Кæддæриддæр адæмы раздзæуджытæ тырныдтой адæмы æмæ бæстæйы хъомыс фæфылдæр кæнынмæ, æмæ уый сæраппонд пайда кодтой æппæт амæлттæй дæр. Уыцы хъуыддаджы та æппæты стырдæр нысаниуæг ис иудзинадæн.

Уый афтæ у, фæлæ алы раздзог æнæхин æмæ рæстаг нæ вæййы, æмæ уыдонæй иуæй-иутæ адæмы иудзинады хъуыды баивынц æндæр æнгæс æмбарынадæй, уымæн æмæ, цæмæй адæмыл паддзахиуæг кæнай, уый тыххæй сын хъуамæ æххæст сæрибардзинад, иудзинады бар ма радтай… Ахæм у сæ хъуыды залым паддзæхтæн. Уыдонæн фаг нæ вæййы адæмыл, бæстæтыл паддзахиуæг кæнын, хъуамæ адæмы зонд æмæ хъуыдыйы цы ис, уый дæр сын зындгонд уа, цæмæй сыл сæ бар цæуа. О, фæлæ искæйы хъуыды базонын тынг зын у, растдæр зæгъгæйæ та йын нæй базонæн, кæд æмæ дын уый йæ зæрдæ йæхæдæг нæ байгом кæна, уæд. Уæдæ залым цы сараздзæн адæмы йæ дæлбар бакæныны сæраппонд? Байтаудзæни сын йæхæдæг сæ зæрдæты йæхи мыггаг, æмæ йæ ахæм хуызы байтаудзæни, цæмæй йæ адæм райсой цингæнгæйæ. Уый фæстæ ма йын цы зонын хъæудзæн, сæ зæрдæйы цы хъудыдытæ æмæ фæндтæ ис, уыдон! Уыйадыл иудзинады æмбарынад истæмæй баивын хъæудзæн, йæхи æнгæс, йæхи халдих куыд уа.

Диссаг уый у, æмæ ахæм ивддзагдзинадыл дзурæг сты æрдзы бирæнымæц миниуджытæ, зайæгойтæ, цæрæгойтæ. Зæгъæм, ис ахæм бæлæстæ, æмæ сын ис халдихтæ. Адæм сæ хонынц нæл бæлæстæ (ис нæл кæркмисындзæг, нæл тута). Хъæды цы уызын цæры, уымæн йæ халдих цæры денджызы дæр. Уымæн йæ ном хуыйны денджызон уызын. Цæхæрадæтты фенæн ис пысыра æмæ пысырайы фарсмæ фæзайы йæ халдих мæнг пысыра дæр. Таугæгæрдæджытæй дæр бирæтæн ис халдихтæ. Мæнæуæн та йæ фарсмæ фæзайы, мæгъæлда кæй хонæм, уый. Уый афтæ тынг у мæнæуы хуызæн, æмæ йæ зынтæй равзардзынæ.

Куыд уынæм, афтæмæй нæ æрдз ахуыр кæны, цæмæй уæм цырддзаст æмæ къæрцхъус, уымæн æмæ мæнг пысырайæ ницы бирæ зиан æрхæсдзыстæм нæхицæн, фæлæ мæнг æмбарынæдтæ та сты тæссаг нæ фидæнæн дæр æмæ нæ абоны цардæн дæр.

Ныхас дардыл у, фæлæ ныртæккæйы дуджы дæр ис ахæм адæм, кæцыты стыр зæрдиагæй фæнды нæ адæмы иудзинады фæндагыл сардауын. Уыдонæй бирæтæ, æцæгæй йæ адæмы чи уарзы, ахæмтæ сты, фæлæ æнæаипп хъуыдыйыл ныххæцын афтæ æнцон нæу, уæлдайдæр та адæмы рæгъмæ кæй рахæссай, ахæм.

Цæвиттон, иуполярон дуне чи хуыйны, уый арæзтадыл куыст рагæй цæуы. Уыцы архайды рæхысы цæгтæ сты, ныртæккæ дунейы цы политикон процесстæ цæуы, уыдонæн сæ ахсджиагдæртæ. «Сыгъзæрин миллиард» — афтæ хуыйны, дуне йæ дæлбар бакæнынмæ чи хъавы, уыцы дунеон бодзты идеологийы сценарий. Уыцы иуполярон дуне саразыны сæраппонд йæ æвæрæг-режиссертæ пайда кæнынц мæнг иудзинады хъуыдыйæ: хъуамæ уа иу уырнынад, иу хицауад. Æппæт дæр хъуамæ амад уа «иу михыл». Мах хорз зонæм, уыцы «иу» кæныны системæ цæмæ æркодта алы бæстæты тоталитарон системæты, уый. «Æндæргъуызон хъуыдыгæнджытæ» æфхæрд æмæ мард цыдысты. Ахæм цæвиттонтæ бирæ æрхæссæн ис куыд Германы фашистон хицауады дугæй, афтæ антисемитизмы æмæ национализмы идеологийыл хæст бодзты ракæндтытæй дæр. Уыдонæй бирæ-тæн аккаг аргъ æрцыд Нюрнберджы процессы рæстæджы.

