Зынгæ ирон спортсмен, ирæтты ‘хсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй Советон Цæдисы фыццаг чемпион Гæбæраты Серги Нестъоры фырты райгуырдыл сæххæст 95 азы. Уый ма уæгъдибар хъæбысхæстæй йе спортивон карерьæйы ирæттæй фыццаг ссис дунейы чемпионаты призер дæр. Уыд самбойæ Советон Цæдисы чемпион, афтæ ма Советон Цæдисы спорты сгуыхт мастер.

Зынгæ спортсмен Гæбæраты Серги нымад цæуы уæгъдибар хъæбысхæстæй    ирон скъолайы бындурæвæрæгыл. Уæгъдибар хъæбысхæстæй æмæ самбойæ дунеон æмвæзадыл йе стыр æнтыстытæ ахъаз кодтой спорты ацы хуызы рæзтæн куыд хуссары, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр. Уый йæ рæсугъд хъæбысхæстæй йæхимæ æркæсын кодта дунейы æмæ афтæмæй скад æмæ базонын кодта йæ радтæг Ирыстоны.

Гæбæраты Серги Нестъоры фырт райгуырд 1928 азы Знауыры районы Мугуты хъæуы. Хæрзæвзонгæй бауарзта спорты архайын, регулярон æгъдауæй хайад иста хъæбысхæстæй хъæууон ерысты æмæ-иу алыхатт дæр фæуæлахиз йæ ныхмæлæууæгыл. Ерыстæм-иу æрæмбырд сты бирæ ирон æмæ гуырдзиаг хъæуты цæрджытæ æмæ-иу цымыдисæй кастысты Сергийы архайдмæ. Тренировкæтæ кодта йæхæдæг æнæ тренерæй, уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны спортивон скъолатæ кæй нæма уыд, уымæ гæсгæ. Уыцы иу рæстæджы архайдта хъæбысхæсты дæр æмæ уæззау атлетикæйы дæр, фæлæ уæгъдибар хъæбысхæстæй Гуырдзыстоны чемпион куы ссис, уæд ныууагъта уæззау атлетикæ. Иу ахæмы йын йæ уникалон æвзыгъддзинæдтæ фæхатыд иу спортуарзаг æмæ йын бауынаффæ кодта, цæмæй ацыдаид Гурмæ  уæззау атлетикæйæ Гуырдзыстоны чемпионаты хайад райсынмæ. Уый дæр ацыд æмæ ссис гиритæ исынæй Гуырдзыстоны чемпион. Уый уыд 1950 азы.

1952 азы уæгъдибар хъæбысхæстæй Гуырдзыстоны чемпионаты Серги бацахста дыккаг бынат. 1953 азы  та ссис æхсæнад «Динамо»-йы чемпион. Фыццаг бынат бацахста Советон Цæдисы чемпионаты дæр. Æвзонг лæппуйы диссаджы курдиат æнæрахатгæ нæ фесты спорты дæснытæ æмæ йæ 1954 азы фæхуыдтой Советон Цæдисы æмбырдгонд командæйы скондмæ.

Уый уыдис 1954 азы январы мæйы. Швецийы сæйраг горæт Стокгольмы хуыздæр спортивон зал «Едиксдалпале»-йы къухбакæнæн дæр нал уыд адæмæй. Æхсæз мин спортуарзæджы цымыдисæй æнхъæлмæ кастысты уæгъдибар хъæбысхæстæй Советон Цæдисы æмæ Швецийы иугонд командæты хæларадон фембæлдмæ. Гауызы иу кæрон лæууы рæсугъд фидæрттæконд сау рихиджын богал. Æнхъæлмæ кæсы йæ ныхмæлæууæджы фæзындмæ. Зал нырма сабыр уыд. Фæлæ цалдæр уысмы фæстæ гауызы иннæ кæронмæ шведæгты-фысымты стыр ныфс æмæ сæрыстырдзинад Олле Андерберг куы рагæпп кодта, уæд залы бадджытæ афтæ хъæр æмæ æхситт кæнын райдыдтой, æмæ лæг загътаид, ныртæккæ цар дæр æркæлдзæн, зæгъгæ. Сæ фидар богалы тыхмæ æфтыдтой ноджыдæр тых. Æниу, сæ ныфсы мæсыг кæй фæуæлахиз уыдзæн, ууыл мур дæр нæ дызæрдыг кодтой. Уымæн æмæ зыдтой – фæлтæрд богал Олле Андерберг кæй у дунейы æмæ Олимпиадæйы чемпион! Æмæ æнхъæлмæ кастысты, Олле йæ æвæлтæрд ныхмæлæууæджы цы амалæй æмæ цал секундмæ авæрдзæн йæ уæнтыл, уый сæхи цæстæй фенынмæ.

