Цхинвалы Мады Майрæмы Аргъуаны уыд бæрæгбонон Хуыцаумæ скуывд, цыран хайад райстой Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь, Парламенты Сæрдары хæдивæг Мамиты Инал, Аргъуаны службæгæнджытæ æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Хуыцаумæ скъуывд ауагъта Алайнаг Епархийы сауджын фыд Алекси.

«Абон мах бузныг стæм Хуыцауæй æмæ дзы курæг стæм, цæмæй нын тыхтæ радта æмæ нæ хъахъхъæна дарддæр дæр, уымæн æмæ дзы бузныг стæм сыгъдæг зæрдæйæ. Чырыстийы аргъуаны кæддæриддæр вæййы сабырад, уымæн æмæ ам Хуыцау æппæт дæр байдзаг кæны уарзондзинадæй. Мах кæддæриддæр фæкувæм сабырдзинады тыххæй æмæ Хуыцауæн бузныг дзурæм, кæй нæм æрæрвыста, нæ адæмы нын чи хъахъ-хъæдта, ахæм адæймæгты.

Зæххы цъарыл кæмфæнды ма уæм, уæддæр мах кувæм, Хуыцауæй курæм сабырад æмæ алы хатт дæр кувæм, сабырад нæм чи æрхаста, уыцы адæмы тыххæй. Æппæт дæр Хуыцау аразы, уыцы адæмы дæр нæм уый æрæрвыста. Æмæ абон мах иумæ æрæмбырд стæм æмæ кад кæнæм нæ Ирвæзынгæнæгæн, цы хæрзиуджытæ нын радта, уыдоны тыххæй», – загъта фыд Алекси æмæ ныфс бавæрдта, Хуссар Ирыстоны бирæ хъизæмæрттæбавзарæг зæххыл сабырад хъахъхъæд кæй æрцæудзæн æмæ хуссарирыстойнаг адæм бузныг кæй уыдзысты Хуыцауæй, цæмæй нæм къаддæр уа удынцойады службæ, фылдæр та – цины хъуыддæгтæ.

Хуыцау, бахъахъхъæн алкæй дæр», – скуывта уый.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.