Нæ рагон æмæ æрыгон истори нын куыд фенын кодта, афтæмæй алыгъуызондзинады проблемæ тынг тыхсын кæны кæйдæрты. Диссаг уый у, æмæ уыцы «чидæртæ» фаззон æфсымæртау иугъуызон уагахасты æмæ зæрдæйыуаджы хицау вæййынц. Дзырдæн, зæгъæм, европæйаг фашизмы бындурæвæрæг Муссолини (тынг уарзта, цæмæй йæ нывтæ æмæ йæ цыртытæ алы зынæн рæтты æвæрд уыдаиккой) цыдæриддæр арæзта, алцæ-мæй дæр фæзмыдта Гитлеры. Йæ политикон архайды бынат нæ уыд æндæр партитæн — æрмæстдæр фашистон партийæн! Æцæг, историйы зонæнтæм гæсгæ, уый Гитлерæй фæлмæндæр уыд: дзуттæгты иттæг нæ куынæг кодта. Уый фæстæ фашизм ногæй йæ сæр кæм сдардта, уый алчи дæр зоны! Дард нæм, мыййаг, куынæ уыдысты… Уыдон бодзтæ дæр сæхи адæмы иудзинадыл тыхсгæ скодтой. Иу адæм хъуамæ уыдаиккой барджынтæ, исджынтæ æмæ бонджынтæ. Иугъуызондзинады уацары бахаудтой уыдон дæр. Æвзæрст адæм сæхи рахуыдтой. Сæ уыцы иугъуызондзинады фæндтæ цæмæ æркодтой, уый æгас дуне федта. Æппæт ацы хъуыддæгтæ дæр уыдысты дунеон политикæйы иуполярон цардыуагмæ балцы нысæнттæ. Ома, уыцы фашисттæ æмдзырд бакодтой алы æмæ алы дугты, уый зæгъæн нæй, фæлæ се уæнгты иу удызмæлд кæй уыд, уый дызæрдыггаг нæу. Иу уыд сæ нысан дæр — дунейы цыдæриддæр адæм цæры, уыдон сæ дæлбар бакæнын.

Абон дæр бирæ дзырд цæуы адæмы иудзинадыл. Ацы хъуыдыйы цыма тæссагæй ницы ис, фæлæ йæм арфдæр куы ’ркæсай, уæд дзы фендзынæ иуполярон дуне аразджыты æрмдзæф. Уæдæ, хæдзары хицау куы зонид, къæрных кæд æрбацæудзæн, уæд хуыздæр хъахъхъæнид йæ хæдзар. Фæлæ йæ бæллæх дæр уый мидæг ис, æмæ йæ нæ фæзоны. Афтæмæй адæммæ иудзинадмæ сидыны бæсты иуполярон дунейы къæрныхтæ, (чи зонгæйæ, чи та йæ фырæнæрхъуыдыйæ) сидынц иухуызон, иугъæдондзинадмæ. Уый ма зонай, адæмæн «Иу уырнынад, иу зондахаст, иу парти, иу хъуыды, иу….» — адон æгасæйдæр сты иуполярон дунейы лозунгтæ. Уыцы иуполярон цардуаг аразджытæ раздæр ахæм лозунгæй пайда кодтой: «разделяй и властвуй», фæлæ уымæн йæ хиндзинад фергом, адæм рафæлгъуыдтой, уыцы хъуыдыйы стыр сайд кæй ис. Ныр та фыдæх тауджытæ сæ худтæ «иудзинады» ’рдæм фæзылдтой, æмæ адæмы хъуамæ иугъуызондзинады сæ-раппонд батæрой дунеон гулагы ахæсты. Уыцы бодзтæн сæ боны фæткы сæйраг фарст у «дунейы цæрджыты нымæц исты амæлттæй фæкъаддæр кæнын». Ныридæгæн сын бирæ бантыст уыцы хъуыддаджы, æмæ ууыл нæ дзурдзыстæм. Сæйрагдæр у абон уыцы иуполярон цардаразджыты дæлбар ма бахауын, адæмы иу барæнæй ма барын, уымæн æмæ адæймаджы сæрибардзинад байсыны бар никæмæн ис. Адæймагæн тыхми цыдæриддæр æмæ чидæриддæр кæны, уый та адæймаджы кæны æнамонд, ардауы йæ сæфты фæндагыл. Куырыхон адæмæй чидæр зæгъы: «Адæймагæн лæвæрд цы ис, уыдонæй æппæты стырдæр у, цы у, уый уæвыны бар!».

Уæдæ равзарын хъæуы галиу æмæ рахис, иудзинад æмæ иухуызондзинад, уымæн æмæ ныр мах дæр æнахъом сабитæ нал стæм, дунейы иумæйаг каримæ абаргæйæ.

ГОДЖЫЦАТЫ Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.