Ирыстон фыдæлтæй фæстæмæ курдиаттæй цух никуы уыд. Ирон адæм æвзыгъд уыдысты æмæ абон дæр сты царды алы фадгуыты дæр – зонадæй райдайгæйæ, нывкæнынады аивад æмæ спорты къабазæй фæугæйæ.  Нывæкæнынады стыр æнтыстытæ кæмæн ис, уыдонæй иу у фыццаг ирон сылгоймаг-нывгæнæг Челæхсаты Галинæ Кимайы чызг.

Цыбыртæй йæ биографийæ. Райгуырд Дзауы районы Мугуты хъæуы зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Йæ зæрдæхæлар æмæ куыстуарзаг ныййарджытæ Челæхсаты Кима æмæ Биазырты Нуца кæд бирæсывæллонджын бинонтæ  уыдысты – Мады Майрæмы цæст сын 9 сывæллоны – 4 лæппу æмæ 5 чызджы бауарзта, (кæстæр лæппу гуыбыны баззад, сæ фыд хæстмæ куы ацыд, уæд), уæддæр сæ ницы цух уагътой, царды амæлттæ кодтой æмæ сæ афтæмæй  хъомыл кодтой. Фæлæ æмбойны сæ амондджын цард æрбайхæлд. 1941 азы райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ Кима  1941 азы фæцыд тохы быдырмæ. Фæстаг хатт йæ хъæбултыл фæцинтæ кодта, стæй сын хæрзбон загъта æмæ араст фæцу æмæ марцуйы фæндагыл. Баззадысты хæдзары дзаг бинонтæ сæ мад Нуцайы æмæ сæ хистæр æфсымæр 17-аздзыд Герсаны æвджид. Фæлæ 1942 азы хæстмæ æрсидтысты Герсанмæ дæр, уый кæд  нырма 10-æм къласы ахуыргæнинаг уыд, уæддæр. Герсан дæр хайджын фæцис йæ фыды амондæй, уый дæр ацыд фæцу æмæ марцуйы фæндагыл. 1944 азы Кимайæн йæ сау гæххæтт æрцыд, Герсан та æбæрæгæй фесæфт Кавказы сæрыл карз тохты рæстæджы.

Удыхъæдæй фидар сылгоймаг Нуца кæд йæ цæстысыгæй йæхи æхсадта йæ цардæмбал æмæ хъæбулы сæфтыл, уæддæр йæхи ныффидар кодта йæ хъæбулты тыххæй æмæ сæ алкæйы дæр царды раст фæндагыл бафтыдта. Сывæллæттæ-иу фыййау куы цыдысты, уæддæр-иу сын сæ чингуытæ семæ арвыста, цæмæй сæ ахуырæй фæстейæ ма баззадаиккой. Иууылдæр уыдысты ахуырмæ æвзыгъд, фондзæй фесты уæлдæр ахуыртæ æмæ 3 та – техникумтæ. Мæ абоны хъайтар Галинæ нырма  ахуыр кодта сæхи хъæуы райдиан скъолайы æмæ уый фæстæ та – Хуыцъейы астазон скъолайы. Ахуыр кодта хорз, фæлæ уæддæр йæ уарзондæр предмет уыд ныв кæнын. Чысылæй фæбæрæг чызгæн йæ курдиат ныв кæнынмæ. Рæсугъд, алæмæттаг æрдзы хъæбысы кæй хъомыл кодта, æвæццæгæн, ын уый дæр баххуыс йæ фидæны професси равзарынæн. Иу хатт сæ математикæ æмæ физикæйы ахуыргæнæг Пæрæстаты  Евгения,  ныв кæныны урок дæр сын амыдта, балцы акодта се скъолайы сæрмæ Мацхуарийы дзуары бынмæ. Ацы бынаты ис  æнахуыр алæмæттаджы æрдз, рæсугъд нæзы бæлæстæ. Ахуыргæнæг сæм бахатыд, цæмæй сныв кæной æрдзы рæсугъддзинад куыд æй уынынц, афтæ-мæй.

Иууыл хуыздæр сныв кодта Галинæ æмæ йын Евгения нывæрдта «5+». Уый фæстæ цыма Галинæйыл исчи базыртæ басагъта, уыйау нал æфсæст ныв кæнынæй, чи сæ фæнымайдзæнис цал æмæ цал хатты сныв кодта сæ комбæсты алæмæттаджы æрдзы рæсугъддзинæдтæ, уыдоны. Чызджы курдиат æнæ рахатгæ нæ фæцис йе ‘фсымæр Раман æмæ куыддæр 8-æм кълас каст фæцис, афтæ йæ барвыста Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндонмæ.

