Республикæ сæйраг бæрæгбон нысан кæнын райдыдта къуырисæры

Ацы фæззыгон мæйы нæ республикæйы кæддæриддæр уæрæх банысан кæнынц 20 сентябрь — Республикæйы хæдбардзинад расидыны бон.

Бæрæгбоны цытæн къуырисæры Дзауы районы центры байгом традицион ирон къæбицы равдыст. Ам сæйраджыдæр равæрдтой районы хъæууон администрацитæ цы дзаджджын хæринæгтæ æрцæттæ кодтой, æппæт уыдон. Уымæй дарддæр ма районы сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны кусджытæ сæ ахуыргæнинæгтимæ рæсугъдвæлыст тæрхджытыл равæрдтой сæ диссаджы куыстытæ дæр. Фæззыгон равдысты экспозицийы фидауц ма уыдысты бисерæй æмæ хуызджын æндæхтæй хуыд алыгъуызон нывтæ, уыдис дзы ахорæнтæй æмæ æндæр æрмæджытæй конд нывтæ æмæ фигурæтæ дæр. Автортæ равдысты адæмы рæгъмæ рахастой сæ иууыл цымыдисондæр æмæ зæрдæ кæмæй барухс уыдаид, ахæм куыстытæ. Уыимæ сæ къухвæлысты дæсныйадæй автортæ æвдисынц райгуырæн бæстæмæ сæ уарзондзинад æмæ сыгъдæг зæрдæты бæллицтæ.

Дзауы районы бæрæгбонмæ фæуазæг сты нæ республикæйы Хицауад æмæ Парламенты уæнгтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй. Уыдон зæрдиагæй раарфæ кодтой районы цæрджытæн æмæ ацаходыдтой ирон къæбицы дзаджджын хæринæгтæй.

Дзауы районы администрацийы пресс-службæйы нын куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ ацы бæрæгбонмæ цæрджытæ сæхи бацæттæ кодтой зæрдиагæй. «Бæрæгбонон ирон къæбицы равдысты хайад райстой куыд районы, афтæ хъæуты администрациты кусджытæ дæр. Се ’ппæт дæр бацархайдтой, цæмæй сæ фынгтæ рауадаиккой бæркадджын, хæрзад æмæ аив. Хорз, хъæздыг фысымтæ ирон æгъдаумæ гæсгæ æртæ уæливых, æртæ фæрск æмæ дзаггарзимæ æмбæлдысты сæ уазджытыл. Фысымтæ сæ фынгтыл равæрдтой ирон къæбицы хæринæгтæ æмæ нуазинæгтæ — уæливыхтæ, фыдызгъæл, дзыкка, задын, мисын, цымдзæхтон, къæлуа, хъæдур, мыд æмæ æндæр ахæмтæ. Уыдон фарсмæ та рæсугъд æвæрд уыдысты зады бæгæны, сæн, арахъ, къуымæл æмæ адджын дæттæ. Фынгты рафидауын кодтой дыргътæ æмæ адджинæгтæй. Ирон къæбицы равдысты фæстæ та Дзауы районы сфæлдыстадон къордтæ æмæ зарæггæнджытæ равдыстой бæрæгбонон концерт», — банысан кодтой пресс-службæйы.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.