Президент Гаглойты Алан, Ахуырады æмæ зонады министр Лолаты Аслан, Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Цоциты Зауыр, горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Ромео бабæрæг кодтой  горæты фæндзæм астæуккаг скъолайы.  Уыдон бынаты базонгæ сты ахуырадон уагдоны куысты проблемæтимæ. 

Фыццаджыдæр Президент йæ хъус æрдардта, скъолайы кæрты æдзæллаг уавæрмæ Арæзтады министр Цоциты Зауыр куыд загъта, афтæмæй ацы объектыл куыстытæ æххæст цыдысты 2008-æм азы хæстон архайдтыты фæстæ:

«2011 азы куыстытæ æххæст кодта горæт Архангельскы арæзтадон организаци, фæлæ, хъыгагæн, цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ, куыстытæ урæд æрцыдысты. Скъолайы кæрты фæзуат у 430 квадратон метры. Фæстæдæр цалцæггæнæн куыстытæм æрæвнæлдта нæ республикæйы арæзтадон организаци «Ирстрой. Уыцы рæстæджы нæм бахатыдысты  нæ республикæйы уæды хицауады разамонджытæ æмæ кæртæн йæ иу æмбис  сарæзтам брусчаткæйæ, иннæ æмбис та  уыд асфальтгонд æмæ йæ куыд скалдтой, афтæмæй йæ ныууагътой. Фæлæ йæ аразынмæ куы æрæвналæм, уæд кæй зæгъын æй хъæуы, зæронд æвæрд асфальт скалдзыстæм», – загъта Цоциты Зауыр.  Уый ма куыд загъта, афтæмæй арæзтадон куыстытæм æрæвналдзысты куыддæр сæ арæзтадон завод хъæуæг æрмæгæй сифтонг кæна, афтæ.

Президент сын бахæ кодта, цæмæй æппæт цалцæггæнæн куыстытæ хъуамæ фæ­уой ног ахуыры азы райдианмæ.

Куыстытæ хъуамæ фæуой ахуыры азы райдианмæ

Президент ма аныхас кодта фæндзæм скъолайы ахуыры хайы сæргълæууæгимæ. Уый лæмбынæг æрдзырдта скъолайы проблемæтыл: «Скъолайы кæрты нын уыд стыр бæлас, уымæн йæ уидæгтæ цалцæггæнæн куыстыты рæстæджы хъыгдард баййæфтой. Уый аххосæй нæ бахъуыд скъолайы кæрты плиткæ сисын. Уымæ гæсгæ скъолайæн йæ дыккаг бахизæнæй пайда нæ цæуы, фæлæ æвзæр нæ уаид, дыккаг бахизæн дæр куы скусид, уæд»,- загъта скъолайы ахуыры хайы гæс.  Афтæ ма уый дзырдта, зæгъгæ сæм цалдæр мæйы дæргъы нæ кусынц скъолайы видеокамерæтæ дæр. Президент бахатыд ахуырады министр æмæ горæты администрацийы сæргълæууæгмæ, цæмæй лæмбынæг æркæсой хъуыддагмæ æмæ йæ скъуыддзаг кæной æввахс рæстæджы.

Бæрæг куыд у, афтæмæй нæ горæты дыккæгæм скъолайы бæстыхай ногæй арæзт кæй цæуы, уымæ гæсгæ бирæ ныййарджытæ сæ сывæллæтты рæстæгмæ ракодтой 12-æм æмæ 5-æм скъоламæ. Развæлгъау информацимæ гæсгæ 70-80 сывæллоны бæрц рацæудзысты ацы дыууæ скъоламæ.

Президент æмæ хицауады бæрнон кусджытæ ма бабæрæг кодтой скъолайы бæстыхай дæр. Иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссардтой, скъолайы рауагъдонтæй сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыцы хæстонты рухс нæмттæ. Сæ номыл скъолайы ис сæрмагонд стенд.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.