Фидауынгæнæджы боны цытæн Дзауы районы Итраписы хъæуы цур, фидауынгæнæг тыхты фыццаг посты бынаты уыд фидауынгæджыты фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджытимæ.

Фидауынгæнджытæн раарфæ кæнынмæ æмæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджыты нæмтттæ æрымысыны сæраппонд, уырдæм æрбацыдысты РХИ-йы Хицауады уæнгтæ Пухаты Эрикы сæргълæудæй, Культурæйы министр Зассеты Жаннæ, республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ.

Фидауынгæнæг батальоны минæвæрттыл сæмбæлдысты ирон æгъдаумæ гæсгæ, æртæ уæливых æмæ бæгæныйы дзаггардзиимæ.

РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик раарфæ кодта уазджытæн æмæ æрымысыд 1992 азы цауты.

«Иууылдæр æй хорз хъуыды кæнынц, 25 азы размæ Хуссар Ирыстоны адæм фидауынгæнджытыл дидинджытæ æмæ царды ныфсимæ куыд æмбæлдысты, уый. Мах никуы ферох кæндзыстæм Ирыстоны рухс фидæны сæраппонд сæ сæртæ нывондæн чи æрхастой, уыцы хъайтарты», – загъта Пухаты Эрик.

Мæдты æмæ æппæт ирон адæ-мы номæй фидауынгæнджытæн раарфæ кодта Сывæллæтты республикон библиотекæйы директор Джиоты Аллæ æмæ банысан кодта, зæгъгæ, номхуындæй, фидауынгæнджыты руаджы абон мах цæрæм сабыр арвы бын.

«Сымах руаджы абон мах цæрæм æмæ цин кæнæм. Ацы бæрæгбон махæн тынг ахсджиаг у», – загъта Джиоты Аллæ.

Гуфтайы астæуккаг скъолайы сгуыхт ахуыргæнæг Къæбысты Соняйы фидауынгæджытæн бафæндыд фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ æмæ бирæ азты дæргъы амондджын цард.

«Мах сымах хонæм нæ адæмы зæдтæ-хъахъхъæнджытæ. Уадз, æмæ уын æххуысгæнæг уæд уаз Георги», – загъта Къæбысты Соня.

РХИ-йы Культурæйы министр Зассеты Жаннæ банысан кодта, зæгъгæ, ацы бæрæгбон у Хуссар Ирыстоны адæмæн иууыл нысаниуæгджындæртæй сæ иу.

«Абон мах æрбацыдыстæм ацы бынатмæ, цыран уыд фидауынгæнджыты фыццаг пост. Ам лæууыдысты уæрæсейаг фидауынгæнджытæ, Цæгат Ирыстоны батальоны фидауынгæджытæ æмæ нæ лæппутæ. Мах бузныг стæм фидауынгæнджытæй се сгуыхтдзинæдты тыххæй», – банысан кодта Зассеты Жаннæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.