Президент Тыбылты Леонид ауагъта кусæгон фембæлд Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдар, инæлар-лейтенант Виктор Шаргаевимæ. Фембæлды рæстæджы байхъуыстæуыд оперативон информацимæ, лæвæрд æрцыд хæслæвæрдтæ.

Тыбылты Леонид банысан кодта, республикæйы барадхъахъхъæнæг органты иумæйаг æмбырдты раздæры практикæ ивд кæй æрцыд. Æмбæлон анализ æмæ консультациты фæстæ уыдонæн сæ формат æмæ сæ хуыз фæивта. Уыдон уагъд цæуынц бынтон æндæр хуызы, ныр алкæцы къухдариуæггæнæг дæр хыгъд дæтты хицæнæй. Уый, Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ, ратдзæн куысты ахадындзинад фæбæрзонддæр кæныны фадат.

Дарддæр Президент банысан кодта, зæгъгæ, республикæ ныртæккæ æвзары бæлвырд уавæртæ – Хуссар Ирыстоны рæхджы уыдзысты æвзæрстытæ. Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ, не ‘ппæты хæс дæр у, цæмæй æвзæрстытæ уагъд æрцæуой иууыл бæрзонддæр æмвæзадыл.

«Нæ адæм куырыхон сты, æмæ мæн фидарæй уырны, уыдон кæй рахæсдзысты раст фæндон. Мах та хъуамæ бахъахъхъæнæм сабырдзинад æмæ фарн. Уый уыдзæн нæ адæмы æмæ нæ бæстæйы хæрзиуæгæн. Уæ разы уын цы хæстæ æрæвæринаг дæн, уыдон баст сты, сæрмагондæй, бæстæйы къухдариуæгад кæй сбæлвырд кодта, уыцы паддзахадон хаххыл лæууынимæ», – загъта Президент.

Фембæлды ма загъдæуыд бузныджы ныхæстæ æппæт хисæрмагонд скондæн се службæйы тыххæй.

«Зонын æй, цы бæрндзинад æвæрд ис алы кусæгыл дæр, уый. Бузныг сæ алкæмæн дæр сæ хъуыддагмæ бæрнон ахасты тыххæй. Курæг уæ уыдзынæн, цæмæй дарддæр дæр уæ разы æвæрд хæстæм æрæвналат ахæм бæрндзинад æмæ патриотизмимæ», – бафтыдта ма йæ ныхасмæ Президент.

Йæхи рады Виктор Шаргаев дæр фехъусын кодта Президентæн оперативон информаци æмæ ныфс бавæрдта, Паддзахадон æдасдзинады коми-тет хорз кæй æмбары йæ хæстæ.

«Республикæйы уавæр æмткæй у стабилон. Æхсæнадон-политикон уавæр скарз кæнынæй ницы тас у. Разы дæн, республикæйы æвзæрстытæ сабыр, стабилон уавæрты, демократийы нормæтæм гæсгæ кæй хъуамæ ацæуой, ууыл. Уый тыххæй абон арæзт æрцыдысты æппæт æнæмæнгхъæуæг уавæртæ дæр. Паддзахадон æдасдзинады комитет кусы йæ разылæууæг хæстыл æмæ ницы къуыхцытæ æруадздзæн», – загъта Виктор Шаргаев.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.