9-æм июлы уыд Парламенты æстæм æрсидты радон сесси. Хайад дзы райстой 25 депутаты. Ныр дæр та сессимæ не ‘рбацыдысты  политикон парти «Иууон Ирыстон»-ы депутаттæ æмæ иу депутатæн та йæ бон не ссис æрбацæуын цыдæр аххосæгтæм гæсгæ.

Сессийы райдиан депутаттæ æнæдзургæйæ алæугæйæ, ссардтой Сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг хуссарирыстойнаг хæстон Цхуырбаты Альберты рухс ном.

Уый фæстæ закъондæттæг органы депутаттæ равзæрстой парламентон комитетты сæрдарты.

Хъæлæсæппæрсты руаджы Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдуагæвæрды комитеты сæрдарæй равзæрстой Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Бесаты Зитæйы, Бюджет æмæ хъалонты фæдыл комитеты сæрдарæй та – Томайты Спартакы. Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон  бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдарæй равзæрстой Дриаты Зазайы, Социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны комитеты сæрдарæй – Плиты Алыксандры. Дриаты Заза æмæ Плиты Алыксандр Парламенты æвдæм æрсидты дæр уыдысты уыцы комитетты сæрдартæ.

Хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл комитеты сæрдарæй равзæрстой Гæджиты Сосланы, Национ политикæ, культурæ, дин æмæ туризмы фæдыл комитеты сæргълæууæгæй – Хуыбецты Русланы,  Ахуырад æмæ зонады комитеты сæрдарæй – Парламенты Сæрдары хæдивæг Тадтаты Таймуразы, Фæсивæды хъуыддæгтæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдарæй – Табуты Роберты, Экономикæ, чысыл  амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады комитеты сæргълæууæгæй – Къуезерты Арсены, Сæудæджерад, арæзтад, транспорт, бастдзинад æмæ æрдзон ресурсты комитеты сæргъ та слæууыд Сланты Иван.

Парламенты спикер раарфæ кодта парламентон комитетты ног снысангонд сæрдартæн, бузныг сын загъта, Парламенты куыстмæ сын бæрнон ахаст кæй ис, уый тыххæй.

«Банысан кæнын мæ фæнды, фондз азы нæ иумæ кусын кæй хъæуы, уый. Уыцы æмгъуыдмæ хъуамæ нæхи хорзæй фенын кæнæм, адæмы æууæнк ма фæмæнг кæнæм. Æз дзурын алкæцы политикон тыхы тыххæй дæр. Мах адæм равзæрстой æмæ нæ алчи дæр дзуапп дæтты йе ‘взарæджы раз. Уынæм, дунейы цы негативон процесстæ цæуы, уыдон æмæ нæ уый тыххæй уæхскуæзæй кусын хъæуы. Парламенты  куыст къуылымпы кæныны бар никæмæн ис. Мидполитикон тох, быцæудзинæдтæ кæддæриддæр уыдзысты, фæлæ адæмы æууæнк фесафыны бар махæй никæмæн ис.

Мæхи тыххæй та зæгъдзынæн уый, æмæ алкæцы депутатимæ, алкæцы партиимæ кусынмæ дæр  цæттæ дæн. Иумæ хъуамæ скъуыддзаг кæнæм, республикæйы раз цы фарстатæ ис æмæ нын æвзарджытæ нæ разы цы фарстатæ æвæ­рынц, æппæт уыдæттæ. Уыцы фарстатæ скъуыддзаг хъуамæ цæуой æххæстгæнæг хицауиуæгадимæ æмархайды фæрцы кæнгæйæ. Уырны мæ, ахæм æмархайды руаджы æппæт дæр аскъуыддзаг кæндзыстæм», – банысан кодта Парламенты спикер.

«Иууон Ирыстон»-ы депутаттæ сессимæ кæй не ‘рбацыдысты, уый тыххæй  Парламенты Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, мидæггагон æнæразыдзинæдтæ æмæ быцæу ахастытыл рæстæг хардз кæныны рæстæг нæй депутаттæн.

«Иугонд Ирыстон»-ы депутаттæ сессимæ кæй не ‘рбацыдысты, уый тыххæй  Парламенты Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, мидæггагон æнæразыдзинæдтæ æмæ быцæу ахастытыл рæстæг хардз кæныны рæстæг нæй депутаттæн.

«Алкæцы политикон партиты æмæ депутаттимæ дæр консультацитæ ауагътам, фæлæ, хъыгагæн,  парти «Иугонд Ирыстон»-ы депутаттæ абон дæр не сты  сессийы. Цæмæй уыдон Парламенты куысты æххæст хъомысæй хайад исой, уый тыххæй сын фыццаг сессийы размæ загътам, цæмæй вице-спикеры æмæ парламентон комитет­тæй дыууæйы сæрдары бынæттæм кандидатурæтæ раразмæ кæной, фæлæ сессимæ не ‘рбацыдысты. Депутаты сæйраг нысан та у республикæ æмæ адæмы хæрзæбонæн кусын», – загъта Мæргъиты Алан æмæ банысан кодта, ныфс æй кæй ис, радон сессийы куысты депутаттæ се ‘ппæт дæр хайад кæй райсдзысты, уымæй.

Парламенты Сæрдар фехъусын кодта, зæгъгæ, Парламенты æвдæм æрсидты депутаттæн райсинагæй баззад цалдæр закъоны проекты æмæ æрсидт депутаттæм, цæмæй цыбыр рæстæгмæ сахуыр кæной æмæ бакусой закъæттыл.

Дарддæр раныхас кодтой комитетты ног сæвзæрст сæрдæрттæ.

Бесаты Зитæ загъта, зæгъгæ, депутаттæ фыццаджы фыццаг адæмы интерестæ хъахъхъæнынц æмæ сæ уый тыххæй ницы хъыг дары.

«Цæуыл кусæм, уый нын ис. Хицауады раз цы æвæрын хъæуы, ис ахæм фарстатæ дæр. Адæмы нæ амбицитæ не ‘ндавынц. Уыдон цымыдис кæнынц, нæ хæстæ скъуыддзаг кæнын нæ бон куыд бауыдзæн, уымæ. Цæй, æмæ фенын кæнæм куысты хорз æмвæзад», – бахахх кодта Бесаты Зитæ æмæ йæ коллегæтæн раарфæ кодта, комитетты сæрдæрттæй сæ кæй равзæрстой, уый фæдыл.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.