Хетæгкаты Къостайы райгуырæн боны цытæн сæ хъуыдытæ дзурынц 6-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ (сæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ).

                                                Къоста – Ирыстоны хур

      Ирон дзырд дæр Хуыцаумæ уыд фыццаг,

      Фæлæ йæ радта уарзонæй йæ фыртæн 

      Ирон дзырдæн йæ хицау ныр – Къоста.

                                                     Хъодзаты Æхсар 

Къоста… Ацы ном тæмæнтæ калы, тырысайау фæйлауы нæ сæрмæ нæ райгуырынæй нæ амæлæты бонмæ. Æнæхъæн дунейыл айхъуыст ацы ном. Æмæ уый хуымæтæджы афтæ нæу. Къоста уыйас сарæзта Ирыстонæн æмæ ирон адæмæн, æмæ диссаг дæр уыдаид афтæ куыннæ ахъæр уыдаид йæ ном, уæд.

Къоста у “гыццыл” ирон адæмы стыр поэт. Зæгъæн ис æмæ æнæхъæн Ирыстоны Къоста слæууын кодта йæ къæхтыл, фенын сын кодта царды рухсмæ фæндаг. Зын рæстæджы Къоста уыд сæ иунæг ныфс.

Къоста æрмæст йæ мыггагæн нæ, фæлæ æппæт Ирыстонæн дæр скодта кад, йæ намыс анхъæвзта дæрдтыл, ирон адæмы базонын кодта дунейæн, адæмы `ргом аздæхта Ирыстонмæ, ирон лæджы удыхъæдмæ.

Къостайæн Ирыстон у йæ раттæг мад, Ирыстонæн та Къоста у йæ кад æмæ намыс. Къоста бæллыд цæмæй ирон адæм феной æндæр цард, хуыздæр цард. Кæд хицæуттæ бирæ хæттыты хъавыдысты Къостайы басæттынмæ      йе `мдзæвгæты цы карз ныхæстæ фыста, уыдоны  тыххæй, уæддæр   нæ асастой Къостайы ныфс æмæ  йæ Ирмæ, йæ адæмы уарзт.

Кæд цалдæр хатты хаст æрцыди æмæ йæ царды фылдæр хай æрвыста  Ирыстоны æддейæ цæргæйæ, уæддæр йæ хъуыдыйы алыхатт дæр уыдис Ирыстон æмæ архайдта Ирыстоны сæраппонд.

Къоста йе `мдзæвгæты равдыста ирон адæмы уавæр, сæ зын цард, сæ фыдæбæттæ:

«Нæй кад мæгуыр лæгæн йæ куыстæн,

Йæ сихор, йе ‛хсæвæр – йæ мæт

Йæ уат ыскъæт, зыгуым – йæ лыстæн,

Хъæбæр йæ цъæх хуыссæн нымæт».

Ирон саби авдæнмæ базонгæ вæййы Къостайы æмдзæвгæтимæ. Кæсыс сæ, æмæ цыма бынтон хуымæтæг сты, цыма сæ автор йæхæдæг ныхас кæны демæ, афтæ нæм фæкæсы, фæлæ сæ кæуылты арф хъуыды ис …

Алы адæмæн дæр хъуамæ уа ахæм адæймаг, кæцыйæ уыдзысты сæрыстыр, кæцыйы фæрцы сæ бон уыдзæн слæууын иннæ адæмты æмрæнхъ æнæ зæрдæхудтæй. Ирон адæмæн ахæм адæймаг у Къоста.

Къоста – не стъалы, нæ сæрылхæцæг. Къоста цæры нæ зæрдæты, нæ хъуыдыты.   Къоста у нæ кад, нæ намыс. Мах стæм амондджын адæм, Къоста нын кæй ис, уымæй.

Гаглойты Вероникæ, 10-æм кълас

 

                                                 Къоста – нæ фарн

«Поэтæн йæ царды ис æрмæстдæр райгуырæн бон, нæй йын мæлæн бон», – афтæ нæй мæлæты бон нæ номдзыд адæймагæн, фыссæг, нывгæнæг, æхсæнадон архайæг – Къостайæн дæр. Къостайы фæрцы дуне базыдта Ирыстон æмæ йæ адæмы. Къоста радта адæмæн йæ зæрдæйы хъарм. Мах куы ахъуыды кæнæм Ирыстоныл, уæд æппæты фыццаг нæ хъуыдымæ æрцæуы ном «Къоста». Къоста у Ирыстоны ном æмæ кад, йæ зонд æмæ йæ уд, йæ тых æмæ йæ лæугæ мæсыг. Уымæ гæсгæ Къостайы райгуырæн бон ссис Ирыстоны адæмæн кады бæрæгбон, æппæтадæмон бæрæгбон.

Ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæджы зонынц фæсарæнты дæр. Стыр аргъ ын кæнынц. Хетæгкаты Къоста йæ сæйраг нысаныл нымадта адæмы сæрибардзинадыл тох кæнын. Æфхæрд æмæ мæгуыр адæмы сæрыл хæцыди. Уый æрцыд ацы цардмæ, цæмæй мæгуыр лæджы талынг зæрдæйы рухс ссудза. Йæ алы ног зарæг дæр адæмæн хаста ныфс, æууæндын сæ кодта хорз цардыл, хорз фидæн сын кæй уыдзæн, ууыл.

Ирыстон Къостайæ хуыздæр никæй радта, æмæ Ирыстонæн Къостайæ фылдæр ничи радта. Къостайы æмдзæвгæтæ адæм зонынц æнæкæсгæйæ, дзыхæй-дзыхмæ сæ лæвæрдтой фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Ирон адæм æй уарзтой æмæ йæ уарзынц. Алчидæр нæ хъуыды кæны Къостайы фæдзæхст

– Ме ’фсымæртæ кæрæдзи уарзгæйæ цæрут!

Мах Къостайы фæдзæхст ма хъуамæ рох кæнæм, хъуамæ йæ æххæст кæнæм.

Къоста сабитæн бирæ фыста. Ис ын чиныг «Зæрватыкк», йæ бынмæ та фыст: «Мæ лæвар ирон сывæллæттæн».

Мæнæн дæр мæ уарзондæр фыссæг у Къоста, æмæ мын тынг æхсызгон у абон фæсивæд Къостайы фæдзæхстытæ, Къостайы ныхасыл кæй хъомыл кæнынц. Цæудзысты азтæ æмæ Кьостайы ном кæндзæн бæрзондæй – бæрзонддæр, кадджынæй-кадджындæр.  Къостайы ном цæрдзæнис æнустæм ирон адæмы зæрдæты.

Кокойты Мария, 10-æм кълас

 

 

                                             Къоста – Ирыстоны кад

Ивгъуыд дуджы æнтыснæг тарæй,

Уый сидтис рухс бынтæм фæдис

Хæххон цæргæс ыстахтис Нарæй,

Зæххыл æмбисондæн фæцис.

                                    Пухаты Алыксандр

Къоста – поэтикон дзырды стыр дæсны. Къоста – патриот, Къоста – йæ Фыдыбæстæйы аккаг фырт. Стыр æмæ кадджын у Къостайы патриотон сгуыхт, уый йæ адæмæн скодта кад æмæ ном, хъахъхъæдта сын сæ бартæ, хаста сын сæрибар, кодта сæ рухсмæ. Нæ бон у фидарæй зæгъын: «Къоста уыд йæ рæстæджы Амыран, ирон Прометей. Уыдон адæмæн арвæй æрхастой зынг, Къоста та махæн радта рухс хъуыдытæ æмæ рæсугъд аивад.

Чиныг кæй нæ уыд, уый фыдæй ирон адæм æнусæй-æнусмæ æгомыгау уыдысты, дунетæн зæгъын нæ фæрæзтой сæ бирæ удхæрттæ, се ‛фхæрд, сæ цинтæ, сæ бæллицтæ. Æмæ райгуырд Къоста, радта нын «Ирон фæндыр», кæцы ссис ирон адæмæн рухс цардмæ фæндагамонæг.   Къостайы «Ирон фæндыр» махæн бауарзын кодта поэзи æмæ мадæлон æвзаг.

Бонвæрнон стъалы – хæссы нын боны рухс æмæ царды фарн. Йæ зарæг махæн у царды хур – уый нын рухс кæны нæ фæндаг ахуырад æмæ зонады бæрзæндтæм. Уый нын амоны рæстæй цæрын, рæстдзинад æмæ сæрибарыл тох кæнын. Цыдæриддæр хорзæй, бæллиццаг æмæ рæсугъдæй ис, уыдон ирон дзыллæ уынынц Къостайы хуызы.

Адæм афтæ фæдзурынц: «Хур æмæ мад зæронд нæ кæнынц». Нæ зæронд кæны Къостайы поэзи дæр, уый æвидигæ у суадонау æмæ нæ адæмæн хæссы царды хос.

Санахъоты Ланæ, 10-æм кълас

 

Къоста – Ирыстоны кад

Ирон литературæйы фыццаг классик – мæлæт кæмæн нæй, уыцы Къостайы ном лæууы æгас дунейы раззагдæр нæмтты æмрæнхъ.

Зæронд Ирыстоны æнтъыснæг уавæрты уый ссис поэт, прозаик, драматург, нывгæнæг, публицист æмæ æхсæнадон кусæг.

XIX-æм æнусы дыккаг æмбисы ирон адæм цы уæззау æмæ тухиты цард кодтой, уый тынг раст æвдисы Къоста йе `нæмæлгæ æмдзæвгæ «Додой»-ы:

«Фидар рæхыстæй нын нæ уæнгтæ сбастой,

Рухс кувæндæттæй хынджылæг кæнынц.

