æркъул кодтой националистон хъуыдыкæнынадыл хæст гуырдзыйы минæвæртты раз. «Нæхицæн аргъ кæнын зыдтам», – фыссы Галинæ. Никуы фæтарстытсты уыдон фыдæнæн митæн ныхкъуырд раттынæй. Уыдæтты тыххæй Галинæ  лæмбынæг фыссы йæ мысинæгты. Рацыд рæстæг, æмæ гуырдзыйæн уыцы æнæуынондзинад æрзади тугхъулон дыргъты хуызы. Фæстæдæр «Гуырдзыйы нацистон хицауад йе ʻрдонгты куы ʻрбарвыста нæ горæт Цхинвалмæ, уæд сын баба æдæрсгæйæ загъта, ардыгæй уæ рæхджы æфхæрд æмæ надæй фæсурдзыстæм, зæгъгæ», – зæгъы йæ чызг Агуындæ.

Хадзы-Умар никуы фæтарст, фæсвæд никуы алæууыд, йæ райгуырæн бæстæ фæкæсынхъуаг куы уыди, уæд. Архайдта нæ адæмы националон-сæрибаргæнæн дуджы сæвзæргæ къорд «Адæмон ныхас»-ы рæнхъыты. Æвæллайгæйæ куыст, йæ раттæг зæх-хы æнæуромгæ зынтæ стыр зиан ракотой Æлборы фыртæн æмæ уый дæр баххæст кодта нæ зæрдæскъуыд интеллигенци – Дзуццаты Хадзы-Мурат, Хъотайты Георги, Гæбулты Мелитон, Икъаты Владимир, Тедеты Рюрик æмæ æндæрты рæнхъытæ. Æрмæст ма нын зæххыл ныууагъта йæ фæстаг ныстуан:

Æз куы амæлон,

Радзур-иу…

Куыд уарзтон дæу…

ГОДЖЫЦАТЫ Нелли

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.