Бирæ дзурæн ис Советон Цæдисы хорзæй æмæ æвзæрæй цы уыдис, уый тыххæй. Фæлæ 70-æм азты æрмæстдæр иу эксперименты тыххæй базонгæйæ, сымах дæр уæ хъуыды фæивдзыстут бирæ цæйдæрты фæдыл.

Эксперименты ном хуындис «Столовая на доверии»

70-æм азты æмбисы Советон Цæдисы ауагътой æнахуыр эксперимент. Заводтæй сæ иуы хæрæндонæй айстой кассиры æмæ дзы йæ бæсты æхца æмбырд кæныны тыххæй сæвæрдтой тæбæгъ. Чидæриддæр цыд хæрæндонмæ, уыдон хъуамæ сæхæдæг истаиккой хæринаг, æмæ æхца та тæбæгъыл æвæрдтаиккой, фæстæмæ сæм цы æмбæлд, уыцы æхцайæн дæр райсæн уыд тæбæгъæй. Нæ дзы уыд, йæ хъус адæммæ чи дардтаид, ахæм контролертæ, хъахъхъæнджытæ кæнæ æндæр персонал. Алцыдæр бындуриуæг кодта советон адæмы намысыл. Эксперимент снысан кодтой 30 боны æмгъуыдмæ, хатдзæгтæ йын арæзтой æрвылбон дæр. Эксперименты фыццаг бонтæй фæстæмæ боны дæргъы æфтиæгтæ къаддæрæй къаддæр кодтой.

Никæйы фæндыд советон адæмы æнæнамысдзинадыл æууæндын

Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, эксперимент уагъд цыд кæронмæ. Æмæ… мæнæ диссаг, иу хатт бонæн хатдзæгтæ аразгæйæ, экспериментатортæ сбæрæг кодтой иннæ бонтимæ абаргæйæ, бирæ фылдæр æхца кæй æрæмбырд ис, уый. Фæлæ йæ не ‘мбæрстой, хъуыддаг цæй мидæг ис. Суммæ бæрæг фæфылдæр, эксперименты уый размæ æнæнтыст бонтæм абаргæйæ. Экспериментатортæ сахуыр кодтой уавæр æмæ сбæрæг кодтой, уыцы бон адæм райстой сæ куыстмызд æмæ раздæхтой цы сæм æмбæлд, уымæй фылдæр æхца. Абоны бон ахæм экспериментыл ахъуыдыгæнæн дæр нæй. Цыфæнды ма дзурой, уæддæр Советон Цæдис зыдта æцæг адæймаг, патриот æмæ æмбæстаг схъомыл кæнын.

Кæд хъомысджын Советон Цæдисы ныппырхæй 33 азы рацыд, уæддæр советон адæм абоны онг дæр æрæмысынц сæ сабыр царды, сæ сомбоныл æууæнкдзинады рæстæг. Кæй зæгъын æй хъæуы, Цæдисы уыд йæхи цухдзинæдтæ дæр, фæлæ йæ хорздзинæдтæ уыдысты бирæ фылдæр. Цард бирæ сыгъдæгдæр æмæ цымыдисондæр уыд. Адæм кæрæдзийæн тынгдæр кад кодтой, кæрæдзийыл тынгдæр æууæндыдысты. Уымæн æвдисæн сты бирæ цаутæ. Уæрæсейы бæрæгбонты рæстæджы иууылдæр равдисынц советон рæстæджы ист кинофильмтæ æмæ уыдонмæ кæсгæйæ адæймаг баулæфы. Æвдыст сæ цæуы адæймаг æхцондзинад цæмæй райса, ахæм кадртæ, æцæг сыгъдæг цард.