Галинæ  абон дæр  хорз хъуыды кæны бацæуæн фæлварæнты сын сныв кæныны тыххæй сæ разы цы дурын æрæвæрдтой, уый. Чызджы къухты æнцонтæй бафтыд йæ хæслæвæрд сæххæст кæнын æмæ дзы кæд конкурс уыд, уæддæр 1953 азы ссис Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндоны 1-аг курсы студент. Курсы æдæппæтæй уыдысты 10 адæймаджы, дыууæ дзы уыдысты бынæттон цæрджытæ æмæ иннæтæ та – æрцæуæггæгтæ. Уыдонæй цыппар уыдысты уырыссæгтæ.

Курсы Галинæ  иунæг чызг кæй уыд, уый тынг бандæвта хъæууон, æфсæрмдзæстыг чызджы ахуырыл. Фæлæ йæ фарсмæ балæууыд йæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Джиоты Аннæ. Æмæ, мæнæ диссаг, 2-æм курсы цыма чызджы исчи ивгæ бакодта, уыйау райхæлд æмæ йе ‘мкурсонты разæй фæцис алы предметæй дæр. Йæ ахуыргæнджытæ уыдысты Кокойты Заретæ, Къæбысты Къола, Дыгъуызты Георги, фæлæ дзы уæлдай тынгдæр бахъуыды кодта Гасситы Умар æмæ Санахъоты Барисы – курсы кураторты.

Челæхсаты Галинæ дипломон куыстæн равзæрста  «Æлвисæг чызг»-ы портрет. Йæ хо Феняйы йæ разы æрбадын кодта æмæ йæ натурæйæ сныв кодта. Дипломон куыстæн скодтой стыр аргъ. Бирæ рæстæджы кондæй фæцис нывгæнæн ахуыргæнæндоны къулыл æмæ йæ уый фæстæ ахуыргæнæндоны директор Хъотайты Гриша балæвар кодта, Цхинвалы цы æфсæддон хай уыд, уымæн. Курдиатджын чызг йæ ахуыр адарддæр кодта Тбилисы нывгæнæн академийы. Уым ын алы æфсæнттæй йæ документтæ нæ истой, фæлæ чызг йæхион акодта æмæ ссис академийы студенткæ. Бацæуæн фæлварæнты фондз предметæй дæр райста фæндзтæ. Уайтагъд ыл сæ цæст æрæвæрдтой академийы ахуыргæнджытæ – ассистенттæ Махарадзе, Тотибадзе, Къахниашвили, йæ курсы профессортæ Кутателадзе Аполлон, Кобуладзе, Шухаев, Габашвили æмæ æндæртæ. Ацы академийы ма ахуыр кодтой Гасситы Æхсар, Чилæхсаты Валодя, Уанеты Алыксандр (Шура). Æхсызгон сын уыд, ирон чызгæй æппынæдзух кæй æппæлыдысты, æмæ-иу æй арæх абæрæг кодтой, стыр аргъ кодтой йæ арæхстдзинадæн. Арæх-иу æрбамбырд сты, Тбилисы ахуыргæнæндæтты цы ирæттæ ахуыр кодтой, уыдон – Козаты Аксенти, Коцты Юри, Цоциты Зауыр, Джиоты Петя æмæ æндæртæ. Се ‘хсæн Галинæ уыд иунæг чызг æмæ-иу ын фæарфæтæ кодтой, зæгъгæ, ды дæ фыццаг ирон сылгоймаг-нывгæнæг. Челæхсаты чызджы  дипломон куыст хуындис «Фæндагаразджытæ» æмæ йæм фау æрхæссæг нæ разындис.

1963 азы Тбилисы академи æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ æрыздæхт Цхинвалмæ æмæ кусын райдыдта Тугъанты Махарбеджы номыл Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндоны ахуыргæнæгæй. Бакуыста дзы дыууæ азы. 1955 азы кусын райдыдта Цхинвалы сывæллæтты нывгæнæн скъолайы æмæ дзы фæкуыста 2001 азы онг, ома, 46 азы. Уал азы дæргъы йæ зонындзинæдтæ æнæвгъауæй амыдта. Йæ къухтæй рацыдысты курдиатджын нывгæнджытæ: Чилæхсаты Магрез, Асаты Аллæ æмæ Рудик (дзæнæттаг), Гобозты Азæ, Пухаты Инал, Æлборты Марат, Æлборты Æхсар æмæ бирæ æндæртæ. Афтæ ма стыр æххуыс фæцис Бедойты Шалвайæн дæр. Нывгæнæн скъоламæ чызджытæ кæй нæ цыдысты, уый йæм раст нæ каст, зылд скъолатыл æмæ æмбырд кодта чызджыты. Галинæйы фæрцы сылгоймæгтæй бирæтæ систы нывгæнджытæ.

