Ӕгас дунейы паддзахадтæ зонадон-техникон прогрессы руаджы се рвылбонон куыстмæ хæссынц ивындзинæдтæ. Азæй-азмæ мысынц ног техникон ифтонггæрзтæ æмæ адæймаг фæхъуыды кæны, ома ныр та ма цæмæн ис æрымысæн, цы ма ис гæнæн фæхуыздæр кæнæн. Фæлæ та рæстæг рацæуы, æмæ та ног ивындзинæдтæ фæзыны. Зæгъæм, сæдæ азы размæ фабрикæйы иу мин кусæджы цы продукци уагътой, уыцы куыстыл ныр фæтых вæййынц æрмæст сæдæ кусæджы. Æмæ уый иууылдæр техникон прогрессы фæрцы.

Ныры дуджы ивындзинæдтæ банкъардтой алы сферæйы дæр, куысты процесс бирæ уагдæтты æмæ куыстуæтты цæхгæр фæивта, иннæ рæтты та фендæргъуызон сты. Уæлдайдæр та коронавирусон пандемийы рæстæджы бар-æнæбары бахъуыд æндæр методтæй кусын, ома дистанцион хуызы.

Мидхъуыддæгты министрады рагæй цыд дзырд, суанг ма пандемийы размæ дæр, цæмæй оперативон æмбырдтæ уадзой видеоконференцийы хуызы, ома видеобастдзинад саразой милицийы дæлхæйдтимæ æмæ рæстæг ма сафой фæндæгтыл цæугæйæ. Ахæм методæй рагæй пайда кæнынц Уæрæсейы æмæ æндæр бæстæты дæр, æмæ йæ нымайынц эффективоныл. Уымæ гæсгæ, æлхæд æрцыдысты хъæугæ техникон ифтонггæрзтæ, сарæзтой бастдзинад горæты æмæ районты управленитимæ, стæй милицийы иннæ дæлхæйттимæ дæр.

Дыццæджы Мидхъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Мераб фыццаг хатт ауагъта радон оперативон æмбырд видеоконференцийы хуызы. Хайад дзы райстой йæ хæдивджытæ, кæцытæ бадтысты йæ фарсмæ, æмæ милицийы дæлхæйтты хистæртæ, кæцытæ та æмбырды хайад истой видеобастдзинады руаджы. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы селекторон æмбырд кæй куыста тестон режимы, кæцыйы рæстæджы бахынцыдтой видеобастдзинады гъæд, æмбырды формат, цы ма дзы ис фæхуыздæр кæнæн æмæ афтæ дарддæр.

Æмбырды рæстæджы æрдзырдтой фæстаг къуырийы дæргъы нæ республикæйы æрцæугæ цаутыл. Уæлдай хъусдард аздæхтой фæндагон-транспортон цаутæм, уымæн æмæ æрæджы дыууæ адæймаджы бахаудтой автомашинæты бын æмæ сæ къæхтæ ацъæл сты, афтæмæй сæ иу разынд æнæххæст кары сывæллон. Пухаты Мераб хæслæвæрд ратта, цæмæй милицийы кусджытæ фылдæр хъусдард здахой профилактикон мадзæлттæм.

Нæ баззадис рохуаты коронавирусон низ дæр, – ведомствойы сæргълæууæг бафæдзæхста, зæгъгæ милицийы раз Оперативон штаб цы хæстæ сæвæрдта, уыдон сæххæст кæнын хъæуы æмбæлон æмвæзадыл.

Уымæй уæлдай ма æмбырды дзырд цыд аппаратон-программон комплекс «Æдас горæт»-ыл дæр, кæцыйы ифтонггæрзтæ ныридæгæн æвæрд цæуынц республикæйы фæндæгтыл æмæ ацы куыстытæ æххæст кæны хуссарирыстойнаг фирмæ «Юг-Телеком». Пухаты Мераб банысан кодта, зæгъгæ, нывисæн æмæ видеофыссæн камерæтæ хорз кусынц æрмæстдæр æмбæлон уавæрты, ома фæндæгтыл хъуамæ раст æвæрд уой фæндагон нысæнттæ, урс хæххытæ кæм хъуамæ уа, уыдон дæр хъуамæ зыной дзæбæх, æмæ камерæты ма хъуамæ хъыгдарой бæлæсты къалиутæ æмæ æндæр исты предметтæ. Ведомствойы сæргълæууæг бахæс кодта горæты милицийы управленийы сæргълæууæгæн, цæмæй барвитой фыстæг горæт Цхинвалы администрацийы къухдариуæгадмæ æмæ аиуварс кæной æппæт цухдзинæдтæ.

Ахæм форматы æмбырд ауадзынæй йæ хайадисджытæ баззадысты райгондæй, кæд æмæ дзы чысыл хъæндзинæдтæ уыдис, уæддæр. Дарддæр селекторон æмбырдтæ уадздзысты арæхдæр, уымæн æмæ ныридæгæн дæр бæрæг у йæ пайда.

ДЖИОТЫ Алыксандр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.