Æрæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад бахаста барасткæнинæгтæ депутатты куыстмыздтæ сфидар кæнын æмæ материалон ифтонгады фæдыл Уагæвæрдмæ, уымæн æмæ ацы аз 1 январæй Хуссар Ирыстоны Парламент рахызт профессионалон бындурмæ.

Ацы ахсджиаг фарстыл дзырдта дунеон информацион агентад «Спутник»-ы пресс-центры эксперт Хъотайты Мария йæ æрвылкъуырион брифинджы рæстæджы.

Бæстæйы Парламенты профессионалон бындурмæ ракæныныл дзырд цыд рагæй. Уыцы хъуыды раразмæ кодта уæды Парламенты Сæрдар æмæ ныры Президент Бибылты Анатоли. Йæ фарс балæууыдысты парти «Иугонд Ирыстон»-ы депутаттæ æмæ иннæ æртæ партиты минæвæрттæй дæр бирæтæ.

Хъотайты Марияйы хъуыдымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны Парламент профессионалон бындурмæ кæй хизы, уымæн йæ сæйраг нысан у депутаты эффективон куыст фæбæрзонддæр кæнын. Уымæй дарддæр профессионалон Парламенты депутатæн хъуамæ хорз уавæртæ арæзт уа кусынæн, суанг бæрзонд куыстмызды онг.

Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдары ныхæстæм гæсгæ, ныр уыдонæн уыдзæн фаг рæстæг сæ æвæджиаг хæстæ æххæст кæнынæн, кæннод æмбырд кодтой æрмæстдæр сесситы æмæ президиумы рабадтыты рæстæджы.

«Ныртæккæ та депутат хæсджын у æдзухæй уа йæ куысты бынаты, ома, Парламенты æмæ архайа йæ æвæджиаг куыст бакæныныл. Уымæй уыдонæн уыдзæн фадæттæ, цæмæй фылдæр рæстæг здахой æвзарджыты проблемæтæм», – банысан кодта уый.

Ног закъондæттынады нормæтæм гæсгæ Парламенты депутаттæн нæй уыцы-иу рæстæджы къухдариуæгады æххæстгæнæг органты кусыны бар. Бар сын ис æрмæстдæр ахуыргæнæджы куыст кæнын, сфæлдыстадон æмæ зонадон архайд кæнын.

Фæлæ ныр Парламент профессионалон бындурмæ кæй рахызт, уый депутатты ноджы авторитетондæр кæны,  разæнгард сæ кæны куыстмæ.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.