Мæскуыйы фембæлдысты РХИ-йы Æдасдзинады Советы секретарь Уалыты Валери æмæ УФ-йы Æдасдзинады Советы секретарь Николай Патрушев.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой æхсæнадæмон æмæ национ æдасдзинады, афтæ ма уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æмгуыстады фæдыл алыгъуызон фарстытыл.

Уалыты Валери æмæ Николай Патрушев къухтæ æрфыстой 2018-2019 азты дыууæ бæстæйы æдасдзинады советты аппаратты æмгуыстады планыл.

Уалыты Валерийы ныхæстæм гæсгæ, ацы документ хынцы 2015 азы 18 марты РХИ-йы æмæ УФ-йы ‘хсæн къухтæ цы бадзырдыл фыст æрцыд, уый сæххæст кæнынмæ здæхт мадзæлттæ, афтæма æфсæддон æмæ æфсæддон-техникон фадыджы, барадхъахъхъæнæг органты хаххыл сæ информацийы æмæ таможнæйон органты æхсæн фæлтæрддзинад кæрæдзимæ адæттыны фадыджы æмархайд.

«Æмгуыстад кæныны планмæ хауынц  Хуссар Ирыстоны уавæр биноныг  кæныны  тыххæй мадзæлттæ», – банысан кодта Уалыйы фырт.

Фембæлды ма хайад райстой РХИ-йы Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг  Козаты Игорь æмæ УФ-йы Æдасдзинады Советы секретары хæдивæг Рашид Нургалиев.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.