Фæлæ йæ ныхмæлæууæг ирон богал Гæбæраты Серги дæр куыд нæ федта уæлахизтæ! Æвиппайды йæ цæстытыл ауад, цалдæр азы размæ, скъоладзау уæвгæйæ, сæ сыхаг гуырдзиаг хъæу Дваны гом арвы бын нæудзармыл гуырдзиаг хъæбысхæстæй зындгонд богал Омадзейы æнæнхъæлæджы йæ уæнтыл куыд авæрдта, уыцы ныв. Æмæ йæм афтæ фæкаст, цыма йæ хъару фæдывæр. Ныхмæлæууæгæн æгъдаумæ гæсгæ салам радтыны фæстæ, уайтагъд абырста размæ. Архайы ныхмæлæууæджы рацахсыныл æмæ дзы тагъддæр «фервæзыныл». Фæлæ йæм хинæйдзаг æмæ фæлтæрд шведаг æввахс нæ цæуы. Уый нæ, фæлæ ма Олле иуахæмы фатау батахт Сергийы къахмæ. Скодта йæ йæ хъæбысы. Уыцы ныв ауынгæйæ, залы адæм уайтагъд сæ къæхтыл слæууыдысты æмæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты сæ богалы уæлахизмæ. Фæлæ ахæм критикон уавæры, йæ иу къахыл лæугæйæ, Сергийы зæрдыл æрбалæууыд ныййарæг мады фæдзæхст: «Хъæбул, хъазгæ хъазын дæр дæхимæ хæстæг макæйы уадз, цынæ вæййы, исты дæ фæриссын кæндзысты». Æвиппайды йæ къах Оллейы къухтæй куыд атыдта, уый канд залы бадджытæ нæ, фæлæ тæрхонгæнæг дæр рæстмæ нæ ауыдта.  Серги фидар цæнгтæй рацахста Андербергы, йæхимæ йæ æввахс æрбаласта. Йæ къах ыл атыхта, æмæ Олле иудзæвгар уæлдæфы стахт, стæй уæлгоммæ йæ цæлхъ фæцыд гауызыл. Уый уыд фембæлды 4 минуты æмæ 17 секундыл. Залы адæм сæ бынæтты дурдзавдауæй баззадысты. «Уый та куыд! Цавæрдæр æбæрæг богал Оллейы йæ хæдзары абырсæд! Уый дæр сыгъдæгæй!». Фырдисæй сæ цæстытыл ныххæцыдысты шведæгтæ.  Уæдмæ Сергийы алыварс амбырдысты журналисттæ, истой йын йæ къамтæ.

Дыккаг бон газеттæ æмæ журналтæ ныммыхуыр кодтой Сергийы уæлахизы тыххæй æ къамтæ. Сæ иуы бын дзы афтæ фыст уыд: «Гæбæраты Серги – Андербергы бомбæ». «Ныры онг 67 кг уæзы тыхгæнæг тых цы Андербергæн нæ ардта, уымæн ацы хатт йæ райгуырæн къултæ дæр ницыуал баххуыс кодтой». Серги Швецийы йæхи хорз кæй равдыста, уымæ гæсгæ фæстæдæр архайдта Будапешты цы радон турнир цыд, уым. Æмæ та уым дæр ирон богалæн уыд стыр æнтыстытæ, фæуæлахиз бирæ номдзыд богæлттыл, уыдоны нымæцы Бухаресты фæсивæды хæларадон хъæзтыты чемпион, таллинаг богал Э.Рунгейыл. Ацы турниры фæстæ Серги конд æрцыд Советон Цæдисы фыццаг иугонд командæйы скондмæ.

