Едыс-Цхинвалы магистралон донуадзæны  активонæй цæуынц арæзтадон-монтажгæнæн куыстытæ донæмбырдгæнæнты арæзтадтæ æмæ  аварион фадгуыты сæндидзын кæныны фæдыл. Ацы азы планмæ хаст цы ис, уыдонæй РГУП «Водоканал»-ы кусджытæ ныридæгæн  бацæттæ кодтой цыппар километры дæргъæн трассæ. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы Арæзтады министрад.

«2023-2025 азтæн Инвестицион программæйы  фæлгæтты Едыс-Цхинвалы магистралон донуадзæны донæмбырдгæнæнты арæзтадтæ æмæ аварион фадгуытæ сæндидзын кæныны фæдыл генподрядон организаци «Водоканал» хорз темптæй æххæст кæны сæйраг арæзтадон-монтажгæнæн куыстытæ. Сæйраджыдæр, ацы азы сплангонд 6 километры донуадзæн хæтæлты трассæйæ ныридæгæн  цæттæ у цыппар километры», – зæгъынц пресс-службæйы.

Арæзтады министрады куыд банысан кодтой, афтæмæй  радон къуыри фæнд кæнынц дывæр изоляциимæ 325 мм диаметры æфсæн хæтæлтæ æмæ объектæн хъæуæг æрмæджытæ æрласын. Сыгъдæг ма кæнынц суадæттæ æмæ аразынц донæмбырдгæнæнтæ.

Министрады ма фехъусын кодтой, зæгъгæ, аразджытæ хъуаг не ‘ййафынц финанстæй æмæ арæзтадон æрмæджытæй.

«Уæлдæрбанысангонд мадзæлттæн финансон фæрæзтæ хаст сты Инвестпрограммæмæ: 2024 азæн – 127 560,99 мин сомы, 2025 азæн та – 225 186,65 мин сомы», – банысан кодтой Арæзтады министрады.

Объекты арæзтады хайад исынц 25 адæймаджы æмæ фондз иуæджы та – техникæ. Министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æппæт куыстытæ дæр фæуыдзысты 2026-2028 азты Инвестпрограммæйы фæлгæтты.

«Sputnik»-æй ист къам

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.