Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрадты  æхсæн архайд фенгомдæр кæныны фæдыл 2016 азы бафыст æрцыдис Бадзырд, кæцыйы фæстиуæгæн арæзт æрцыд Иумæйаг информацион-координацион центр. Уæдæй фæстæмæ ИКЦ-йы сырæзты бон нысан кæнынц 4 июлы æмæ йæ æрвылаз дæр цытджын æгъдауæй банысан кæнынц. Ацы аз дæр сæм раарфæ кæнынмæ фæуазæг сты бæстæйы президент Гаглойты Алан, хицауады сæрдар Джусойты Константин, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Михъуыддæты министр Гæззаты Валери, РХИ-йы Президенты администрацийы къухдариуæггæнæг Джиоты Алан, Юстицийы министр Гаглойты Олег, нæ республикæйы тыхон структурæты къухдариуæггæнджытæ æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

Цытджын мадзалы ИКЦ-йы кусджытæн уыд рæнхъон ралæуд æмæ йæ директор Василий Шепелев йæ раныхасы æрдзырдта Центры сырæзты историйыл, йæ нысанмæздæхтыл æмæ йæ оперативон-службæйон архайды æнтыстытыл. Банысан кодта, зæгъгæ, ныридæгæн Центр æнгом æмæ æнтыстджын куыст кæны Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æппæт барадхъахъхъæнæг органтимæ дæр.

«Центр æппынæдзух тымбыл кæны æмæ анализ аразы алыгъуызон фыдракæндты æмæ æндæр тæссаг фæзындты фæдыл информацитæн. Уавæр хынцгæйæ æрцыдыстæм ахæм хатдзæгмæ, – цæмæй нæ дарддæры архайд æнтыстджындæр уа, уый тыххæй æнгомдæр хъæуы кусын нæ цæгатирыстойнаг коллегæтимæ. Уый фæдыл организаци æрцыд кусæгон фембæлд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрадты комитеттæн, цыран скъуыддзаг кодтой министрадты координаци æмæ æмгуысткæнынады фарстатæ. Уымæй уæлдай ма хъæугæ информацийæ йедзаг кæнæм æвдисæйнæгты базæ, кæцымæ ныридæгæн хаст ис 2 608 адæймаджы бæрц, 3 минæй фылдæр та æхсæнгæрзтæ (сæ нымæцы, 2008 азы Хъахъхъæнынады министрады скъладæй кæй адавтой, уыцы æхсæнгæрзтæ). Тымбыл ма кæнæм зæрдæхсайгæ гоймæгты биологон æрмæджытæ дæр, кæцыты арвитæм Уæрæсейы мидхъуыддæгты министрады экспертон-криминалистон центрмæ, цæмæй сбæлвырд кæнæм, искæцы фыдракæнды хайад райстой æви нæ. Не ‘рвылбонон куысты ма фылдæр кæнæм æвдисæйнæгтæ автоматизацигонд дактиласкопон информацион системæйæн, афтæхуыйнæг – АДИС «Папилон-9», – банысан кодта ИКЦ-йы директор.

Бæстæйы президент Гаглойты Алан ИКЦ-йы кусджытæн арфæйы ныхæстæ ракæныны фæстæ банысан кодта, ацы иумæйаг барадхъахъхъæнæг структурæ кæй у уникалон æмæ фæзминаг проект.

«ИКЦ-йы фæрцы абоны бон комкоммæ бастдзинад ис дыууæ паддзахады министрадтæн. Рæстæг æй куыд равдыста, афтæмæй уæ куыст у эффективон, стыр ахъаз стут барадхъахъхъæнæг органтæн фыдгæнджыты ныхмæ тохы, стыр хайбавæрд хæссут республикæйы стабилондзинад æмæ æдасдзинадмæ. Уырны мæ, дарддæр дæр уæ фæрцы не мбæстæгтæ сæхи æдас кæй хатдзысты, цæсгомджынæй кæй хъахъхъæндзыстут фæтк», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Мидхъуыддæгты министр Гæззаты Валери дæр раарфæ кодта Центры кусджытæн æмæ æрдзырдта ацы проект саразыны идейæйы тыххæй, цахæм зындзинæдтимæ æмбæлдысты, цавæр хæстæ сыл хъуамæ сæвæрдтаиккой. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныр цалдæр азы дæргъы æнтыстджын куысты фæстиуæгæн ничиуал дызæрдыг кæны, йæ саразджытæ раст фæндагыл лæуд кæй уыдысты.

«Ныридæгæн ИКЦ стыр пайда хæссы дыууæ бæстæйы размæцыдæн, эффективонæй ар-хайы фыдгæнджыты раргом кæныны хъуыддаджы. Цыбыр рæстæгмæ уæ къухты цалдæр хатты бафтыд æнтыст – нæ республикæйы æмбæстæгтæ, кæцытæ сарæзтой фыдракæндтæ æмæ æмбæхстысты цалдæргай азты, ахст æрцыдсты æмæ сын экстрадици сарæзтой Хуссар Ирыстонмæ, цæмæй закъоны раз дзуапп радтой».

Марат Кулахметов ма йæ раныхасы арфæ ракодта æппæт уыцы адæмæн, кæцытæ сæ хайбавæрд бахастой ИКЦ-йы сырæзтмæ æмæ банысан кодта, зæгъгæ Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрад абоны бон ницы фау хæссы Центры куыстмæ.

Кæронбæттæны презентацийы хуызы равдыстой видеоролик, кæцыйы æвдыст æрцыдысты ИКЦ-йы сырæзты этаптæ.

Цытджын мадзалы фæстæ уазджытæ азылдысты Центры бæстыхæйттыл. Уыдоны хсæн ис куыд техникон комплекстæ, афтæ цæрæнуæттæ дæр. Уазджытæ федтой бирæфункционалон цæрæн бæстыхай, автотехникон экспертизæйы бокс, æхсæнгарзæй æхсæн галереяйы тир, криминалистикæйы лаборатори, административон комплекс, спортивон фæзуат æмæ ма æндæр цымыдисон бынæттæ.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.