Ирыстоны бирææнусон историйы ирдæй æвдыст æрцыдысты йæ адæмы хæстхъомдзинад, сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыдысты йæ хъæбатыр фыртты ныфсхастдзинад æмæ æхсар, сæ хъæбатырдзинад æмæ сæ райгуырæн зæхмæ æгæрон уарзондзинад. Скифтæ, сæрмæттæ, алантæй райдайгæйæ, ирон адæм бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой æмæ бирæ туг ныккалдтой сæ зæхх, сæ нацийы, се ‘взаг æмæ традицитæ бахъахъхъæныны охыл. Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнæджы мисси ма-иу æххæст кодтой, Уæрæсейы, ССР Цæдисы знæгты ныхмæ тохты дæр.

Ахæм уæззау уаргъ æрхауд Хуссар Ирыстоны адæммæ ивгъуыд æнусы 90-æм азты дæр, нæ сыхæгтæ æгъатыр, æмæ мæнгдæр кæй разындысты, уый аххосæй. Гуырдзиаг æнæформалтæ Хуссар Ирыстонмæ куы бырстой, уæд ирон хъæбатыр фæсивæды бахъуыд æнæмсæр фыдызнаджы ныхмæ æрлæууыны сæр. Уæд нæ республикæйы нæлгоймæгтæй хæцæнгарз исыны хъом чи уыд, уыдон стихионæй æмбырдтæ кодтой, кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ амал кодта хæцæнгарз, арæзтой бархионты къордтæ æмæ гуырдзиаг лæг-бирæгъты ныхмæ тох кодтой. Уыдон не ‘рныллæг кодтой ирон лæджы хæстон цыт, ныхмæ лæууыдысты бирæминон гуырдзиаг агрессоры ныхмæ æмæ бахъахъхъæдтой сæ адæмы дæр æмæ сæ Фыдыбæстæйы дæр.

Уыцы стихион къордты командиртæ уыдысты Джиоты Алан (Парпат), Хуыбылты Валери, Коцты Гри æмæ ноджы бирæ æндæр хъæбатыртæ. 1989-1992 азтæ уыдонæн уыдысты хъæбатырдзинад æмæ æхсардзинады фæлва-рæнтæ.

Цæмæй сæ тох, сæ архайд организацигонд уыдаид, уый тыххæй 1992 азы ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны уæды къухдариуæгады уынаффæмæ гæсгæ арæзт æрцыд Хъахъхъæнынады министрад æмæ регулярон æфсад. Арæзт æрцыдысты управленийы орган-тæ æмæ æфсæддон дæлхæйттæ. Хæдæфсады къордтæ дæр баиу сты министрады æфсадимæ æмæ дарддæр службæ кодтой æмæ хъахъхъæдтой сæ райгуырæн зæхх агрессорæй.

Хъахъхъæнынады министрады сырæзтæй арæзт æрцыд ноджы иу ахадæн, ахсджиаг къахдзæф нæ паддзахады хæдбардзинадмæ.

Хъахъхъæнынады фыццаг министрæй нысан æрцыд Хуыбылты Валери, Гарзджын тыхты командæгæнæгæй та –  Джиоты Алан. Командон сконды нысан æрцыдысты, Советон Цæдисы æфсады фæлтæрддзинад чи райста, ахæм офицертæ: Тедеты Улифан, Къусраты Герсан, Къæбысты Рудик. Уыцы рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстон нымад паддзахад кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ хæстон техникæ æмæ ифтонггæрзты балхæныныл дзырд дæр нæ цыд. Фæлæ та нæ хъæбатыр хæстонтæ ацы цæлхдуры сæрты дæр ахызтысты Уыдон сæхи ифтонг кодтой, тохты рæстæджы-иу ныхмæлæууæгæй цы хæцæнгæрзтæ байстой, уый хыгъдæй.

1993 азæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады дæлхæйттæ æмæ регулярон æфсад службæ кодтой æмбæлон фæткмæ гæсгæ. Æдзухæй архайдтой сæ æфсæддон цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæныныл, афæдз дыууæ хатт-иу æрсидтысты æфсæддон службæмæ.

Сæ арæхстдзинад ирдæй равдыстой, 2004 азы июны та радон хатт Гуырдзыстоны фашистон къухдариуæгад Хуссар Ирыстоныл йæ тыхтæ бавзарыныл куы архайдта, æмæ сын сæ гарзджын тыхты нæ хæстонтæ куы фæсырдтой, уæд.

Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты хъæбатырдзинад æмæ арæхстдзинад равдисыны сæр бахъуыд,  2008 азы 7-æм августæй 8-æм августмæ æхсæвы гуманитарон барады æмæ хæстон архайдтыты æппæт нормæтæ фехалгæйæ, Гуырдзыстоны Гарзджын тыхтæ фынæй горæт алыгъуызон ставдкалиброн хæцæнгæрзтæй æхсын куы райдыдтой, æмæ горæт бацахсынмæ куы æрхъавыдысты, уæд. Уыцы хæстон архайдтыты хайад истой 15 мин гуырдзиаг хæстоны æмæ полициаджы. Ацы хатт дæр та сæ Фыдыбæстæ цытимæ æмæ хъæбатырæй бахъахъхъæдтой республикæйы æфсады дæлхæйттæ. Цалынмæ сæм æххуысмæ уæрæсейаг æфсæдтæ цыдысты, уæдмæ уыдон уыцы æнæмсæр тохы равдыстой хæстон фæразондзинад æмæ æхсар.

1989 азæй 2008 азмæ гуырдзиаг агрессоры ныхмæ лæууыны рæстæджы Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджытæй бирæтæ радтой сæ цард Хуссар Ирыстоны сабырад æмæ паддзахадон хæдбардзинады, фидæны фæлтæрты рухс фидæны тыххæй. Уæрæсейаг æфсæддонтæй дæр бирæтæ фæмард сты Хуссар Ирыстоны сæрыл тохы. Уыдоны рухс нæмттæ никуы ферох уыдзысты ирон адæмæй.

Кæд абон нæ хæстонты нал хъæуы агрессоры ныхмæ лæууыны сæр, уæддæр сæ цæттæдзинад бæрзонд кæнынц алыгъуызон æфсæддон ахуыртæ уадзгæйæ, уыдон кæддæриддæр цæттæ сты знагæн ныхкъуырд радтынмæ, уымæн æмæ махæн цы мæнгард сыхаг бæстæ ис, уымæ æппæтмæ дæр цæттæ уæвын хъæуы.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ 25 азы дæргъы Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтæ цытимæ кæй хъахъхъæнынц республикæйы æдасдзинад, ирон хæстоны хуыздæр традицитыл цайдагъ кæнынц   кæстæр фæлтæры.

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ Интеграцийы тыххæй бадзырдыл къухтæ фыст куы æрцыд, уый фæстæ дыууæ паддзахады ‘хсæн арæзт æрцыдысты æхсæнведомствойон срызыдзинæдтæ дæр. Ахæм сразыдзинад арæзт æрцыд дыууæ Хъахъхъæнынады министрадты ‘хсæн дæр æмæ æххæст цæуы фæткмæ гæсгæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.