Ирыстоны рæсугъддæр бынæттæй сæ иу Гнугъгом у. Ардыгæй хуыздæр цардагур ралыгъдысты йæ ныййарджытæ Хуыбиаты Алиханæн. Уыдысты æхсæз фырты мад æмæ фыд, фæлæ æваст дыууæ уарзæгой æмкъайы амонд фескъуыд – трагикон æгъдауæй бабын хæдзары хистæр. Царды уæз æрæнцад мады уæхсчытыл, фæлæ сæрæн сылгоймаг бафæрæзта зындзинæдтæн æмæ сыл уæлахиз кодта. Йæ хъæбултæй алчи дæр æрлæууыд йæхи сæрмагонд царды фæндагыл æмæ сæ рухс кодта йæ зæрдæ. Зæнæджы кæстæртæй сæ иу – Алихан цардæмбалæн равзæрста Мæлдзыгаты Маргойы æмæ кæрæдзи æмбаргæйæ, сæхи­цæн æмæ сæ зæнæгæн царды фæрæзтæ кæнынц. Амонд та уыдтой фæллойы æмæ йыл дыууæ уарзæгой уды сæхи никуы атигъ кæнынц. Цæрынц Къостайыхъæуы. Хъæууон адæймаг сæйраджыдæр зæххы куыст æмæ фосдардыл хæст у, æмæ сæ никуы фæиппæрд сты.

Рæстæджы цыдимæ фылдæр æмæ уæрæхдæр кодтой сæ авналæнтæ, уыимæ рæзт сæ фосы нымæц, нæ радтæг зæххы тыдтой алыгъуызон хъæууонхæдзарадон культурæтæ. Алы хъуыддагмæ дæр хъæуы хæдзардзин ахаст дарын, иузæрдион уæвын æмæ уæд дæ фæллой, дæ архайдæй рухс кæндзæн дæхи æмæ æндæрты зæрдæ дæр. Фылдæр кодта сæ фосы нымæц, уыимæ иумæ сæ продуктивондзинад дæр. Фæстæдæр Алихан сси фермерон хæдзарады хицау æмæ йæ схуыдта «Алан». Зæгъын хъæуы, районы хæдзарадты ‘хсæн ацы хæдзарад кæддæриддæр кæй вæййы раззагдæрты рæнхъы. Æнтыст та æрцæуы, хæдзарады сæргълæууæг йæ ныхасы хицау куы вæййы, сомбоны æнтыстмæ куы фæтырны, уæд. Фосдарды куыст райтынг кæныны фыдæн хорз æххуыс кæны йæ фырт Игорь. Æнцон нæу сæрдыгон тæвд рæстæджы, стæй афæдзы уазал бонты фосмæ кæсын, уыдонмæ зилын. Игорь уыцы зындзинæдтæ мурмæ дæр нæ дары æмæ сæ сæумæрайсомæй суанг изæрдалынгтæм фæхизы зад сæрвæтты. Ныртæккæ хæдзарады фыстæ æмæ сæгътæ ныма­дæуы 400 сæры. Хæдзарады ис стуртæ дæр æмæ уыдонæн та сæ нымæц у 20 сæры. Уыдонмæ та фæзилы Марго.

«Алан»-ы хæдзарад ма кæны зæххы куыст дæр.  Ацы аз дæр фæйнæ 10 гектары ба­йтыдта фæззыгæнд мæнæу æмæ хъæбæрхоры культурæтæ. Бæргæ та йæ уыд ныфс хъæздыг тыллæг райсынæй, фæлæ йын сæ, хъыгагæн, амæйразмæйы тыхджын ихуард багæндон кодта. Уæддæр хæдзардзин фæллойгæнæгæн йæ ныфс нæ сæтты æмæ кусы, фæллой кæны. Ацы бонты райдайдзæн йæ фосæн холлæгтæ цæттæ кæнын.

                                                                        ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.