Фæлæ ирон богалы æнтыстытæ нырма разæй уыдысты. 1954 аз, уалдзæг. Японы сæйраг горæт Токиойы цыдысты дыккаг дунеон ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй, цыран фыццаг хатт архайдта советон командæ дæр. Уым Гæбæраты Серги бацахста æртыккаг бынат тæрхонгæнджытæ раст тæрхон кæй нæ кодтой, уый аххосæй. Японæй куы æрæздæхт, уæд архайдта венгриаг горæт Чепелы уагъдцæуæг дунеон студентон хъæзтыты. Бацахста дзы дыккаг бынат (ацы ерысты Хъуылаты Барис та 87 кг уæзы хæцгæйæ, бацахста фыццаг бынат). Уый фæстæ та Серги архайдта Советон Цæдисы чемпионаты Ленинграды. Рог уæзы (67кг) хæцгæйæ, бацахста фыццаг бынат æмæ ирæтты ‘хсæн ссис Советон Цæдисы фыццаг чемпион.

1955 азы Минскы Советон Цæдисы  радон чемпионаты Серги бацахста æртыккаг бынат. Уый хыгъд 67 кг уæзы фыццаг хатт Советон Цæдисы чемпион ссис Сергийы хæлар Бестауты Алымбег. Уыцы аз ма Серги Бакуйы уагъдцæуæг Советон Цæдисы командон чемпионаты бацахста фыццаг бынат. Тынг фидар уыд самбойæ дæр. Спорты ацы хуызæй 1956 азы ссис Советон Цæдисы чемпион. Гæбæрайы фырт цы бирæ чемпионатты, турнирты æмæ хæларадон фембæлдтыты уæлахиздзау ссис, уыдон бирæ сты æмæ сæ ранымайын иу уацы зын у. Фæлæ къухы травмæ кæй райста, уымæ гæсгæ йæ бахъуыд йæ карьерæ ныууадзын. Фæлæ спортæй нæ ацыд æмæ райдыдта тренеры архайд. Бирæ азты фæкуыста Советон Гуырдзыстоны горæт Тбилисы. Фæлæ йæ райгуырæн къуым йæхимæ кæй æлвæста, уымæ гæсгæ рацыд Цхинвалмæ æмæ бирæ азты дæргъы йæ фæлтæрддзинад амыдта æрыгон спортсментæн. Тренерæй кусгæйæ, Сергийæн бирæ бантыст саразын, йæ хъомылгæнинæгтæй бирæтæ систы зындгонд хъæбысæйхæцджытæ.

Серги-иу арæх ракодта иу цауы кой. Иуахæмы советон богæлттимæ фембæлд Иосиф Сталин. Райста сын сæ къухтæ æмæ сын раарфæ кодта се ‘нтыстыты тыххæй. Сталин Сергийыл уæлдай цин бакодта.Уыцы рæстæджы Сталины æввахсдæр хъахъхъæнджытæй иу уыд Сергийы хæлар, номдзыд богал Арсен Мекокишвили.

«РХИ-йы физикон хъомылад æмæ спорты сгуыхт тренер», «УФ-йы сгуыхт тренер» Джиоты Руфин хорз зонгæ уыд Гæбæраты Сергиимæ. «1978 азы Хуссар Ирыстоны байгом спортивон скъола æмæ уым куыстон ахуыры хайы сæргълæууæгæй, Серги та уыд самбойы тренер. Æвзонг фæлтæримæ куыста йæ тыхтыл æнæауæрдгæйæ. Схъомыл кодта ахæм зындгонд спортсменты, куыд зæгъæм Тъуриты Тенгиз, Хъоцыты Тамерлан æмæ бирæ æндæрты. Уыд тынг æгъдауджын æмæ хæларзæрдæ адæймаг», – загъта Джиоты Руфин.

Гæбæраты Сергийыл 70 азы куы сæххæст, уæд йæ номыл Цхинвалы арæзт æрцыд сæрмагонд турнир. Цардæй ахицæн 2014 азы майы мæйы 85-аздзыдæй. Хорз уаид æмæ нæ номдзыд богалы рухс номыл йæ амæлæты фæстæ дæр уагъд куы цæуиккой алыгъуызон турниртæ. Гæбæраты Сергийы ном баззайдзæн ирон уæгъдибар хъæбысхæст æмæ самбойы историйы.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.