Курдиатджын нывгæнæгæн бантыст бирæ нывтæ сфæлдисын: «Зæронд лæджы портрет», «Æвзонг лæппуйы портрет», «Фæндагаразджытæ», «Хæххон пейзаж», «Бæрзбæлæстæ», «Суадоны цур», «Этюд», «Хæххон хъæу», «Къæвдайы фæстæ», «Хæххон цæугæдон», «Хæххон къахвæндаг», «Хосгæрдæн», «Зымæгон пейзаж, «Лигъдæттæ», «Зæххæнкъуыст» æмæ  æндæртæ. Æппæт йæ куыстытæ дзурæг сты Галинæйы стыр курдиатыл. Хуызты хъæздыгдзинад, йæ нывты хъармдзинад  сты йæ характерон хицæндзинæдтæ. Нывгæнæджы куыстытæ æнтыстджынæй æвдыст цыдысты областон, республикон æмæ регионалон равдыстыты, семæ зонгæ кодтой раздæры Советон Цæдисы пейзажон нывкæнынадæн аргъгæнджытæ. Йæ куыстытæй бирæтæ лæвæрд æрцыдысты музейтæн, организацитæн. Ивгъуыд аз Мæскуыйы уыд нывгæнджыты равдыст. Уым равæрд æрцыдысты Челæхсаты чызджы дыууæ куысты æмæ сын скодтой стыр аргъ, æгæрыстæмæй, сæ æлхæнджытæ дæр уыд, фæлæ сæ йæхи фæндонмæ гæсгæ фæстæмæ æрластой. Нæ горæты нывгæнджыты равдыстыты залы дæр æвæрд сты Галинæйы конд нывтæ æмæ сын ис стыр æнтыст.

Галинæимæ нын бацайдагъ ныхас, æрæмысыд йе ‘взонджы, йе студентон бонтæ дæр æмæ йæм адæймаг хъусынæй нал æфсæст. Куы йæ афарстон, зæгъын, дæ цардæмбал Æлборты Хадзы-Умаримæ (зынгæ ирон фыссæг, абон дзæнæттаг) куыд базонгæ стут, уæд мын æфсæрмгæнгæйæ афтæ радзырдта: «1955 азы Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндоны куы ахуыр кодтон, уæд мæ мæ ахуыргæнæг Дыгъуызты Георги барвыста ирон кафты кружокмæ, уæд æнæмæнгæй хъуамæ зыдтаис кафын. Хадзы-Умар ахуыр кодта педтехникумы æмæ уый дæр цыд кафты кружокмæ æмæ мæ фыццаг хатт уым федта. «Симд» кафыны рæстæджы æрхаудыстæм иумæ… цалдæр азы фæзылд мæ фæстæ æмæ Тбилисы академи каст куы фæдæн, уæд нæ цард баиу кодтам. Фæцардыстæм æмуд, æнго-мæй, кæрæдзи æмбаргæйæ». Дыууæ  цардæмбалæн зæнæгæй рацыд дыууæ чызджы æмæ иу лæппу – Æхсæртæг, Агуындæ æмæ Ацырухс. Ирондзинадæн тынг кæй аргъ кодтой, уымæ гæсгæ æртæйыл дæр сæвæрдтой ирон нæмттæ. Æртæ дæр царды аккаг бынат ссардтой. Каст фесты уæлдæр ахуыргæнæндæттæ. Æхсæртæг равзæрста йæ мады дæсныйад, уый дæр у курдиатджын нывгæнæг. Æртæ хатты уыд РХИ-йы Нывгæнджыты цæдисы сæрдар.

Галинæйыл азтæ кæд сæ уæззау фæд æруагътой, уæддæр дарддæр кæны йæ уарзон архайд. Сныв кодта 50 куыстæй фылдæр. Кæсын ын йæ конд нывтæм æмæ мæхинымæры хъуыды кæнын, цахæм уарзтæй хъуамæ уарзай дæ дæсныйад æмæ дзы фæллайын ма зонай, дæ уды хъарм сæ æвæрай. Цал хатты сæм бавнæлдтаид йæ сыгъзæрин къухтæй!  Челæхсаты Галинæ у куысты ветеран, лæвæрд ын æрцыд «РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг»-ы æмæ «РХИ-йы сгуыхт нывгæнæг»-ы кадджын нæмттæ.

Абон, 17-æм ноябры йæ юбилейон райгуырæн боны кæд йæ фарсмæ йæ уарзон цардæмбал нал ис, уæддæр  йæ алыварс æрбамбырд уыдзысты йæ хъæбултæ, йæ хъæбулы хъæбултæ, йе ‘ввахс адæймæгтæ æмæ та йын зæрдæбын арфæтæ фæкæндзысты æмæ та куыстуарзаг сылгоймаг дæр йæхицæй амондджындæр никæйыуал æнхъæлдзæн.

Галинæ, мах дæр дын арфæ кæнæм дæ юбилейы цытæн. Нæ зæрдæ дын зæгъы æнæниздзинад æмæ амондджын цард дæ хъæбултимæ!

ДЖИОТЫ Екатеринæ