Газет «Рæстдзинад»-ы ацы аз сусæны мæйы 20 боны зæрдиагæй бакастæн Баскаты Эльзæйы уац «Дæ хæйрæджы ном зæгъ», зæгъгæ. Нæ фыдæлты цард æмæ архайды тыххæй æрмæджытæ кæсгæйæ, адæймаг райсы стыр æхцондзинад, банкъары сын сæ фарн.
Эльзæ куыд фыссы, афтæмæй, психикон уагæй рынчын чи уыд, ахæм лæппуйы дæсны-хосгæнæг сбæттын кодта æмæ йæ цыма былæй æппарынц, афтæ йæ фæтæрсын кæнгæйæ,  йæ хæйрæджыты нæмттæ зæгъын кодта. Цы загъта, уыдон афыстой æмæ сæ басыгътой. Уыйадыл рынчын сдзæбæх. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, бауырнинаг нæу, фæлæ уæддæр нæ фыдæлты хабæрттæ æхсызгонæй хæссæм газеткæсæджы размæ.

Мæн дæр фæнды радзурын, мæ фыдæлты тыххæй иу ахæм цау.

Мæ фыдæн йæ фыдыхо Разиат уыйас дудгæбæттæ бавзæрста, æмæ дзырд никуы фæуыдзысты. Йæ туг ын дойныйæн чи нуæзта, йæ уыцы мойæ йæ иунæг чызгимæ фæлыгъд йæ цæгатмæ. Æрцард Нагутнийы хъæуы йе ‘фсымæр Джусойты Разденмæ (мæ фыды фыд) æмæ æнæхъæн бинонтæй буцæй схъомыл кодтой чызджы. Разиат йæхæдæг моймæ нал фæцыд, кæд ыл бирæ дзурджытæ уыд, уæддæр.

Æртынæм азты кæрон чызг ахуыр кæнынмæ ацыд Тбилисмæ. Уым фæцыд ирон лæппуйы зæрдæмæ, фæлæ йын разыйы дзуапп кæй нæ радта, уый тыххæй йæ амардта. Уый фехъусгæйæ, мадæн йæ бындур ныззылд, йæ зонд схæццæ æмæ нал ссæрæн. Æхсæв дæр-иу хæдзарæй ахъуызыд æмæ-иу æнæхъæн хъæу йæ агурæг растадысты. Рынчын усы фыдæбон иууылдæр Раздены бинойнаг Хъоционы уæхсчытыл æрæнцад.

Кæм уыд уæды заман дохтыртæ, æмæ-иу тыхст адæм сæ сæртæ бафтыдтой дæснытæ æмæ алыхуызон хосгæнджытыл. Фæлæ дзы ахæм рынчынæн хос никæмæ уыд. Уæд сын амонæг фæцис, уый хæйрæджыты сайд у, сæ нæмттæ йын зæгъын кæнут æмæ сдзæбæх уа, зæгъгæ. Разиаты цæгатæн чи цы амыдта, уый арæзтой, донласт лæг ма хъæмпыхалмæ куыд фæлæбура, уыйау. Ахæм «бæрнон» хъуыддаг сæхимæ райстой сыхы лæгтæ.

Дарддæр æй фыссын мæ фыды мысинæгтæй. Уый æппæт дæр федта йæхи цæстæй. Цыдаид ыл иу авд азы.

Иу бон кæрты астæу ссыгътой стыр арт. Разиатæн йæ къухтыл фидар хæцыдысты, афтæмæй йæ цалдæр сылгоймаджы зæхбын къæсæй ракодтой. Рынчын усæн йæ сæр – пыхцылтæ, йæ цæстæнгас – тарстхуыз, йæ къæхтæ дзуарæвæрдтытæ кæны, афтæмæй йæ устытæ сæ фæдыл ласæгау кæнынц.

Кæрты астæу арт рынчын  куы федта, уæд ыл цыма стыр æхсызгондзинад æрцыд, уыйау ныххудт:

– Ха-ха-ха! Мæнæ ма арт федтон, ныртæккæ йæм мæхи батавдзынæн.

Фæлæ йын Дзигойты Хъарадзау уайтагъд йæ къух аркъауау æрбалвæста æмæ йæм дынджыр сауфистонджын хъама ныддардта:

– Ныртæккæ зæгъ дæ хæйрæджыты нæмттæ, æндæра дæ ам лыстæг къуыхтæ скæндзынæн! Тагъддæр!

Мæгуыр усæн йæ цæстытæ галы къæлæтты йæстæ аисты фыртæсæй æмæ йæ ‘нæсæрфат æрдиаг райхъуыст:

– У-у, дæ хорзæхæй, ма… мæ амар. Нал… нал ацæудзынæн.

