Зынгæ ирон зарæггæнæг Икъаты Ибрагим хайад райста Андрей Малаховы шоу «Песни от всей души»-йы. Ацы программæйы фæлгæтты телеуынынады студийы Малахов æрæмбырд кæны курдиатджын адæм æмæ популярон зарæггæнджыты. Ацы хатт та телеалæвæрды йæ уазджытæй сæ иу уыд Икъаты Ибрагим. Уый сæххæст кодта йæхи фыст зарæг «Лена, Лена, Леночка».

«Бон сихорафон мæм телефонæй æрбадзырдтой æмæ мын фехъусын кодтой, зæгъгæ дæм дзурынц Андрей Малаховæй. Бафарстой мæ „Лена, Лена, Леночка“-йæ. Тынг раджы ныффыстон ацы зарæг. Раст зæгъгæйæ рох дæр ма мæ фæцис. Æвзонгæй Дзæуджыхъæуы горæты фембæлдтæн иу уырыссаг чызг Ленæйыл. Цалдæр боны йедтæмæ нæ уыдыстæм зонгæ. Бафæндыд мæ чызгыл зарæг ныффысын. Ленæимæ йыл бакуыстам иумæ», — радзырдта нын Ибрагим.

Малаховы шоуы исæн къорд æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ æмæ Икъаты Ибрагимы райгуырæн хъæу Дменисмæ æмæ йæ систой сюжет. Уый телешоуы рæстæджы радзырдта йæ бæллицтæ, йæ цардвæндаг, йæ бинонты тыххæй. Зарæг «Лена, Лена, Леночка»-йæ дарддæр ма Ибрагим сæххæст кодта йæ репертуарæй цалдæр популярон зарæджы, куыд зæгъæм, «Ирон дæн», «Дменис».

Малаховы шоумæ йемæ ахаста ирон цыхт æмæ дзы суазæг кодта студийы уазджыты. Студимæ хуынд адæмæй сæ иу, актер Олег Каменщиковы ныхæстæм гæсгæ Хуссар Ирыстон у алæмæттаджы бæстæ.

«Ирыстон у бынтон æндæр бæстæ, ис дзы бынтон æндæр атмосферæ. Цæры дзы уазæгуарзон адæм», — дзырдта уый.

Икъаты Ибрагим уæрæсейаг дыккаг къаналы Андрей Малаховы алæвæрды хайад кæй райста, уый тынг æхсызгон уыд ирыстойнаг адæмæн. Нæ зæрдæ йын зæгъы дарддæры сфæлдыстадон æнтыстытæ.

КОКАЙТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.