Абон интернет-тыгъдады та фенæн ис бирæ негативон цаутæн. Ныртæккæ адæм кæрæдзийыл цъыф куыд калынц, афтæ уыцы рæстæджы нæ уыд. Кæмæ фæмæсты уай, ууыл цыфæнды дæр æрбаймыс æмæ йæ Интернеты апарахат кæн. Уымæй дæр – нæ мадæлон ирон æвзагыл нæ фыссынц, фæлæ уырыссагау æмæ сæ афтæмæй не знæгтæ дæр кæсынц æмæ ныл худæгæй мæлынц. Нæхи сæ фæндиаг кæнæм. Чизоны исчи афтæ зæгъа, зæгъгæ, уæд Интернет нæ уыд, æмæ кæрæдзийы уымæн не ‘фхæрдтой, фæлæ уый бынтон афтæ нæу. Адæймаджы куы бафæнда, уæд уавæртæ ссардзæн цъыф бакалыны тыххæй. Уыцы рæстæджы дæр иуæй-иу адæймæгтæ фыстой анонимон фыстæджытæ, фæлæ абон цы цъаммар дзыхæй пайда кæнынц, уыдонимæ сын абарæн дæр нæй. Фæлæ-ма йæ ноджыдæр зæгъон – уæд адæм кæрæдзийæ тынгдæр аргъуц кодтой. Советон Цæдисы рæстæджы чи баууæндыдиад афтæхуыйнæг «Голая вечеринка»-тæ ауадзын. Æвзæр цæвиттон хæцгæ низæй уæлдай нæу æмæ куыддæр Мæскуыйы ауагътой «Голая вечеринка», афтæ сæ уайтагъд бафæзмыдтой Цæгат Ирыстоны Фыййагдоны дæр. Абоны онг дæр ма йæ кой кæнынц, фæлæ дзы кæй бафхæрдтой æмбæлонæй?.. Концертты кæнæ æндæр мадзæлтты рæстæджы сценæмæ æрдæгбæгънæгæй чи рахызтаид советон рæс-тæджы. Кæй зæгъын æй хъæуы, ничи!

Фæлæ æртæ адæймаджы – Борис Ельцин, Леонид Кравчук æмæ Станислав Шушкевич аскъуыддзаг кодтой адæмты хъысмæт æмæ 1991 азы 8-æм декабры «Беловежская пуща»-йы сæ къухтæ æрфыстой Советон Цæдисы уæвынад æруромыны тыххæй æмæ нæ сабыр цардæй мур дæр нал аззад, сæ цард зындон фестад. Советон Цæдисы – Уæрæсейы империйы уæвынад кодтой 150 нацийы, адæмы хаттытæ. Уыдон иууылдæр барвæндæй бацыдысты Цæдисы скондмæ æмæ цардысты хæларæй.

Советон Цæдисы чи нæ рацард, уый уыцы рæстæджы царды ад нæ бамбардзæн, цасфæнды йын ма дзурæм йæ хорздзинæдтыл, уæддæр. Адæймаг æй йæхæдæг хъуамæ банкъара. Уæд, æгæрыстæмæй, цин æмæ худгæ дæр æндæгъуызон, æппæт зæрдæйæ кодтой адæм. Хиуæттæ, зонгæтæ, æмбæлттæ уæд кæрæдзийы хæдзæрттæм уазæгуаты куыд цыдысты, ныр афтæ нал у. Арæх фехъусæн ис ахæм ныхæстæн, зæгъгæ, кæд нын нæ къух амонынц мобилон телефонтæ, уæддæр сæ куы никуы æрæмысыдаиккой. Уымæн æмæ, дам, ныр дæ хионмæ цæугæ ма æрбакæн, фæлæ йæ телефонæй афæрс куыд цæры, уымæй æмæ ууыл хъуыддаг фæвæййы. Афтæмæй адæм, æгæрыстæмæй, хиуæттæ дæр кæрæдзийæ дард кæнынц…

Советон Цæдисы рæсæтджы-иу алыгъуызон продуктты æргътæ Ног азмæ фæныллæгдæр кодтой, ныр та сæ фылдæр фæныллæгдæр, æртæ хатты. Иуныхасæй, бирæ сты Советон цардуаджы хорздзинæдтæ, фæлæ сыл иу уацы æрдзурæн нæй. 25-æм декабры Горбачев отставкæйы ацæуыны тыххæй куы фехъусын кодта, уæд киносценарист Анатолий Гребнев ныффыста: «Фæцис Советон Цæдис! Уый адæймаджы уырнгæ дæр нæ кæны! Фæлæ цæмæдæр гæсгæ циндзинад нæ банкъардтам».

Куыд зонæм, афтæмæй Советон Цæдисы ныппырх хорзæй ницы æрхаста адæмæн, уæлдайдæр та чысылнымæц нацитæн. Гуырдзыстон хæдбардзинад куы райста, уæд та сфæлхатт кодта йæ фашистон сырдон митæ 20-æм азты куыд уыд, афтæ æмæ хуссарирыстойнаг адæмæн сарæзта дыккаг геноцид. 20 азы дæргъы цы тухитæ æмæ фыдæвзарæнтæ бавзæрстам, уыдонæн æвдисæн сты, уыцы азты ам, Хуссар Ирыстоны чи уыд, уыдон иууылдæр. Абон дæр ма бирæтæ æхсызгонæй æрæмысынц Советон Цæдисы рæстæджы сабыр æмæ цымыдисон цæрдтытæ, фæлæ, сын, хъыгагæн, раздахæн нал ис… Æниу царды цы нæ æрцæуы, ахæм нæй æмæ…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.