– Зæгъ тагъддæр дæ хæйрæджыты нæмттæ, науæд, кæсыс! – сауфистонджын хъама цалдæр хатты уæлдæф айгæрста, – уымæй дын дæ сæр акъуырдзынæн.

– Æз… æз нал… никуыуал… – йæ сæр йæ къухтæй бамбæрста, афтæмæй утæхсæн кодта рынчын.

– Зæгъыс æви нæ?! Зæгъыс æви нæ?!  – скарз бынтондæр Хъарадзау æмæ та хъамайы фындзæй уæлæнгай фæрæхойы, зæххыл голладжы быдыргъы хуызæн хаудæй чи лæууыд, уыцы рынчыны.

Æваст топпы гæрах айзæлыд. Уый Дзапарты Гиго фехста, цæмæй хæйрæджыты сайд рынчын фæтæрса æмæ сын сæ нæмттæ сдзура.

Фæсивæдæй иу лæппу, йæ къухты гæххæтт æмæ кърандас, хæстæгдæр балæууыд Разиаты раз æмæ йæ фыссæнгæрзтæ ацæт-тæ кодта. Цы нæ вæййы, йæ хæйрæджыты нæмттæ куы сдзура æмæ сæ куынæ фехъуса. Хъуамæ сæ афысса æмæ сæ арты хай бакæна. Фæлæ мæгуыр сылгоймаг хаудæй лæууыд æмæ уынæргъыдта. Цы сын хъуамæ загътаид.

– Зæгъ сæ, зæгъ! – ныффæсус Хъарадзауы хъæлæс æмæ арты ‘рдæм ивазы рынчыны, ныртæккæ дæ цъыбыртты сыгъд бакæндзынæн, куынæ сæ зæгъай, уæд.

Хъарадзау куы бафæллад, уæд æвзидын райдыдтой иннæтæ. Цæвынц, рæхойынц, æртхъирæн кæнынц мæгуыр усмæ, фæлæ уый ницыуал дзырдта, æрмæст ма йæхинымæр хъуырдухæн кодта.

Разден нал баурæдта йæхи, йæ сæрыл тымбылкъухтæй ралæууыд, афтæмæй сæм бахатыд:

– Фарн уæм бадзурæд, нæ буц хистæртæ, фæлæ уæ курæг дæн, мауал æй  фыдæбонæй марут! Уый рынчын у æмæ уын цавæр хæйрæджыты нæмттæ хъуамæ зæгъа. Фенамонд нæ хо æмæ йын Хуыцау цы зæгъа, уый уыдзæн. Стæй йе ‘фсин Хъоционмæ баздæхт:

– Акæнут рынчыны æмæ йæ басабыр кæнут, – æмæ йæ куыствæллад армæй йæ цæссыгтæ ныссæрфта.

Ам нæ зæрдыл æрлæууы, Хъайтыхъты Азæмæты радзырдтæй иуы зæронд рынчын лæгæн йæ хæйрæджыты нæмттæ куы дзурын кодтой æмæ фыдæбонæй куыд мард. Уæд йæ уайсадæг чындз фæлæбурдта, зæронды арты хъæлæсæй раскъуыдта æмæ йæ хæдзармæ ахаста. Уый тыххæй йыл сбадт налаты ном.

Разиатмæ кæд æнæхъæн хъæуæй сæ цæст дардтой, уæддæр йæ хъысмæт алцæмæй дæр тæригъæддаг рауад. Иу æхсæв та, фæллад бинонтæ куы афынæй сты, уæд ахъуызыд хæдзарæй æмæ йæ ных сарæзта Монастъеры хъæуы ‘рдæм. Фæлæ уырдæм нал бахæццæ. Райсомы йын, дыууæ хъæуы ‘хсæн, чысыл къадайы йæ мард ссардтой.

Дзырд дæр ыл нæй, нæ фыдæлтæм адæмон хосгæнджытæ бирæ уыд. Иу æмæ дыууæйы цард нæ аирвæзын кодтой алыхуызон кæрдæджытæй, фæлæ сæм, кæй зæгъын æй хъæуы, æппаринаг æгъдæуттæ дæр бирæ уыд. Психикон рынчынтæн абон дæр хос нæй, уæд ахæм митæй куыдæй хъуамæ сдзæбæх уыдаиккой, цавæр хæйрæджыты нæмттæ хъуамæ загътаиккой? Фæлæ сæ бамбарæн дæр ис. Дохтыр куынæ уа, уæд тыхст адæймаг цынæ кæны. Цы зыдтой æмæ цы хъуыстой, уый арæзтой.

Æнæуый та, нæ фыдæлты цардæй цавæр фæнды цау æрæмысын дæр æхсызгон у адæймагæн.

Джусойты Нинæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.