Цæгат Ирыстон-Аланийы горæт Мæздæджы уагъд æрцыд ирон профессионалон музыкæ, дирижер æмæ педагог Галаты Барисы мысæн сфæлдыстадон изæр. «Ирон сфæлдыстадон фæсивæды кумир Черноярскоейы станицæйы кæй райгуырд æмæ схъомыл, уымæ гæсгæ мысæн мадзалы кадджын уазджытæ систы ацы станицæйы цæрджытæ, кæцыты ‘хсæн уыдысты аивады зынгæ архайæджы фæдонтæ дæр.

Галаты Барисы номыл фонды директор Гаглойты Лианæ радзырдта Галайы фырты ног æрмæджыты, нывты æмæ документты тыххæй, кæцытæ систы стыр фоторавдысты иу хай. Алчи нæ зоны Тугъанты Махарбегимæ тандемы, афтæ ма  Галаты Барис фыццаг музыкалон драмæ «Батрадз»-ы автор кæй уыд, уый тыххæй. «Мæнæн æхсызгон у, мæ зынгæ фыдæл Галаты Барисы мысæн мадзалы хайад кæй райстон, уый», – банысан кодта зынгæ архайæджы фæдон Галаты Ростислав. Фонды бындурæвæрджытæ радзырдтой, Мæздæджы районы, Галайы фырты райгуырæн бæстæйы æрвылаз дæр марты мæйы культурон мадзæлттæ уадзын кæй фæнд кæнынц, уыцы плæнтты тыххæй. Уымæй дарддæр ма æввахс рæстæджы райдайдзысты кусын Галаты Барисы сфæлдыстадимæ баст сывæллæтты конд нывтимæ чиныг рауадзыныл дæр, кæцыты сныв кæндзысты ацы районы сывæллæттæ. Æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодтой Галайы фырты куыстытимæ, афтæ ма сын радзырдтой, абон ын йе сфæлдыстадон куыстыты тыххæй æнæхъæн дуне кæй зонынц, уый фæдыл дæр. Уыдоны фæдыл у документалон фильмты цикл дæр, кæцытæ арæзт æцыдысты Фонды бындурæ-вæрджыты æмæ музыкалон аивадæн аргъгæнджыты хъæппæрисæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.