1-æм сентябрь 2004 азæй фæстæмæ ирон адæмæн æрмæст Зонындзинæдты бон нæу, фæлæ ма стыр æмæ хъыджы бон дæр. Уымæн æмæ уыцы бон æрцыд ахæм уæззау цау, кæцы уæдмæ уынгæ нæ, фæлæ хъусгæ дæр ничи фæкодта. Тугмондаг æнæадæймæгтæ бацахстой горæт Беслæны 1-æм астæуккаг скъола æмæ ахæм æбуалгъ архайды аххосæй Цæгат Ирыстоны æмбæс-тæгтæй бабын 334 æнæаххос æмæ æнæазым адæймаджы. Уыдон, сæйраджыдæр, уыдысты ахуырдзау сывæллæттæ. Дзæвгар дзы уыдис, фыццаг æмæ фæстаг хатт йæ къах скъолайы къæсæрæй чи бавæрдта, ахæмтæ. Уыд дзы, скъола цы у, уый чи нæ зыдта, фæлæ хъомылгæнджытимæ сæ хистæр хотæ æмæ æфсымæрты чи фæндараст кодтой, ахæм сабитæ дæр.

Ацы æвирхъау трагеди йæхи цæстæй чи федта, тыхст адæмы фарсмæ цалдæр боны чи лæууыд, уыдонæй иу уыд нæ горæты цæрæг Чилæхсаты Гари. Йемæ ныхасы рæстæджы нын уый радзырдта:

– Уæд уыдтæн Мæскуыйы. Ацыдтæн цыдæр хъуыддæгты фæдыл. Фæссихор кастæн централон телеуынынады каналтæй сæ иуы ног хабæрттæм. Хабар фехъуыстон, фæлæ, раст зæгъгæйæ, нæ мæ бауырныдта. Уымæн æмæ уæдмæ дæр куыннæ цыд фыдбылызтæ, фæлæ скъолайы, рæзинаг фæлтæрæн исчи фыццæгæм сентябры ахæм ми бакæна, уый зын бауырнæн уыд. Фæлæ мæнг хабар дæр кæм разындаиккой. Æмæ систон телефон, мæ хиуæттæй адзырдтон сæ иумæ. Бæрæг уыд, теракты фыццаг бон адæм уыйбæрц тыхст нæма уыдысты, алчидæр хъуыды кодта, зæгъгæ, уавæр аскъуыддзаг уыдзæнис æнцонæй, æнæфыдбылызæй, æмæ кæмæ дзырдтон, уый мемæ кæд æдыхстгондæй ныхас кодта, уæддæр уавæр бамбæрстон. Фæстæдæр скусын кодтон мæ машинæ æмæ рараст дæн Мæскуыйæ. Куы æрхæццæ дæн, уæд комкоммæ бацыдтæн скъоламæ. Уымæ æввахс нæ уагътой. Адæм кодтой фылдæрæй фылдæр, алчи дæр сæ архайдта, баивæрза мидæмæ, баххуыс кæной тыхст сабитæн, сæ хъæбултæн. Уым разындысты мæ хо æмæ мæ сиахс, уыдонæн æндæр сæ чызг уыд скъолайы. Тынг тыхстысты, сабыр сæ кодтон, фæлæ уымæй дæр ницы уад.

Уавæр скарз тынгдæр, скъолайæ хъуысын райдыдтой хъæртæ, æхстытæ. Адæм нал зыдтой, цы аразой, лæбурдтой мидæмæ, фæлæ уый йæ къухты никæмæн æфтыд. Фæзындысты тагъд æххуысы машинæтæ дæр. Цæфтæ куы рацæйластой, уæд цалдæрæй абадтыстæм машинæты. Баластой сæ рынчындæттæм, фæстæмæ куы раздæхтысты, уæд тагъд æххуысы машинæты æфсæддонтæ не сгæрстой, æрæмбæхстыстæм æмæ æхсæзæй баир-вæзтыстæм скъоламæ хæстæг-дæр. Зыдтам, скъолайы спортивон залы фыдгæнджытæ цы бынæтты лæууынц, уый æмæ балыгъдыстæм, рудзгуытæй æдасдæр кæм æнхъæлдтам, уырдæм. Ме ‘мбæлттæй дыууæйæ куыддæр мидæмæ багæпп кодтой, афтæ айхъуыст иу тыхджын гуыпп. Чы-сыл фæстæдæр – дыккаг. Стæй уавæр иучысыл фæсабыр. Цыппарæй фæивтам нæ бынат æмæ амбæхстыстæм къулгæрон. Æхстыты фæстæ уыйбæрц рыг сыстад æмæ нæ кæрæдзи уынгæ дæр нал кодтам. Уæдмæ цалдæр æвзонг лæппуйы, бæрæг уыд, хистæр-къласонтæ кæй уыдысты, æрдæгæй уæлæмæ гом æмæ тугæй-дзæгтæй сæ къухты рахастой цалдæр цæфы. Цæфтæй цалдæрыл зынд цардæгасы фæдтæ, фæлæ мемæ чи бацыд, уыдонæй иу разынд мард. Лæппутæн мах дæр феххуыс кодтам æмæ чысыл фалдæр, хибарæй цы цалдæр тагъд æххуысы машинæ уыд, уыр-дæм сæ хъуызгæ-хъуызгæ бахастам.

Уавæр ноджы тынгдæр скарз 3-æм сентябры. Уыцы бонты мæ фарсмæ чи уыд, уыдонæй иуæй дæр нæ фехъуыстон æмæ ацы фыдбылызæн ахæм уæззау фæстиуæг уыдзæнис. Цы уыдис æмæ федтон, уый мæныл бандæвта тынг. Уый фæстæ фæцудыдта ме ‘нæниздзинад, цасдæр рæстæг нал кодтон мæ сæрæн. Абон дæр цæрын хосты фæрцы. Æппæт уыдæттæ куы ‘рымысын, уæд мæ зæрдæ дæр бавзæр вæййы. Ирон адæм фидар сты, æндæра куыд бафæрæзтой ахæм стыр æнамонддзинадæн. Цалдæр хæдзарæй уæд фесæфтой æртыгай хъæбултæ. Иу хæдзарæй та, дам, дзы бабын цыппар удгойма-джы.

Уыцы хъизæмар æмæ зæрдæскъуыдтæгæнæн бонты фæстæ мæ хо æмæ ме сиахсимæ республи-кæйы рынчындæтты кæм нæ уы-дыстæм, ахæм нал баззад, фæлæ иунæг ран дæр нæ разынд мæ хойы хъæбул. Моргмæ бацæуыны хъуыдыйæ та тæрсгæ дæр кодтам, фæлæ нын æндæр гæнæн дæр нал уыд æмæ уырдæм дæр бацыдыстæм. Цы мæрдтæ ма дзы уыд, уыдон ахæм мæгуырау уавæры уыдысты æмæ сæ сæ хиуæттæ зонгæ дæр нæ бакодтой. Мæ хойы чызджы базыдтам æрмæстдæр экспертизæйы фæрцы.

О, стыр Хуыцау, ахæм æнамонд-дзинæдтæй бахиз æрмæст ирон адæмы нæ, фæлæ æгас дунейы адæмты дæр. Ахæм ми чи бакодта, уыдонæн та тæрхонгæнæг у дæхæ-дæг.

Гæззаты Иван

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.