Æхсызгон хабар æрæхъуыст Парижæй. Ирыстонæй дзюдойæ фыццаг Олимпион чемпион  ссис Коцойты Зелим. 25-аздзыд ирон спортсмен 100 кг уæзы категорийы архайгæйæ, финалы фæуæлахиз гуырдзиаг спортсмен Илья Суламанидзейыл. Зелим Олимпион хъæзтыты размæ ерысты Суламанидзеимæ фембæлд цыппар хатты. Фыццаг дыууæ хатты тыхджындæр уыд гуырдзиаг дзюдоист, фæстаг дыууæ хатты та рамбылдта Коцойы фырт. Дыууæ спортсмен дæр хорз зыдтой кæрæдзи. Уымæ гæсгæ тох рауад уæззау. Тохы кæронмæ ма 8 секунды куы хъуыд, афтæмæй разæй уыд гуырдзиаг спортсмен. Фæлæ уый йæ архайдæй рæстæг кæй ивæзта, уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд æртыккаг «шидо» æмæ афтæмæй Олимпион хъæзтыты чемпион ссис Коцойты Зелим æмæ Азербайджанæн æрхаста сыгъзæрин майдан.

Зелим финалмæ цæугæйæ, нырма рамбылдта Польшæйы минæвар Петр Кучеры. Дарддæр фæуæлахиз Израилы командæйы уæнг Петер Пальчикыл. Æрдæг финалы та тыхджындæр уыд узбекаг Музаффарбек Туробоевæй.

Зелим ма ацы аз  рамбылдта Европæйы æмæ дунейы чемпионаты дæр. Ирон дзюдоист  йæ ном бахаста спорты историмæ, куыд дзюдойæ Ирыстонæй фыццаг Олимпион чемпион, афтæ.

Коцойты Зелимы архайдмæ йæ хъус дардта Тасойты Инал дæр æмæ йæ цины æнкъарæнтæ нæ бамбæхста. Уый, хъыгагæн, Дунеон Олимпион комитеты мæнгард политикæйы аххосæй нæ бахаудта Олимпион хъæзтытæм. Инал йæхи цæттæ кодта сыгъзæрин майдан рамбулынмæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.