Мард нын нæ уадзынц, нæ хæхтæ нын байстой,

Стырæй, чысылæй нæ уистæй нæмынц».

Къостайæн цæстысындзау, йе ‘нæуынон уыдис, адæймаг адæймаджы туг кæм цъырдта, уыцы тыхгæнæг æмæ æфхæрæг цардарæзт. Къоста тызмæгæй уайдзæф кодта, адæмы рыст чи ницæмæ дары æмæ йæхи цардамонд дзыллæты цагъардзинадыл æмæ хъизæмæрттыл чи аразы, уыдонæн.

Къоста йæ хуыздæр уацмысты равдыста адæмон сфæлдыстады æнаипп рæсугъддзинад, адæмон æмбисонды кадджытæ æмæ зарджытæ цы уыдысты, уымæй сæ ноджы фæрæсугъддæр кодта   йе `рттиваг курдиаты руаджы. Тынг уарзта кафын æмæ зарын.Йæ уарзон зарæг уыд «Бигъаты Сосейы зарæг».

Къостайы сфæлдыстад кæддæриддæр сидтис æмæ сиды адæмы амондыл тохмæ, æфхæрджыты æмæ фыддзинады ныхмæ.

Къоста фыццаджыдæр, уыд ирон адæмы сæрхъуызой, фæлæ уыцы-иу рæстæг йæхи хуыдта дунейы хъæбул, йæ Фыдыбæстæйы та – æгас дуне.

«Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин,

   Арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры хъазт, –

Дунеты се ‘ппæт мæхимæ æрхонин,

 Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст.»

«Къоста адæмты æфсымæрдзинадыл канд йæ поэтикон æмæ публицистон сфæлдыстады нæ дзуры, – фыссы Джуссойты Нафи –  Уый йæ царды дæр уыд адæмты æфсымæрдзинады идеал бæрзонд  чи хаста, ахæм адæймаг».

Къоста бæрзонд хаста адæмты ’хсæн хæлардзинады æмæ æфсымæрдзинады тырыса æмæ йын уыдон дæр стыр аргъ кодтой.

Къоста æдзухдæр у фæлтæрты æмдугон, рæстдзинады тырысайы бын сæ цырен кæны Ирыстонæн лæггад кæнынмæ, иудзинадмæ, адæмты æфсымæрдзинадмæ, хоны сæ «рухсмæ æнæзивæг».

Мах, кæстæр фæлтæр дæр архайдзыстæм æмæ йæ номимæ цæудзыстæм царды раст фæндагыл, Ирыстоны фарнæн, амондæн, ирон дзырды рæсугъд фидæнæн.

Плиты Аннæ, 10 кълас

 

  Къоста – Ирыстоны кад

Хетæгкаты Къоста ирон адæмы царды стыр бынат ахсы. Къоста йæ царды бирæ балæггад кодта Ирыстонæн, æрмæстдæр бæллыди йæ адæмæн хорздзинад саразынмæ.  1899 азы уагъд æрцыд Къостайы чиныг «Ирон фæндыр».

Къоста уыди æхсæнады активон тохгæнæг. Уый тынг хорз æвдыста  мæгуыр фæллойгæнджыты зын æмæ уæззау цард.

Къоста ирон аив поэзийæн куыд æрæвæрдта бындур, афтæ аив нывгæнæгæй дæр уый ралæууыди. Йæ уацмыстæ куыд зæрдæмæхъаргæ сты афтæ зæрдæ агайынц йæ нывтæ дæр. Къостайы фыццаг ныв уыд «Дурсæттæг сабитæ». Иннæ нывтæй уæлдай йæ йæхæдæг дæр бирæ уарзта, æвæццæгæн, сабиты бирæ кæй уарзта, уымæн.

Диссаг у уый, æмæ иу адæймаг уыййас куыст куыд бакодта. Уый уыдис поэт, драматург, публицист, этнограф, нывгæнæг, æхсæнадон кусæг.

Къостайæн стыр аргъ кæнынц æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ æгас дунейы. Уымæн та æвдисæн у уый дæр æмæ йын йæ чингуытæ алы æвзæгтæм кæй ратæлмац кодтой, алы горæтты йын йæ цырт кæй сæвæрдтой.

Къоста у Ирыстоны ном æмæ кад, йæ зонд æмæ йæ уд. Йæ удæгасæй Къоста хъаст кодта, зæгъгæ, ничиуал зондзæн мæ цырт, фæлæ Къоста йæхæдæг йæ уацмыстæй скодта йæхицæн æнæмæлгæ цырт: Цалынмæ зæххыл ирон дзыхæй дзурæг уа, уæдмæ ирон адæм кад кæндзысты. Уыдонимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мах дæр.

Багаты Вероникæ, 10-æм кълас

 

Мæ уарзон фыссæг

Хетæгкаты Къоста у мæ иууыл уарзондæр фыссæг. Йæ ном мын у тынг зынаргъ. Хæрзчысылæй фæстæмæ  хъомыл кæнын Къостайы æмдзæвгæтыл. Мæ баба иу мæ гыццылæй йæ хъæбысы сбадын кодта æмæ-иу мын амыдта Къостайы æмдзæвгæтæ. Скъоламæ бацæуыны кармæ сахуыр кодтон сæ фылдæры. Зæгъæм: «Уасæг», «Гино», «Кæмæн цы…», «Зæрватыкк», «Цъиу æмæ сывæллæттæ» æмæ бирæ æндæртæ.

Ныр сæ мæхæдæг амонын мæ гыццыл хойæн. Мæхæдæг та йын зонгæ кæнын дарддæр йе сфæлдыстадимæ.

Бибылты Анастасия, 5-æм кълас

 

Къоста ирон адæмы тырыса

Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста райгуырдис Нары хъæуы. Хæрзчысылæй райдыдта æмдзæвгæтæ фыссын. Æз ын уарзын йе ’мдзæвгæтæ æмæ сæ тынг зæрдæргъæвдæй ахуыр кæнын.  Сæ фылдæры æвдыст цæуы  уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ, йæ хорз ахаст сабитæм, æрдзмæ.

Тох кодта цагъаргæнджыты ныхмæ. Йæ мæгуыр адæмы сæрыл тох кæныны тыххæй иу арæх æрвыст æрцыд Ирыстонæй, фæлæ йæ хъуыдытæ алыхатт дæр баст уыдысты йæ раттæг адæмимæ.

Къоста у ирон адæмы æрттивгæ минæвар.  Æз тынг уарзын Къостайы æмдзæвгæтæ дзурын.

Дыгъуызты  Элизæ, 5-æм кълас

 

 

 Сабиты хæлар

Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста у ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг, фыццаг ирон нывгæнæг, поэт, публицист, тæлмацгæнæг.

Мæнмæ Къоста кæсы тынг тыхджын, хъæбатыр, рæдау адæймаг, кæцы æмбæлы аргъæутты дунейы. Уый уыд мæгуырты, сидзæрты, сабиты хорз хæлар.

Мах, кæмфæнды ма уæм, уæддæр нæ Къостайы номæй базонынц æмæ нын аргъ кæнынц куыд йе ’мзæххонтæ, афтæ. Ацы уавæр, мах, хæсджын кæны, цæмæй уæм цæвиттойнаг, æгъдауджын, кадджын.

Къоста йæ иу æмдзæвгæйы афтæ фæдзæхсы: «Дæ фыдæлтæ рухсаг, дæхæдæг мын бæзз!». Æз кæд нырма чысыл дæн, уæддæр архайдзынæн, цæмæй Къостайы фæдзæхст æххæст кæнон æмæ йæ номæн аккаг чызг уон.

Æз сæрыстыр дæн мæ уарзон фыссæг Къостайæ.

  Гæбæраты Стеллæ,  5-æм кълас

 

Къоста – нæ Иры хур

Къоста у Ирыстоны намысы тырыса, йæ кад æмæ цыт. У мæ иууыл уарзондæр фыссæг. Мæ чысылæй фæстæмæ мын мæ мад æмæ мæ нана ахуыр кæнын кæнынц Къостайы æмдзæвгæтæ. Тынг сæ бауарзтон. Ис нæм тынг бирæ чингуытæ, фæлæ Къостайы æнæмæлгæ чиныг «Ирон фæндыр» æвæрд у æппæты уæллаг тæрхæгыл. Уыцы чиныг уæлдай уарзондæр у мæнæн, уымæн æмæ мæм æрхæццæ ме стыр нана Цхуырбаты Елизаветæ Иваны чызгæй (кæцыйы ном хæссын æз æмæ дзы дæн сæрыстыр). Уый  æппæтæй дæр йæ цард снывонд кодта ирон æвзаг æмæ литературæйæн.

Æз тынг уарзын Къостайы æмæ йын æххæст кæндзынæн йæ зондамындтытæ.

Къостайы бæллицтæй, хъыгагæн, бирæтæ абон дæр нæма сæххæст сты. Фæлæ Къостамæ ис ахъаззаг фæрæз – хъуамæ нæ алчи дæр арф хæсса йæ зæрдæмæ «искæй зындзинад», «дунейы хæрзтæй нæм хуыздæр кæса «уарзондзинад».

Уæдæ уарзæм кæрæдзи æмæ зæрдæрайгæйæ цæрæм.

Коцты Елизаветæ, 5-æм кълас

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.